Æгкацаты Асланы сценæйы заргæ чи федта, уыдон йæ хъæлæсы хæрз-
аив басы зæлдæй стыр æхцондзинад райстой. Хæтæлдойнаг лæппу ныридæгæн фæуд кæны, ацы аз йæ 130 азы сæрты чи акæсдзæн, уыцы Гнесинты номыл музыкæйы Уæрæсейаг академийы бакалавриат. Йæ зæрды дарддæр ис ахуырад ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны магистратурæйы адарддæр кæнын.
Музыкæйы уæлдæр скъолайы цард – ахуыртæ, репетицитæ, концертты архайд… Асланы ахуыргæнæг-хъомылгæнæг у Уæрæсейы адæмон артист, дунейы хъуыстгонд зарæггæнæг Александр Науменко. Аслан йæ гыццылæй нырмæ бирæ уарзы зарын. Хæтæлдоны сæ сыхаг сылгоймаг Динæ куыста хъæуы Культурæйы хæдзары æмæ, чысыл Асланы заргæ куы фехъуыста, уæд йæ ныййарджытæн бамбарын кодта, сывæллонмæ зарынмæ курдиат кæй ис.
– Фыццагдæр сценæйы азарыдтæн уæрæсейаг мультипликацион нывы зарæг «Мамонтенок». Фондз азы мыл цыд уæд, Алагиры Культурæйы галуаны архайдтон конкурсы. Хорз æй бахъуыды кодтон, сценæмæ фыццаг хатт куы рахызтæн, уæд софитты рухсæй цæстытæ тартæ куыд кодтой, мæ мады залы бадджыты ‘хсæн куыд агуырдтон, уый. Хорз хъуыды кæнын Динæйы амындтытæ, куы зарай, уæд зарæджы ныхæстыл хъуыды кæн, уæд дæм чи хъусы, уыдонмæ де ‘ргом хъуыдытæ фæхæццæ кæндзынæ, зæгъгæ. Уарзын советон рæстæджы фыст зарджытæ. «Журавли», «Песня о далекой родине», «Мелодия», «Гори, гори, моя звезда» – мæ уарзон зарæггæнæг Муслим Магомаев сæ диссаджы хорз азарыд. Дмитрий Хворостовскийы зард, йæ зарæджы æргом хъуыдытæ сты, цы бæрзæндмæ схизынмæ тырнын, уыцы æмвæзад. Суанты Кимы «Булæмæргъ»-ы зарæгмæ хъусгæйæ, буар уырынгтæ сбады. Æвæджиау зарæггæнæг уыд Бæцæзаты Юри, – йæ хъуыдытимæ нæ зонгæ кæны æрыгон зарæггæнæг.
Сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ æргом кæнынмæ тырнæг сывæллоны раттой Дзæуджы-
хъæуы Чайковскийы номыл музыкалон скъоламæ. Уым урочыты фæстæ ахуырмæ, хур кæса, къæвда уара – йæ мад Земфирæимæ цыдысты Хæтæлдонæй горæтмæ. Йæ ныййарæг фæскуыст фæллад æмæ хуыссæнхъæл-дзæгæй дæр (кусы Алагиры рынчындоны дохтырæй) нæ ауæрста йæхиуыл, æнæсцухæй цыд йемæ. Гергиты Ларисæ йæ бакодта Котолиты Мариямæ, дыууæ азы ахуыртæ уæлæнгæйтты нæ ацыдысты. Зындгонд зарæггæнæг æй сахуыр кодта зарæгмæ хи ахастыл, музыкалон бындур сæвæрдта фидæны зарæггæнæджы сфæлдыстадæн.
Аслан каст фæцис Гергиты Валерийы номыл училищæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Бетъырбухы Римский-Корсаковы номыл училищæмæ, ныр фæуд кæны Гнесинты номыл музыкалон академи. Стыр нысантæм тырны, йæ фидæн уыны, иугонд Мариинаг æмæ Стыр театрты кусгæйæ, ныр та уал хъуамæ фæуа академийы цур магистратурæ. Æнæкæрон уарзтæй уарзы йæ чысыл Ирыстон, Хæтæлдон, сæ хæдзар, сæ сых. Кæмфæнды куы вæййын, зæгъы, уæддæр «цом нæхимæ», зæгъгæ, уый нæхимæ нæу, зæгъгæ, ахъуыды кæнын.
– Куыддæр нæхимæ билеттæ балхæнын, афтæ мæ цæстыты мамæйы чъиритæ ауайынц. Уыдонæй хæрзаддæр ницы ис зæххыл. Ам æппæт дæр æндæрхуызон у… Цы бынат ахсы музыкæ мæ царды мæ бафарстай. Мæ дзуапп у «æппæт дæр». Музыкæ мæ иу хай у, уый мын æдзух æххуыс кæны мæ царды зындзинæдты сæрты хизынæн.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ