Джызæйлаг, Дзæуджыхъæуы Нывкæнынады училищæйы 1982 азы рауагъдон Дзукъаты Хъазыбеджы фырт Никъала йæ дæсныйадыл дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Бетъырбухы (уæды Ленинграды) И.Е. Репины номыл нывкæнынад, скульптурæ æмæ архитектурæйы институтмæ. 1990 азы йæ райстой ССР Цæдисы Нывгæнджыты цæдисмæ, 1992 азы та ссис Уæрæсейы Федерацийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг. Фондз азы фæстæ йын саккаг кодтой РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæджы ном, 2008 азы та – Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæджы ном æмæ УФ-йы сгуыхт нывгæнæджы ном. Иудадзыг архайы регионалон, уæрæсейаг æмæ дунеон аивадон равдыстытæ æмæ сфæлдыстадон конкурсты, 2010 азы ссис скульптурæ æмæ архитектурæйы уæрæсейаг конкурс «Нæ фыдыбæстæ»-йы лауреат. Ныр та ма йæ хæрзиуджытыл бафтыд иу кадджын ном, Дзукъаты Никъала ссис Уæрæсейы Нывкæнынады академийы кадджын уæнг. Уыцы хæрзиуæг академийы президент Зураб Церетелийы къухфыстимæ Никъала райста мартъийы кæрон Ростов-Доны.
Мартъийы кæрон ма РЦИ-Аланийы нывгæнджыты советы правлени Мæргъиты Таймуразы разамындæй Никъалайы куыстытæ балæвæрдта Уæрæсейы адæмон нывгæнæджы ном райсынмæ. Мæскуыйы Уæрæсейы нывгæнджыты къамисы уæнгтæ нудæсæй дæр схъæлæс кодтой Никъалайы номы фарс, æмæ уый тыххæй дæр у арфæйы аккаг.
Нæ уацхæссæг Касаты Батрадз фембæлд скульптор Дзукъаты Никъалаимæ, æмæ сæм рауад ахæм ныхас:
– Никъала, арфæ дын кæнын, Уæрæсейы Нывкæнынады академийы кадджын ном кæй райстай, уый фæдыл. Джызæйлаг лæппуйы зæрдæйы кæд фæзындыс-ты аивады талатæ?
– Бынтон саби ма куы уыдтæн, 5-6 азы мыл куы цыди, уæд хæдзары æлыгæй арæзтон цыдæртæ. Нæ бинонтæй аивадыл хæст ничи уыд, фæлæ, æлыгæй кæй арæзтон, уыдон мæ фыдæн йæ зæрдæмæ цыдысты, æмæ мæ нывгæнджыты скъоламæ бакодта. Уым архайдтон мæхи хуызæн æвзонг сабитимæ. Уый фæстæ бацыдтæн Нывкæнынады училищæмæ Дзæуджыхъæуы. Дарддæр мæ мæ фæндæгтæ акодтой Бетъырбухы Нывкæнынады академимæ. Уым скульптурæйæ мæ ахуыргæнæг уыд Михаил Аникушин. Ахуыр куы фæдæн, уæд Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисмæ бацыдтæн, ныггуыбыр кодтон æмæ архайдтон, мæ бон куыд уыд, афтæ.
Аивады цæхæр кæй уды фæзына, уымæн йе ’нтыстытæ йæхицæй аразгæ сты. Хъуамæ зивæг ма кæна, стæй хæлæг. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ алкæмæн дæр бар ис сфæлдыстадон архайдæн, æмæ хъуамæ йæ уды сфидар кæна хæлæг нæ, фæлæ, тæхуды, хъуамæ зивæг йе знаг феста, æмæ уæд æнтыст йæхæдæг зындзæн.
– Дæ фидæны нысанты тыххæй дæр куы зæгъис.
– Нысантæ бирæ сты, се ’ппæты тыххæй дзурын рæстæг дæр нæ амоны. Хуссар Ирыстоны нысан кæнæм фыссæг Беджызаты Черменæн цыртдзæвæн сæвæрын Цхинвалы. Стæй ма Ростов-Доны дæр иу проекты архайын.
– Ирыстоны скульптортæй дæ зæрдæмæ æввахсдæр чи у?
– Мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы ССР Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат Тауаситы Дафайы фырт Сослæнбег. Ис ма дзы бирæтæ, фæлæ уый классикон скульптор у, æмæ мæ зæрдæмæ хæстæгдæр у.
– Ирыстоны фыццаг къахдзæфтæ куы кодтай, уæд уыцы ахуыргæнджытæй та кæй æрымысис?
– Училищæйы куы ахуыр кодтон, уæд бирæ хорздзинæдтæ райстон мæ ахуыргæнæг Дзбойты Михалæй, æмæ дзы абон дæр стыр бузныг дæн.
– Никъала, куыд зонын, афтæмæй Мæздæджы дæр бирæ куыстытæ сарæзтай Гуццаты Фридонимæ. Суанг ма уый хъæппæрисæй Воронежы Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты Хъæбатыр Дзотты Лазыры ингæныл дæр йæ бюст сæвæрдтат, æмæ уыдонимæ дæр газеткæсджыты куы базонгæ кæниккам.
– Мæздæджы Гуццаты Фридоны хъæппæрисæй сарæзтам Намысы аллей. Сæвæрдтам дзы номдзыд фысджыты бюсттæ Хетæгкаты Къоста, Лев Толстой, Расул Гамзатов æмæ Гуырдзыбеты Блашкайæн. Уыдон се ’ппæт дæр алы азты баст уыдысты Мæздæгимæ. Ноджы ма бюст сæвæрдтам Воронежы Дзотты-фыртæн.
– Æвæрд дын цы скульптурæтæ нæма сты, уыдон кæмыты сты, цавæр музейты?
– Ме сфæлдыстадон куыстытæ сты Турчы дæр Уæрæсейы музейты, нæхимæ Тугъаны-фырты номыл нывкæнынады музейы, Хуссар Ирыстоны музейы сты мæ куыстытæ, фæстаг хатт музейæн балæвар кодтон мæ дипломон куыст «Къостайы скульп-турæ бадгæйæ». Сæвæрдтам æй Бæстæзонæн музейы.
– «Балæвар кодтон», фæзæ-гъынц, æмæ бынтон лæвар вæййы, æви ма дзы йæ саразæгмæ исты финансон фæрæзтæ æрхауы?
– «Балæвар кодтон» куы зæгъай, уæд уым æхцайы фæрæзтыл ныхас нал фæцæуы. Бирæтæ йыл не ’ууæндынц, ома фæкуыстай йыл æмæ йæ бынтон лæвар куыд раттай. Музейтæм, аргъуантæн раттон зыбыты лæвар æхсæз скульптурæйы, мæ номыл баззайа, зæгъгæ.
– Дæ зонындзинæдтæ кæстæр фæлтæрмæ та куыд хæццæ кæныс, ома ахуыргæнæджы куыст дæр кæныс?
– Ахуыргæнæджы куыст кодтон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты, Бедойты Шалва Нывкæнынады кафедрæйы сæргълæууæг куы уыд, уæд, иу-æртæ азы бæрц. Уый фæстæ фондз азы фæкуыстон Турчы техникон университеты Анкарайы. Уым дæр сæвæрдтон æхсæз метры бæрзæндæн скульптурæ Анкарайы æмæ ма университеты та – дæс æмæ ссæдз скульптурæйы бронзæйæ дунейы зындгонд математиктæ æмæ химиктæн.
– Никъала, Уæрæсейы нывкæнынады хæрзиуджытæ се ’ппæт дæр райстой æмæ дарддæр та?
– Дарддæр та кусын хъæуы, ног æнтыстытæм тырнгæйæ, цæмæй аивадуарзджытæ афтæ ма зæгъой, йæ хæрзиуджыты фæстæ ницыуал сарæзта.
– Бузныг дын уæд. Æлыг æмæ бронзæйы уд бауадзыны фæрцы дæ бон у бæрзонд аивадæн дзуапдæттæг фæлгонцтæ аразын, æмæ ма дын ноджы фылдæр бантысæд!














