Словакийы сæйраг горæт Братиславæйы 7 апрелы райдыдта Европæйы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Фыццаг бон гауызмæ рацыдысты уæгъдибар хъæбысхæсты фондз уæзы (57, 65, 70, 79 æмæ 97 кг онг) богæлттæ. Уæрæсейы номæй хæцæг богæлттæ фондз уæзы дæр рахæцыдысты æнтыстджынæй æмæ рацыдысты кæронбæттæнмæ.
57 кг онг уæзы Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæнæг богалы Начын Монгушы ныхмæлæууæг кæронбæттæны ссис Сербийы номæй хæцæг ирон лæппу Тускъаты Азæмæт. Кæронбæттæнмæ рацæуыны размæ Азæмæт йæ фыццаг фембæлды 4:0 хыгъдæй рамбылдта гермайнаг богал Николас Штехелæй. Ерысты 1/4-æм хайы 13:5-æй фæуæлахиз гуырдзыстойнаг богал Роберти Дингашвилийыл æмæ æрдæг кæронбæттæны фембæлд Белоруссийы номæй хæцæг богал Арыйан Тютринимæ. Сæ хъазуатон ныхмæлæуды Азæмæт фæуæлахиз 3:1 хыгъдæй æмæ кæронбæттæны фембæлд Начын Монгушимæ.
65 кг онг уæзы йе ‘ртæ ныхмæлæууæгыл æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз уæрæсейаг богал Ибрагим Ибрагимов æмæ кæронбæттæны фембæлд Францийы номæй хæцæг богал Хамзат Арсамерзиевимæ.
Йæ кæронбæттæнмæ фæндаг хорз рауад, 70 кг онг уæзы хæцгæйæ, Байаты Давидæн. Ерысты 1/8-йы 10:0-æй æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Венгрийы спортивон кад хъахъхъæнæг Исмаил Мусукаевыл, 1/4-æм хайы дæр 10:0 хыгъдæй рамбылдта сербаг богал Виктор Войновичæй, æрдæгкæронбæттæны та 3:0-æй фæуæлахиз азербайджайнаг богал Канан Хайбатовыл. Кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыд сомихаг богал Арман Андреасян.
79 кг æмæ 97 кг онг уæзты кæронбæттæны Уæрæсейы кад хъахъхъæдтой Ахмед Усманов æмæ Магомед Курбанов.
Фыццаг фондз уæзы уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ сбæрæг сты знон изæрæй.
Знон ма изæрæй сбæрæг сты: 61, 74, 86, 92 æмæ 125 кг онг уæзты кæронбæттæнмæ рацæуæг богæлттæ дæр.
Спортуарзджытæ куыд зонынц, афтæмæй ацы фондз уæзæй дыууæйæ – 74 æмæ 86 кг онг уæзты Уæрæсейы кад хъахъхъæнынц ирон зындгонд богæлттæ, Уæрæсейы спорты сгуыхт мастертæ Сидахъаты Зауырбег æмæ Найфонты Артур. Сæ архайд куыд рауад, уый тыххæй бакæсдзыстут нæ газеты хæстæгдæр номырты.
Уыдонæй уæлдай ма Европæйы чемпионаты сылгоймæгты ерысты Уæрæсейы командæйы рæнхъы ис ирон чызг-богал Кæсæбиты Алинæ. Сылгоймæгты ерыстæ цæудзысты 10-12 апрелы.
Баскаты Уырызмæг