Заполярье хъахъхъæнæг

0
289

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæй алчидæр у йæ ном ын сæнусон кæныны аккаг, уымæн æмæ æнæкæрон зындзинæдтæн ныббыхстой, егъау аргъ бафыстой уæлахизыл. Абон ма дзы стæмтæ ис не ‘хсæн, æнæмæлгæ дуне нæй, æмæ мах фæлтæрыл та ис хæс æвæрд  – Уæлахиз кæй руаджы федтой советон адæм, уыдоны рухс нæмттæ мысын.

Легкойты Хадзырæт дæр уыцы диссаджы тохы æхсыст фæсивæдæй уыдис. Хæсты нæ фесæфт, кæд уæззау цæфтæ фæци, уæддæр йæ фыдыуæзæг ссардта. Дунейы рухсмæ фæзынд Дыгургомы, Фæрæскъæтты хъæуы Легкойты Залун æмæ Сопийы хæдзары. Уæвгæ, йæ фыды къамы дæр никæд федта. Уыцы рæстæг Ирыстонæй бирæ нæлгоймæгтæ ацыд Америкæмæ ‘хца бакусыны тыххæй, æмæ Залун дæр, æрыгон бинонты хицау, йæ цардæмбалы æнхъæлцауæй ныууагъта, йæхицæн скарста, фæцæуон фæсфурдмæ, исты бакусон æмæ мæ бинонты цард фæрогдæр кæнон, зæгъгæ. Куыд зонæм, афтæмæй дард æцæгæлон бæстæйы алкæй хъысмæт æмхуызон амондджын нæ рауад. Афтæ, Залун дæр йæ цардæмбалы фæсайдта рухс фидæнæй, къорд азы фæстæ йæ мæлæты хабар сыхъуыст Америкæйæ.

Хохы æнцон цард ничи кæны фыдæй-фыртмæ, фæлæ Легкойтæн сæ дарæг куы фесæфт, уæд сын бынтон фæзын, Сопи идæдзæй баззад, йæ иунæг бындар Хадзырæт, кæд æнахъом уыд, уæддæр йæ гыццыл уæхсчытыл царды уæз æрæнцад, ныййарæгæн уыд йæ ныфс æмæ йе ‘ххуысгæнæг. Уый аххосæй скъоламæ дæр йе ‘мгæрттæй фæстæдæр бацыд, ахуыр куы фæци, уæд та æрлæууыд фæллойы фæндагыл – бацыд куыстмæ Мæхческы районы Калинины номыл колхозмæ. Йæхи фæзминагæй кæй æвдыста алы хъуыддаджы дæр, уымæ гæсгæ йæ 1935 азæй 1940 азмæ фæскомцæдисонтæ сæхицæн сæвзæрстой раздзогæй.

Уыцы заман Хадзырæт йæ амонд дæр ссардта – йæ цард баиу кодта сæхи
хъæуккаг саурæсугъд Темыраты Фаризæтимæ. Чындзæхсæвæй къорд мæйы куы рацыд, уæд, 1940 азы февралы, лæппумæ фæдзырдтой æфсады рæнхъытæм, æрвыст æрцыд Заполярьемæ. Службæ кодта фистæг æфсады 52-æм дивизийы. Ам æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр. Хадзырæт немыцаг фашистты ныхмæ тох кодта 205-æм æхсæг полчъы рæнхъыты. Йе ‘фсæддон хай лæууыд Мурманскы, æмæ йæ истори райдыдта 1941 азы 21 июны, æхсæвы сæ фæдисы хабарæй куы сыстын кодтой æмæ сын паддзахадон арæнмæ цæуыны бардзырд куы раттой, уæд. Уæззау тох цыд хæсты фыццаг бонты, Хадзырæты æмбæлттæй бирæтæ фæмард сты знаджы авиацион бомбæты бын. Фæлæ бонæй-бонмæ тохы фæлтæрддзинад рæзыд. Æмæ, историктæ куыд фыссынц, афтæмæй 1941 азы 17 октябры фронт иугæндзон сси, фашистты размæцыд баурæдтой не ‘фсæдтæ, æмæ йын уæдæй 1944 азы фæззæджы онг ницыуал бантыст, не ‘фсæдты аккаг ныхкъуырд сæ скаст нæ уагъта.

Легкойты Хадзырæты стыр бавæрæн дæр, æнæмæнг, ис, 52-æм æхсæг дивизийæн йæ хæстон хъæбатырдзинад æмæ æнæбасæтгæ фидардзинады тыххæй гвардионы кадджын ном кæй саккаг кодтой, уым. Ацы дивизийы уыцы рæстæг службæ кодта фидæны инæлар-лейтенант, уæд та майор, батальоны командир, Хадзырæты комбæстаг, сыхаг хъæу мæхческаг Хуыдæлты Хартион. Уымæн ма хæсты архайдтой йæ фондз æфсымæры дæр. Харитон хæсты фæстæ йæ мысинæгты чиныг «У кромки континента»-йы лæмбынæг ныффыста, уыцы уæззау азты Заполярьейы цы хъазуатон тох цыди Баренцы денджызы былгæрæтты немыцаг фашистты Мурманскмæ ма ‘рбауадзыны тыххæй, уыцы цауты тыххæй.

Немыцаг корпус «Норвеги»-йы командыгæнджытæ сæ сводкæйы куыд хъусын кодтой, афтæмæй сыл стыр бæллæхтæ æрцыд – 1941 азы 22 июнæй 18 сентябрмæ дзы фæмард 6720, фæцæф – 13 601, æдæппæтæй та – 20 321 салдаты æмæ афицеры. Фюреры ставкæйы директивæйы № 36 22 сентябрæй фыст уыдис: «Раны æнахуыр уæззау уавæртæ, фæндæгтæ кæй нæ фаг кæны æмæ Карели æмæ Лапландимæ иудадзыг советон æфсады ног тыхтæ кæй æрбаппарынц – æппæт уыдæтты аххосæй корпус «Норвеги» æмæ фæндзæм уæлдæфон флотæн, кæд тынг архайынц æмæ хъайтардзинад æвдисынц, уæддæр сæ къухы нæма бафтыд мурманскаг æфсæнвæндагмæ рацæуын».

Фæлæ æцæгдзинад бынтон æндæр-
хуызон уыд. Ницавæр уæлæмхасæн
сырхæфæддон хæйттæ æппæрстой Заполярьемæ – адæмæй дæр æмæ техникæйæ дæр дзæвгар фылдæр знагæн тыхджын ныхкъуырд лæвæрдтой Советон Æфсады уыцы иу хæйттæ æмæ иугæндтæ æмæ йын йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын кодтой.

Хадзырæтæн, æвæццæгæн, Дыгуры зæдтæ æххуыс кодтой, æдзух сыл йæхи фæдзæхста, æмæ-иу уый тыххæй ахæм хабар дзырдта фæстæдæр йæ бинонтæн. Иу хатт нуазыны дон æрбахæссын хъуыди, æмæ не ‘мзæххон загъта, æз ацæудзынæн, зæгъгæ. Дæрддзæф цæуын хъуыдис, иу километр æмæ ‘рдæг, æвæццæгæн. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд дæ балгъитæг уырдæм æркæсæд – сæ бынаты ма æрбаййæфта æрмæстдæр стыр арф дзыхъхъ, йе ‘мбæлттæй иу дæр нал аирвæзт, знаджы бомбæйы амæттаг баисты.

Хадзырæт йæхæдæг дæр æртæ хатты уæззау цæфтæ фæци, фæстаг хатт – 1945 азы, æмæ мын йæ фырты чызг Легкойты Альбинæ куыд дзырдта, афтæмæй, дам, госпитæлы гæххæтт æмæ ручкæ ракуырдта, Фаризæтмæ фыстæг ныффыста, мæнмæ мауал æнхъæлмæ кæс, нырма æрыгон дæ, дæ фыды хæдзармæ ацу æмæ дæ цард сараз, зæгъгæ. Фæлæ чындз йæ цæгатмæ нæ ацыд, Сопийы нæ ныууагъта. Уæдмæ Хадзырæт дæр йæхиуыл фæхæцыд, æфсæддон дохтыртæ йæ фæстæмæ цардмæ раздæхтой, йæ къæхтыл æй слæууын кодтой. Хæстæн дæр йæ кæрон æрцыд, æмæ гвардийы рæнхъон Легкойты Хадзырæт йæ хæдзар ссардта, сæрæгасæй сæмбæлд Фæрæскъæттыл. Йæ хæстон хъæбатырдзинадыл дзурæг уыдысты Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орден, майдантæ «Æхсардзинады тыххæй» æмæ «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй».

Йæ ныййарæг мады рынчынæй сæййæфта, хæдзар дæр æдзæллагмæ æрцыд. Колхозы дæр кусæг нал уыд, æмæ фæллад хæстон, коммунист (партимæ йæ райстой 1942 азы), йæ дыстæ арф бафæлдахгæйæ, фыццагау фæллой кæнын райдыдта иумæйаг хæдзарады. Колхозы фосæн холлаг цæттæ кæнын хъуыди зымæгмæ, сæ бынат сын бацæттæ кæнын, æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддæгтæ йæхимæ райста. Фыццаг уыдис завхоз, уый фæстæ – скълады хицау, фондз азы дæргъы та – бынæттон парторганизацийы сæргълæууæг. Йæ хæстон хæрзиуджытыл ма бафтыд «Хъазуатон фæллойы тыххæй» майдан.

Хадзырæт æмæ Фаризæт кад æмæ радимæ фæцардысты, схастой æмæ адæмы рæнхъмæ ракодтой фондз сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы. Фатимæ, Леонид, Хъазыбег, Заремæ æмæ Мурад рауадысты аккаг кæстæртæ, Легкойты мыггаг сæ сæрыстыр у. Хъыгагæн, Мурад йæ афонæй раздæр ацыд йæ’цæг дунемæ.

Æрбахæстæг Уæлахизы 80 азы бæрæгбон. Бирæ нал сты, хæсты зындзинæдтæ бавзаргæйæ ма абон не ‘хсæн чи ис, уыцы ветерантæ. Хадзырæты кæстæртæ та цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ уарзон хистæры сыгъдæг ном, кæд 1990 азы июлы йæ зæххон цард фæци, уæддæр цæры æмæ цæрдзæн сæ зæрдæты.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here