Уæззау мысинæгтæ

0
50

Æз дæн фæллойы ветеран, Беслæны зынгирвæзтытæй хъахъхъæныны хайады бакуыстон 72 азы. Бирæ уарзын газет «Рæстдзинад». Кæрæй-кæронмæ йæ бакæсын. Мæхи æххормагæй дæр ныууадздзынæн, уæддæр газет æнæ рафысгæ нæ вæййын.

Стыр Уæлахизы бон, 9 май, æнустæм цæрдзæнис, хæсты цæхæр кæй басыгъта, фыды рæвдыд чи нæ базыдта, йæ фыды къаммæ гæсгæ чи зоны, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдоны зæрдæты. Сæ иу мæхæдæг дæн, цалынмæ хæст банцад, уæдмæ, йæ сабибонтæ уазал акъоппы чи арвыста, уый.

Хæсты размæ мах цардыстæм Комсомольскы хъæуы (Дашкъоф). Мæ фыд – Цомартаты Цæрæчы фырт Рамазан ахуырмæ зæрдæргъæвд уыд.  1935 азы каст фæцис уæлдæр партион скъола, куыста бæрнон бынаты – нæ районы администрацийы. 1941 азы радиойæ, хæст райдыдта, зæгъгæ, куы радзырдтой, уæд мæ фыд бацыд æфсæддон комиссарадмæ æмæ загъта, цæмæй йæ фыццæгтимæ арвитой.

– Рамазан, ды нырма ам хъæугæ кæныс. Ацу, æмæ уал дæ бынаты æнцад сбад, – загъта йын комиссар.

– Ау, уый та куыд загътай? Æз ам мæ сырх стъолы уæлхъус бадон, цалынмæ хæст Кавказмæ схæццæ уа, уæдмæ? Уымæн уæвæн нæй! Арвит мæ! – дзырдта мæ фыд.

1941 азы июны ацыд хæстмæ. Цы иунæг фыстæг дзы райстой бинонтæ, уым фыста: «Мæнæ Черниговмæ æрхæццæ стæм, Харьковы бынмæ». Йе ’фсымæр Дабыцæйæн фæдзæхста, фыстæг ма рарвит, райсом нæ кæдæм аппардзысты, уый бæрæг нæу, мæхæдæг уæм хабар кæндзынæн, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ дзы хабар нал уыдис. Мæ мад Таутион Дзгы æртæ æнахъом сывæллонимæ сидзæргæсæй баззадис.
Куыста скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй.

Мæ фыдæй куы ницыуал хабар уыдис, уæд мæ мад ахъуыды кодта, йæ ахуыргæнæджы мыздæй сывæллæтты кæй не схæсдзæн æмæ кусынмæ бацыд колхозмæ. Куыста хъугдуцæгæй фермæйы. Колхозы быдыры сын хæйттæ раттой æмæ æхсырфæй мæнæу карстой. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, алы сывæллон дæр йæ мады фæстæ куыд уади æмæ мæнæуы æфсиртæ бедрамæ куыд æмбырд кодтам, уый. Нæ мад фæллад нæ зыдта, мæ сывæллæттæ æххормаг ма уой, зæгъгæ, йæхиуыл нæ ауæрста. 27-аздзыдæй колхозы быдыртæ рывта. Æхсæв та нын нæ дзаумæттæ æмпъызта, хуыдта нын дзабыртæ. Бирæ фыдæбæттæ фæкодта, афтæмæй ацыд йе ’цæг дунемæ.

Раздæр файнустытæ иумæ цардысты. Таутион Дзгы æмæ Хъуысон Фатимæ дæр иу хæдзары цардысты. Хæст Ирыстонмæ куы ’рбаввахс, уæд дыууæ файнусты сывæллæтты бæхуæрдоныл раластой Заманхъулмæ Хъуысаты Солтаны хæдзармæ. Иннæ сабиты дæр раласынвæнд скодтой. Куы рараст сты, уæд, куыддæр Заманхъулы рагъмæ схæццæ сты, афтæ сæ сырхæфсæддонтæ æрурæдтой, фæстæмæ сæ раздæхтой, кæдæм ма цæут, Дашкъофы немыц бацахстой, сæ фæздæг ардæм куы хæццæ кæны, зæгъгæ. Афтæмæй кæугæйæ раздæхтысты фæстæмæ дыууæ файнусты. Стæй фехъуыстой, фашисттæ Цомартаты бинонты амынæты кæй райстой, сæ хæдзарыл сын танк кæй батардтой, хæдзары хицау партийы кусæг кæй уыд, уый тыххæй. Цалынмæ хæст банцад, уæдмæ нæ зыдтам, нæ бинонтæ цы баисты, уый.

Хæсты фæстæ нæ фыдымад Дзыдза, сывæллæттæ  Хъамболат, Розæ, Назирæт уыцы зын уавæртæн нæ бафæрæзтой æмæ хæсты фæстæ фæзиан сты. Кларæйыл уæд афæдз æмæ æрдæг цыд, уый ма у цардæгас.

Нæ мад-иу афтæ загъта, мæ цардыл чиныг ныффыссæн ис, зæгъгæ. Мæ мады æфсымæртæ Ахмæт æмæ Хадзымырзæ хæсты быдыры сæ цард раттой, цæмæй нæ кæстæртæ сыгъдæг арвы бын цæрой.

Æз мæхæдæг дæн, Беслæны 2004 азы цы фыдбæллæх æрцыд, уый, йæ зæрдæ дыууæ дихы кæмæн фæкодта, уыдонæй иу. Мæ чызг Эммæ йæ дыууæ сывæллон Аланæ (12 азы) æмæ Барисимæ (9 азы) нал рацыдысты уырдыгæй. Чидæртæ дзы цардыл фæхæст сты, фæлæ æз уыдоны фæстæ нал бæззын. Уыцы сывæллæттæ мæ кæрты хъомыл кодтой, мæ сидзæры бонтæ дæр ма мæ ферох сты. Сабыр дуджы цæргæйæ, уыцы сывæллæттæ цæмæн фесæфтысты? Мæ фидæн, мæ ныгæнджытæ уыдзысты, зæгъгæ, мæхицæн ныфсытæ æвæрдтон…

Мæстджын дзураг у, фæзæгъынц… Алчи дæр Хуыцауы уазæг уæд! Уæ кæстæрты зын макуы фенут!

 

Цомартаты Полинæ,
Беслæны цæрæг, пенсиисæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here