Патриотон акци

0
194

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы фæткмæ гæсгæ, стæй Хъырым Уæрæсеимæ баиукæнынады кадæн Алагиры уынгты сарæзтæуыд
патриотон акци.

Алагиры районы мид-хъуыддæгты хайады автоинспектортæ – пъæлицæйы капитан Бицъоты Ацæмæз, пъæлицæйы хистæр лейтенант Бедойты Георги, хъомыладон куысты специалист, пъæлицæйы кæстæр лейтенант Кæсæбиты Тамарæ, стæй горæты скъола-интернат «Фыццæгты змæлд»-ы активисттæ (сæ разамонæг – Наталья Парахина) ахуыргæнæндоны раз сарæзтой акци «Уæлахиз – махимæ».

Автоинспектортæ кæй урæдтой, скъоладзаутæ уыцы хæдтулгæты скъæрджытæн лæвæрдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы тематикæйы фыстытимæ хæдныхасæн сыфтæ. Хæдтулгæскъæрджытæ акциæххæстгæнджытæн бузныг загътой. Уæрæсейæгтæ сæрмагонд операцийы архайæг æмбæстæгтыл кæй узæлынц, амынд акци ууыл дзурæг у.

Уымæй уæлдай, акцийы архайджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой транспортон фæрæзтæй сывæллæтты ласыны фæткмæ. Статистикон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй, фæндаггон-транспортон фыдбылызты аххосæй хъыгдард чи баййафы, транспортон фæрæзы хатæныуæвæг уыцы æнахъом бæлццæтты фылдæр хай сывæллæтты уромæн гæрзтæй нæ пайда кæны. Сывæллоны кар æмæ йын йæ физиологон æууæлтæ хынцгæйæ, сæрмагонд бадæн ын æвзарын æмæ йæ фидар кæнын куыд æмбæлы, уыдæтты тыххæй уынаффæтæ фыст кæм сты, барадхъахъхъæнджытæ хæдтулгæскъæрджытæн ахæм сыфтæ дæр раттой.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here