Нывты  равдыст

0
241

Мæскуыйы ирон æхсæнады бæстыхайы байгом Цæллагты Викторы конд нывты равдыст.

Ирыстоны алæмæты æрдз, стæй нæ адæмы цард æмæ æгъдæуттæ æвдисæг уацмыстæ фенынмæ æрбацыд бирæ аивадуарзджытæ. Экспозицийы æвæрд мидисджын, нæ алфамбылай цард æппæтвæрсыг уагæй æвдисæг куыстытæ амынд бæстыхаймæ æрбацæуæг адæймæгтæм æхцон æнкъарæнтæ кæй æвзæрын кæнынц, уый дызæрдыггаг нæу.

Цæлладжы-фырт бузныг зæгъы равдыстæн фадæттæ саразæг Батырты Сослан æмæ къамисæг Гæлиты Стасæн.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here