Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн – æппæтвæрсыг æххуыс

0
210

Цæгат Ирыстоны ныр дыккæгæм аз ахадгæ куыст кæны федералон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайад. Фонды специалисттæ абоны онг бакуыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты 5,7 мин курдиатæй фылдæрыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй амынд структурæ фæзынд Уæрæсейы Президент Владимир Путины хъæппæрисæй. Фонды архайды сæйрагдæр нысан у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг социалон æххуыс æмæ лæггæдтæ кæнын.

Фонды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныртæккæ йæ бæрны сты 3,7 мин адæймагæй фылдæр. Уыдоны нымæцы: сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, хæсты быдыры хъыгдард чи баййæфта, уыцы службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæ.

Уыцы адæмæй фонды специалисттæ ныронг райстой алыхуызон 6,5 мин курдиатæй фылдæр. Уыимæ, абоны онг 5,7 мин курдиаты фæдыл хаст æрцыдысты бæлвырд уынаффæтæ: кæмæн сарæзтой хъæугæ гæххæттытæ, кæмæн радих кодтой реабилитацийы техникон фæрæзтæ, кæмæн бакодтой æндæр социалон æмæ барадон æххуыс…

Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы бæрны бирæ фарстатæ ис. Æфсæддонтæн уым аразынц юридикон консультацитæ, ифтонг сæ кæнынц æмбæлгæ документтæй, медицинон реабилитацимæ сæ ‘рвитынц, куысты бынæттæ сын бацагурынц æмæ афтæ дарддæр. Уымæй уæлдай, фонды хъæппæрисæй æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæ арæх свæййынц алыхуызон культурон-хиирхæфсæн æмæ спортивон мадзæлтты уазджытæ дæр.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг æххуыс ныртæккæ нымад у паддзахады ахсджиагдæр хæстæй иуыл. Уыцы нысаныл федералон Хицауад æмæ регионты æмвæзадыл ахадгæ куыст цæуы…

 СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here