Секъа цы дуджы цардис, уымæй уæззаудæр æмæ тыхстдæр уавæртæ, æвæццæгæн, никæцы заманты уыд. Йæхи цæстытæй бирæ диссæгтæ федта æмæ йæ уд цытæ бавзæрста, уыдон фæстæдæр йе сфæлдыстады ирдæй равдыста.
Æрмæст историон цау: гуырдзиаг æлдар сывæллæтты бæхты къæхты бын куы банай кодта уæд, уыцы бæллæхæн ныффæразынæн цавæр уды фидар хъуамæ уыдаид адæймагæн! Уæдæ йæ хъæбул, Цомахъ ахст куы æрцыд, уæд цы цæссыгтæ фæкалдта Секъа, йæ лæппумæ-иу ахæстонмæ куы фæцæйцыд, уæд-иу йæ фæндаг цыбырдæр нал кодта. Скъолайы нын ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Рæмонты-Атайты Татьянæ Секъайы мæгуыр царды хабæрттæ куы дзырдта, уæд-иу нæ зæрдæтæ суынгæг сты. Афтæ нæ бацагайдта фыссæджы хъысмæт. Уæлдай тынгдæр мæ абон дæр нæ рох кæны «Арагуийы Ерыстау æлдар».
Чи зоны, исчи зæгъдзæн, уый аивадон уацмыс у, зæгъгæ. фæлæ Секъайы уацмыстæ æрымысæггаг не сты, се ‘ппæтæн дæр ис æцæгдзинады бындур. Йæ заманы цард куыд уыдта, цытæ цыдис, уыцы хабæрттæ.
Секъайы цард æмæ сфæлдыстадыл историиртасджытæ, филологтæ æмæ фысджытæ бирæ ныффыс-той, фæлæ æз газеткæсæджы размæ рахæсдзынæн, Абайты Васо 1965 азы фыссæджы тыххæй журнал «Мах дуг»-ы кæй ныммы-хуыр кодта, уыцы уацхъуыд. Уыимæ дзы иунæг дзырд дæр нæ аивтон, афтæмæй.
«Ирон литературæ срухс ис дыууæ намысджын номæй: стыр поэт Хетæгкаты Къоста æмæ Гæдиаты Секъайæ. Секъайы амардыл дæс азы куы рацыд, уæд йæ фырт Цомахъ, зынгæ фыссæг æмæ æхсæны кусæг, фыста: «Секъайæн йæ фыстытæ, уæлдайдæр та йæ таурæгътæ мыхуыргонд куы æрцæуой, уæд ноджы хуыздæр сбæрæг уыдзæни, цы зæрдæйы хицау уыди фыссæг, цы фæндиæгтæ, цы сагъæстæй уыд дзаг йæ хуылф, цы хъуыдытæ йæм уыдис» (газет «Рæстдзинад», 1925 аз, 23 июль).
Гæдиаты Секъа рай-гуырд Хъуды комы, Арагуийы донмæ хæс-тæг, хъæу Ганисы. Йæ фыд Куыцыри уыд мæгуыр хохаг лæг, курдиат-джын таурæгъгæнæг. Куыцырийы фæндыд йæ иунæг фырты ахуыры фæндагыл саразын, фæлæ бирæ рæстæ-джы дæргъы йæ къухы не ‘фтыд. Æрмæст,
Секъайыл 15 азы куы сæххæст, уæд æй гуырдзиаг диакъонмæ ахуырмæ ратта, уый уæд Ганисы куыста. Лæппу базыдта кæсын æмæ фыссын. Псаломщикы куыстыл дæр фæцалх, æмæ йыл 18 азы куы сæххæст, уæд ын Ганисы аргъуаны уыцы бынат йæ бæрны бакодтой. Фæкуыста дзы фараст азы, бирæ фыдæбæттæ, тыхстытæ æййæфта, афтæмæй. Секъа фæстæдæр хуыздæр цардагурæг ралыгъди Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы рæстæг Секъа архайдта, Ирыстоны цы журналтæ æмæ газеттæ цыд: («Ирон газет»,1906 аз), («Ног цард»,1907 аз), («Зонд», 1907 аз), («Чырыстон цард»), уыдонимæ кусыныл, джиппы уагъта йæ аивадон æмæ публицистон уацмыстæ.
Секъайæн кæд ахуыры фæндагыл ацæуын нæ бантыст, уæддæр æрдзæй æвзыгъд æмæ курдиатджын рахаста – фыссæджы миниу-джытæй, куыстхъомæй, куыстуарзонæй хайджын уыди. Хуымæтæг адæмы цард иттæг хорз зыдта, æмæ йæ уацмысты дæр уынæм йæ сурæт.
Секъайы рухс ном мысгæйæ, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр йæ сæр ныллæг æркъул кæнид. Уый канд æцæг адæмон æмдзæвгæтæ, ра-дзырдтæ æмæ уацауты автор нæ уыди, фæлæ æвæджиауы адæймаг. Секъайы заман Ирыс-тоны хæхбæсты цард фыссæг Цæголты Георги рахуыдта «край беспросветной нужды». Къобы скъолайы ахуыргæнæгæй куы куыстон, уæд-иу арæх кастæн хуымæтæджы æнахуыргонд ирæттæн Къостайы æм-дзæвгæтæ æмæ Секъайы
радзырдтæ. Къостайы «Сидзæргæс» кæнæ Секъайы «Азау»-мæ хъусгæйæ-иу стæмтæй фæстæмæ нæ баурæдтой сæ цæссыгтæ. Секъа уыд адæмон таурæгъгæнæг, цы сюжеттæ иста цардæй, уыдон ахæм æнцонæмбарæн æвзагæй снывæста, æмæ-иу фæстæмæ адæммæ куы фæхæццæ сты, уæд сæ уыдон сæхи сфæлдисгæ уацмыстæ æнхъæлдтой. Къоста бакуыста цуанæтты бардуаг Æфсатийы тыххæй адæмон зарæгыл, Секъа та йæхирдыгонау рацарæзта, æлдæрттимæ тохы чи фесгуыхт, уыцы хъæбатыр Чермены зарæг.
Ирон сылгоймæгтæ хъуамæ уæлдай фылдæр сæрыстыр уой
Секъайæ. Ивгъуыд заманты уæззау уыд хæххон сылгоймаджы уавæр. Ницы бартæ йæм хауд, кодта уæззау, хъизæмайраг куыст. Фæлæ Секъайы сфæлдыстады сылгоймæгтæ талынгонд æмæ æгомыг удгоймæгтæ не сты. Сæ уæззау хъысмæт сæ цъист нæ ныккодта, фæлæ сын бахсыста сæ удтæ. Фыссæг цы фæлгонцтæ сарæзта – Азау, Дыса, Манидзæ, Айссæ, Зæлда, Гуырдзыхан, Тамар, Марине – уыдон рахонæн ис сылгоймаджы тæккæ хуыздæр цыртдзæвæнтæ. Уыдон уыцы-иу рæстæг сты хæрзæгъдау æмæ монцтæй хъæздыг, æфсæрмдзаст æмæ ныфсхаст, цыфæнды зын фæлварæнты дæр бахъахъхъæнынц сæ намыс, сæ фарн æмæ рæсугъд удыхъæд. Нæлгоймæгтæй та Секъа цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдоны æхсæн ис æнаккæгтæ æмæ æлгъæгтæ, сылгоймæгты астæу ахæмтæ не ссардзынæ.
Стыр хæсджын стæм мах Секъайы раз. Иу заман йæ ном цасдæр фæци йæ намысджын æмдугон Къостайы кады аууон. Ныр та ногæй сæрттывта. Йæ амарды дæс æмæ дыууиссæдз азы йын куы бæрæг кодтой, уæд та йын йе сфæлдыстадмæ ногæй хъус æрдардæуыд. Уый фæдыл ссæдз азы размæ мах нæ фæндон загътам, цæмæй фыссæджы хъуыды кæнæм æдзухдæр, канд юбилейты нæ, фæлæ. Секъа ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд æмæ уый аккаг у. Биноныгæй йын æрæмбырд кæнын хъæуы йæ литературон бынтæ, иртасæн куыст сыл саразын æмæ сæ хицæн чингуытæй рауадзын. Ганисы хъæуы, кæм райгуырд æмæ цард, уыцы къæс хъуамæ музей суа. Йæ ингæн Дзæуджыхъæуы ис æдзæллаг уавæры, базилын æм хъæуы æмæ йыл æвæрд æрцæуа фыссæджы бюст. Ноджы хуыздæр уаид, йе стджытæ йын Ирон аргъуаны кæрты Къостайы раз бавæрын. Секъайы ном цæрдзæни, цалынмæ ирон адæм æмæ ирон литературæ цæрой, уæдмæ. Къоста æмæ Секъа иумæ уыдысты ирон литературæйы стыр хæрзгæнджытæ æмæ уымæн ахæм зæрдæскъæф, æнæивайгæ сты сæ уацмыстæ дæр».
Абайты Васо 1965 аз
Гæдиаты Секъайы сфæлдыстад абоны рæзгæ фæлтæр хорз зонынц, кæцыфæнды скъоладзауы дæр афæрс, Секъайы зоныс, зæгъгæ, уæд дын уайтагъддæр дзуапп авæр-дзæн: «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Азау æмæ Таймураз»-ы автор? Абайты Васо йæ уацхъуыды сагъæс кæны, Секъайæн йæ ном цæмæй рохуаты ма баззайа, уый тыххæй цавæр мадзæлттыл бацархайын хъæуы, ууыл. Дзæуджыхъæуы Мещанаг уæлмæрдтæ кæй хонынц, Ильинаг аргъуаны кæрты Секъайæн цырт æвæрд æрцыд, æрмæст æнæ бюстæй. Фæлæ, уыцы бæлвырд бынаты Секъа ныгæд ис, уый дызæрдыггаг хабар у. Васо раст дзырдта, фыссæджы стæгдар Ирыхъæуы пантеонмæ рахæссын кæй хъуыдис, уый тыххæй. Фæлæ мах, ирон адæм, стырзæрдæ стæм. Кæй аххосæй нал зонæм абон, Секъайы ингæн бæлвырд цы ран ис, уый, хъахъхъæд цæуылнæ æрцыд фыссæджы цырт, чи ратдзæн ацы фарстæн дзуапп? Уæдæ йæ райгуырæн хъæу Ганисыл та бынтон нæ къух ауигъæм, уымæн æмæ, уыцы зæххытæ ныр Гуырдзыстоны баисты, æмæ Секъайы хæдзар фенынæн нын гæнæн нал ис.
Саутæты Тамилæ