Дæ куыст куы уарзай…

0
230

 

Доваторы уынджы цæрджытæ хъæууон ирон сыхы хуызæн гыццыл не сты, уымæн æмæ бæрзонд, фарастуæладзыгон хæдзæртты бирæ адæм цæры. Кæрæдзи зонынц, æнгом сты сæ алы хъуыддæгты: бæрæгбæттæ, цинтæ æмæ бирæ æндæр хабæртты. Алкæй кой сæ нæ кæндзыстæм, фæлæ мæ фæнды зæгъын сæ иуы тыххæй. Уый у «Мыхуыры хæдзар»-ы рауагъдадон-полиграфион куыстуат, Акционерон æхсæнад «Полиграфсервис»-ы кусæг Дыгъуызты Къиазойы фырт Валери.

Ацы ран Валери кусы дыууиссæдз азы, йæ разамындæй коллектив архайы бæстон, æнæкъуыхцыйæ, мыхуыры рауадзынц чингуытæ, æрвылбоны газеттæ æмæ журналтæ, цæмæй сæ заказчиктæ афойнадыл райсой.

Заказтæ æмбырдгæнæн цехы разамонæг Дыгъуызы-фырт йæ куысты мидæг йæхицæй куыд домы, афтæ йе ‘мкусджытæй дæр: афойнадыл бæрнон бынаты уæвын æмæ продукцийы хæрзхъæддзинадыл архайын. Иу адæймагмæ дæр хъæр ныхас никуы скодта, зулцæстæй никæмæ бакаст, уымæн æмæ рагацау цыбыр æмбырды æрныхас кæнынц боны фæткыл, цы æмæ куыд архайдзысты, алчидæр йæ бынаты бæрнондзинад райсгæйæ. Ахæм æнгом ахастдзинад разамонæг æмæ кусджыты ‘хсæн æнæмæнг хъæугæ кæй у, уый хорз зоны Валери. Дыгъуызы-фырт афойнадыл бæстон фены продукци æмæ йын сбæрæг кæны йæ хæрзхъæддзинад.

Куыстуарзаг, рæстзæрдæ лæг, æгъдаухæссæг, бинонты хистæр у ныфсы мæсыг йæ буц кæстæртæн. Кæддæр йæ ныййарджытæ Дыгъуызты Къиазо æмæ Гаглойты Шурæйæ райста бирæ фæдзæхстытæ цард-хуыздæрæн æмæ сæ, абон раст фæндагыл цæугæйæ, æххæст кæны, цæмæй йæ мыггаг, бинонты кад æмæ цæсгом адæмы ‘хсæн уой æнæбафаугæ, æхсæнад æмæ кæстæртæн та –  дæнцæг.

1978 азы Дыгъуызты Валери Дзæуджыхъæуы 1-аг полиграфион училищæ каст куы фæци, уæд æм хицæнæй уыдис студентты – полиграфистты къорд,
ахуыр сæ кодта хъæбæрцъар чингуытæ бийын, аразын. Фæстæдæр йæ дæсныйад тынг бауарзта æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыдис йæ профессионалон дæсныйадыл дарддæр ахуыр кæнынмæ Мæскуымæ.

Ахуыры фæстæ Мыхуыры хæдзары ныр дыууиссæдз азмæ ‘ввахс кусы æмбырдгæнæн цехы разамонæгæй. Ацы ран уадзынц журналтæ, чингуытæ æмæ ма бирæ æндæр алыхуызон продукци.

Дæсны профессионал Валерийæн йе ‘мкъай Дыгъуызты-Дзигойты Замирæтимæ ис рæсугъд кæстæртæ æмæ уыдоны цот.

Доваторы сыхбæсты Валери, куыд хистæр, вæййы лæггадгæнæг,
æрхъуыдыджын, æххуысагур. Курдиатимæ йæм чи бацæуы, уыдоныл йæхи никуы атигъ кодта. Хиуæтты, къабæзты, мыггаджы ‘хсæн у арфæйаг, нымад лæг.

Ацы аз Дыгъуызты Къиазойы фырт Валерийæн у юбилейон. Алцы ‘мбарæг, уæздан, æнæуæлдай ныхас, хæрзуд, адæмæн уарзон адæймаг Валери, уæлахизæй фæцæр бирæ азты, æмæ дæ адæмы хорзæх уæд!

Бызыккаты Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here