Хæрзиуджытæ – Европæйы ерыстæй

0
196

Албанийы сæйраг горæт Тиранæйы уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы фыццаг бынат бацахсыныл цы ерыстæ цыди, уым ирон богæлттæ рамбылдтой дыууæ хæрзиуæджы.

86 кг онг уæзы Уæрæсейы номæй хæцæг Багаты Арслан иттæг хорз рахæцыд йе ‘ртæ ныхмæлæууæгимæ æмæ сыл фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Хъыгагæн, æрдæгкæронбæттæны æнæнхъæлæджы фæхæрд Францы номæй хæцæг цæцæйнаг богал Рахим Магомадовæн, æмæ ма йын фадат уыд 3-аг бынатыл атох кæнынæн. Арслан уыцы гæнæнæй спайда кодта æмæ бацахста 3-аг бынат. Ацы уæзы йæхи сæрæнæй равдыста Азербайджаны номæй хæцæг ирон богал Джиоты Арсений. Уый фæд-фæдыл фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд Рахим Магомадовимæ. Джиойы-фырт ацы фембæлды дæр уыд зынгæ арæхстджындæр æмæ фæуæлахиз 9:2 хыгъдæй. Арсений Азербайджаны командæйæн рамбылдта сыгъзæрин майдан.

Уæрæсейаг богæлттæ фæуæлахиз сты æхсæз уæзы, фæлæ сæ уæлахизтæ командон хыгъдмæ хаст не ’рцыдысты, æмæ афтæмæй командæты ’хсæн 1-аг бынат лæвæрд æрцыд Азербайджанæн.

Тиранæйы ерысты Европæйы 1-аг бынæттæ бацахстой: 57 кг – Лев Павлов (Уæрæсе), 61 кг – Левик Микоелян (Сомих), 65 кг – Амаль Джандубаев (Уæрæсе), 70 кг – Магомед-Эми Эльтемиров (Уæрæсе), 74 кг – Исмаил Ханиев (Уæрæсе), 79 кг – Арсен Балаян (Уæрæсе), 86 кг – Джиоты Арсений (Азербайджан), 92 кг – Мухамед-Тахир Ханиев (Уæрæсе), 97 кг – Владислав Козлов (Белорусси), 125 кг – Георгий Иванов (Болгари).

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here