Къостайы кадæн…

0
337

Цытджын ирон поэт, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты
Къостайы кадæн дзæуджыхъæуккаг скъоладзауты ‘хсæн Хетæджы-фырты номарæн хæдзар-музейы ацыдысты поэты сфæлдыстады темæйыл ерыстæ.

Дзыллон мадзалæн фадæттæ сарæзтой регионы Национ политикæйы министрад, Хæлардзинады хæдзар, бæстæйы Æфсæддон-патриотон æхсæнады республикон
хайад æмæ амынд хæдзар-музей.
Ерысты архайджытæн арфæ кæнгæйæ, Хæлардзинады хæдзары директор Александр Охотников бафиппайдта зындгонд поэты сфæлдыстады ахадындзинад.

Ерысты жюрийы уæнгтæ – Дзæуджыхъæуы администрацийы адæмыхæттыты ‘хсæн ахастдзинæдты райрæзты хайады хицау Дарчиты Зæринæ, Хетæгкаты Къостайы хæ-
дзар-музейы разамонæг Атараты Зæлинæ, Хæлардзинады хæдзары хистæр специалист Николай Левченко, сывæллæтты аивадон скъолайы ахуыргæнæг Санситы Мæдинæ æмæ жюрийы сæрдар, сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ – скъоладзауты лæвæрд дзуаппытæн аргъ кодтой.

Кары алы къордты уæлахиздзаутæ – Дзæуджыхъæуы 3-æм æмæ 38-æм скъолаты (директортæ – Хъæрджынты Таймураз æмæ Сланты Мæдинæ), стæй физикон-математикон лицейы (директор – Франкель Магомедов) командæтæ «Хуры сывæллæттæ», «Фидæн» æмæ «Ног фæлтæр» – хорзæхджын æрцыдысты республикæйы Национ музей æмæ Хæлардзинады хæдзары грамотæтæй, стæй журнал «Ногдзау»-ы радон номыртæй.

Ерысты архайæг сывæллæттæ Хетæджы-фырты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ цымыдисаг хабæрттæ базыдтой. Скъоладзаутæ сæ зонындзинæдтæ дарддæр фылдæр кæныныл кæй архайдзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.

Хъайтыхъты Тамарæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here