Адæймаг йæхицæн ном æмæ кад йæ хорз хъуыддæгтæй кæны. Бирæ хорз адæмтæ ис нæ царды, йæ фыдæлты рох чи нæ кæны æмæ сын се ’гъдæуттæ, сæ фарн кадимæ чи хæссы.
Ахæм адæймаг уыд Базраты Адзисы бинойнаг, Тменыхъæуы цæрæг Платы Замырзæйы чызг Фаризæт. Майрæмададжы йæ рæстæджы номдзыд лæг, æхсидгæ коммунист Базраты Алиханы чызг Альмæйы хъомылгæнæг мад. Адзис æмæ Алихан уыдысты æфсымæртæ, цардысты иумæ. Альмæйы ныййарæг мад уыд хъахъхъæдуйраг Дыгурты Базейы чызг Гасимæт.
Алкæмæн дæр зындгонд у, 1941 азы кæй райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Уæдæ 1942 азы Майрæмададжы цы тугкалæн тох цыд, уый дæр историйы баззад. Раст уыцы рæстæг, куыд æппæт хъæубæстæ, афтæ ацы бинонтæ дæр алыгъдысты хъæдмæ, Гасимæтæн йæ ноггуырд чызг Альмæ йæ хъæбысы, афтæмæй. Ам хъæды мад æрбарынчын æмæ йæ цардæй ахицæн.
Альмæ баззад æртæмæйдзыдæй йæ фыды æфсымæры бинойнаг Фаризæты бар. Фаризæтæн йæхицæн уыд чызг Дунетхан æмæ лæппу Эльбрус. Альмæйы хистæртæ уыдысты фондз хойы: Дунетхан, Дибæхан, Зæрæдинæ, Терезæ æмæ Беллæ. Афтæмæй Фаризæт хъомыл кодта йæ дыууæ хъæбулы æмæ йæ тиуы сидзæрты.
Фæстæдæр Алихан йæ цард баиу кодта Хосроты Шамилы чызг Тамарæимæ. Рацыд сын цот – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы: Ленæ, Ларисæ,
Батрадз æмæ Азджери. Дыууæ файнусты хастой иумæ уал сывæллоны. Кæд ацы цыппарæн уыд мад, уæддæр Фаризæты хуыдтой мамæ, афтæ уыд, цалынмæ цард, уæдмæ. Фесты каст скъола, райстой хорз дæсныйæдтæ. Æртæ хойæ – медицинон кусджытæ, сæ иу та – ахуыргæнæг. Афтæ – се ’ппæт дæр. Дунетхан уыд сæ хистæр.
1941 азы каст фæци Махачкалайы медицинон техникум æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны сывæллæтты рынчындоны. Фæлæ, хъыгагæн, йæ къухы нæ бафтыд йæ уарзон дæсныйадыл кусын. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Дунетханмæ фæсидт æфсæддон комиссарад хæцæг æфсады рæнхъытæм.
Дунетхан хæсты фæндæгтыл фæцыд кæрæй-кæронмæ. Лæвæрд ын æрцыд бирæ хæрзиуджытæ. Уый не ’хсæн нал ис, фæлæ рох нæу мыккагæй, къабæзтæй. Хæсты ветеранты кой куы фæкæнынц, уæд алы хатт дæр æрхъуыды кæнынц Базраты Алиханы æрыгон чызг Дунетханы.
Альмæ техникум каст куы фæци, уæд кусын райдыдта пианинæтæ аразæн фабрикæйы. Ам фæкуыста, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Йæ амонд ссардта, æркуывта Гаглойты хæдзармæ. Схъомыл кодта чызг Заремæ æмæ лæппу Аланы. Алан райста юристы дæсныйад. Заремæ ссис медицинон хо. Хъыгагæн, Заремæ фæрынчын æрыгонæй æмæ йæ цардæй ахицæн. Алан йæ цард баиу кодта Джыккайты Сосланы чызг Светæимæ. Альмæйæн балæвар кодтой дыууæ хъæбулы хъæбулы – Снежанæ æмæ Арсæмæджы. Уыдон ныртæккæ Альмæйæн сты йæ царды дидинджытæ, йæ ныфс, йæ хъару.
Раст фæзæгъынц, алцыдæр райдайы æмæ цæуы бинонтæй. Альмæ, йæ хотæ æмæ æфсымæртæ сæ хистæртæй цы федтой, уый сты уыдон дæр. Абоны онг цæрынц æнгом æмæ уарзонæй.
Мах, Майрæмададжы Базраты чындзытæ, хистæрæй кæстæрмæ Альмæйæ стæм стыр бузныг. У нæ уарзон хистæр, зондамонæг æмæ аудæг. Æнæниз, æнæмастæй дыл дæ цард цæуæд цъæх арвы бын. Сылгоймаджы амондæй хайджын ут.
Базраты-Плиты
Валентинæ, фæллойы ветеран














