Полинæ Конева – дыууæ хатты уæлахиздзау

0
153

Саранскы «Шамиль Тарпищевы Кубок» рамбулыныл теннисæй цы Æппæтуæрæсеон турнир уыди, уым æнтыстджын рауад ирыстойнаг теннисисткæ Полинæ Коневайы архайд.

Тренер Багаты Учайы хъомылгæнинаг уæлахиздзау ссис сылгоймæгты ’хсæн, иугæйттæй ерыс кæнгæйæ æмæ дыгæйттæй æмхæццæйæ ерысты дæр.

Иугæйттæй ерыс кæнгæйæ, Полинæ сæрæн хъазт акодта фондз ныхмæлæууæгимæ æмæ бацахста фыццаг бынат.

Æмхæццæ хуызы Татарстаны минæвар Илья Мосолкинимæ хъазгæйæ дæр сæ архайд рауад æнтыстджынæй, æмæ кæронбæттæнмæ рацыдысты æнæкъуыхцыйæ. Уым сæ ныхмæлæуджытæ уыдысты: Устинья Автаева (Рязань) æмæ Иван Самстыко (Мæскуы). Ацы фембæлды дæр Полинæ æмæ йæ хъазæг æмбал Илья Мосолкин уыдысты æмзонддæр, æмæ сæ архайд рауад арæхстджындæр. Полинæ æмæ Илья фæуæлахиз сты 2:1 хыгъдæй æмæ систы турниры уæлахиздзаутæ.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here