Сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæныны тæлмы тæссаг уавæрты кусынц мингай дохтыртæ. Ацы адæм хæсты быдырæй фæцæфуæвæг æфсæддон службæгæнджыты рахæссынц æмæ сæ сдзæбæх кæнынц рынчындæтты.
Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ, Лæгдзинады орден æмæ æндæр хæрзиуджытæ кæмæн раттой, медицинон службæйы уыцы капитан, æфсæддон хирург Битарты Артур хæсты тæлмы ис йæ райдианæй нырмæ. Нæ уацхæссæг Битары-фыртмæ ратта цалдæр фарсты.
– Артур, дæ дæсны-йадмæ куыд æрбацыдтæ æмæ дæм медицинæйы къабазы кусыны фæнд куыд сæвзæрд?
– Сабибонтæй фæстæмæ мæ фæндыд æфсæддон дохтыр суæвын. Каст фæдæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы травматологон факультет. 2008 азы ахуыр кæнынмæ бацыдтæн ординатурæмæ, каст æй фæдæн Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны æмæ дарддæр ам куыстон. 2012 азы мæ рагон бæллиц сæххæст: æфсæддон службæмæ мæм фæсидтысты æмæ Цæцæны Республикæйы службæ кодтон фондз азы дæргъы. Фæстæдæр раивтон мæ райгуырæн Дзæуджыхъæумæ æмæ ныр ам службæ кæнын 429-æм фистæгæфсæддон полчъы. Медицинон службæйы капитаны æфсæддон цинимæ ахсын медицинон ротæйы командæгæнæджы бынат.
– Æфсæддон дохтыры дæсныйад цæмæ гæсгæ равзæрстай? Æфсæддон дохтыр хуымæтæджы дохтырæй цæмæй хицæн кæны?
– Скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд мæ фæндыд æфсæддон дохтыр суæвын. Уымæн адæмы ‘хсæн ис стыр кад. Хæсты быдыры чи фæцæфуæвæг адæймаг æппæтæй æххуысхъуагдæр вæййы. Хъæугæ æфсæддон специалист кæй дæн, уый нымайын ахсджиаг хъуыддагыл.
– Артур, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы уæвгæйæ, кæм службæ кæныс æмæ цавæр куыст æххæст кæнын бахъæуы?
– Службæ кæнын Запорожьейы облæсты Васильевкæйы поселокмæ ’ввахс. Алыхуызон медицинон куыст æххæст кæнын бахъæуы. Хæсты быдырæй нæм хатгай – рог, хатгай та уæззау цæф адæймæгтæ æрбафтынц.
– Фæцæфуæвæг адæмимæ куыд кусыс? Медицинон кусæнгæрзтæй æмæ специалисттæй фаг ифтонггонд стут?
– Нæ куыст арæхдæр кæм æххæст кæнæм, уыцы быдырон медицинон ротæйы кусынц дæсны специалисттæ. Медицинон куысты аккаг чи нæу, арæх хæстæ æххæст кæнын бахъæуы ахæм уавæрты дæр, фæлæ нæ ротæйы дохтыртæ сæхи равдисынц дæсны специалисттæй. Æвæстиатон медицинон æххуыс кæмæн бакодтам, уыцы хъыгдардбаййафæг адæймæгтæн сæ фылдæр хай сдзæбæх. Хæстон ныхмæлæуды тæлмæй нæм чи ‘рбафты, уыцы фæцæф-уæвæг адæймæгтæн фыццаградон медицинон æххуыс бакæнæм æмæ сæ дарддæр дзæбæх кæнынмæ арвитæм. Медицинон кусæнгæрзтæй парахатæй ифтонггонд стæм, дохтыртæ та, æппæт бæстæйы куыд у, афтæ махмæ дæр нæ фаг кæнынц, фæлæ нæ коллектив йæ куысты
хæстæ æххæст кæны, хатгай кæд бафæллайæм, уæддæр.
– Артур, сæрмагондæй операцийы тæлмы цавæр вазыгджын цау бахъуыды кодтай? Уæвæн ис, æмæ ацы цау фæцæфуæвджыты ирвæзын кæныны хъуыддагимæ баст у.
– Фæцæфуæвджытæ æмæ рынчынтæ нæм æрбафтынц æви нæ, уый нæ нымайгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы æрвыст бонтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Медицинон ротæмæ æрбафтæг алы хъыгдардбаййафæджы дæр бахъуыды кæнын. Хатгай вазыгджын уавæртæ сæвзæрынц, хæсты быдырæй нæм уæззау фæцæфуæвæг æфсæддонтæ æрбафтынц, фæлæ нæ дæлхайады дохтыртæ сæ службæйы хæстæ æнæлазæй æххæст кæныныл архайынц. Уæгъд рæстæг пайдайагæй æрвитæм, алыхуызон хъуыддæгтыл ныхас кæнæм.
– Сæрмагонд æфсæддон операци куы фæуа, уæд дарддæр цы
кусдзынæ?
– Мæ дæсныйадыл мæ зæрдæ нæ сивдзынæн æмæ дарддæр æфсады службæ кæндзынæн. Фæнды мæ æфсæддон-медицинон академимæ ахуыр кæнынмæ бацæуын мæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн.
Магкиты Фатимæ