Дзæуджыхъæуы Цент-рон библиотекæйы цыппæрæм филиалы уыд ном-дзыд ахуыргонд, фыссæг, драматург, публицист, поэт, æхсæнадон арха-йæг Джусойты Нафи æмæ йе ‘фсымæр, зындгонд поэт Хаджеты Таймуразы
номарæн юбилейон изæр. Йæ бацæттæ кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой Центрон библиотекæйы филиал æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусджытæ Цхуырбаты Сергей æмæ Æлборты Азæ.
Номарæн изæры архайдтой нæ республикæйы Фысджыты цæдисы разамынд æмæ уæнгтæ, Республикæ Цæгат Ирыстоны Национ музей æмæ йæ филиалты зонадон кусджытæ, æхсæнадон змæлд «Аланты ныхас»-ы уæнгтæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ.
Нæ литературæйы, зонады зындгонд æмæ курдиатджын дæснытæ Джусойты Нафи æмæ йе ’фсымæр Таймураз, куыд зæрдиаг фæллой кодтой, сæ цард æмæ зонд, зæрдæйы хорзæх сæ рæзтæн куыд удуæлдайæ снывонд кодтой, уый тыххæй номарæн
изæры бæлвырд радзырдтой Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусджытæ Цхуырбаты Сергей æмæ Гасанты Валери, Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, зындгонд прозаик Цомартаты Изæтбег, Национ музейы хайады сæргълæууæг, историон наукæты кандидат Козаты Петр, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт, фыссæг, публицист Хохойты Энвер, нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Хабæты Риммæ, æхсæнадон змæлд «Аланты ныхас»-ы нымæрдар Уруймæгты Людмилæ, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ, æхсæнадон архайæг Агънаты Хъауырбег.
Дзæуджыхъæуы скъола-гимназы ахуырдзаутæ аив бакастысты Джусойты Нафи æмæ йе ‘фсымæр Таймуразы алы азты фыст æмдзæвгæтæ. Номарæн изæры ма аудио фыстæй зæлыдысты ирон хъæбатыртыл арæзт адæмон зарджытæ.
Сæрмагондæй номарæн изæрмæ Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы цыппæрæм филиал æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы кусджытæ бацæттæ кодтой нæ национ литературæ æмæ зонады зиууæттæ Джусойты Нафи æмæ Таймуразы цард, литературон æмæ зонадон бирæвæрсыг архайд æвдисæг æрмæджыты мидисджын равдыст.
АНВАРАТЫ Валери














