«Абилимпикс» æрыгæттæм фæсидт

0
59

Нæ республикæйы йæ тыхы бацыд чемпионат «Абилимпикс». Пъланмæ гæс-
гæ хъуыддæгтæ конд цæуынц, ахуырадон организациты  равæрдтой 16 кусæн фæзы. Уым алы бон дæр ерысы бацæуынц 300 æрыгон лæппу æмæ чызджы. Сæ хуыздæртæй скæндзысты иугонд командæ æмæ чемпионаты Æппæтуæрæсеон къæпхæны бацархайдзысты.

Хæринаггæнæн, хуыйыны аивад, медицинон арæхстдзинæдтæ æвдисынц æрыгæттæ. Чемпионат «Абилимпикс»-мæ рахастой  лæмбынæг, ахадгæ æууæлтæ. Зæгъæм, медицинæйы æппæт уыдæттæ тынг ахсджиаг сты. Рынчыны фенын, йæ низ ын рахатын, хъæугæ дзæбæхгæнæн хостæ йын рафыссын – æппæт уыдæттæ сты чемпионаты архайджыты бæрны. Эксперттæ загътой сæ хатдзæгтæ.

Уæдæ хæринаггæнæн бынаты куыст цыренæй цæуы, чи халсартæ лыг кæны, чи – дзидза сойы фыцы. Иннæтæ цæттæ кæнынц давон, уæртæ йæ фынгмæ, Францы куыд бæдæттынц, раст уыцы хуызы. Æрмæст хойраджы адыл нæ архайынц, фæлæ йæ уындыл, йæ бакастыл дæр. Иннæ хæринæгтæ та нæ Италимæ ахæццæ кæнынц, цæттæ кæнынц пиццæ. Ацы ерыстæм Джихаты Раминæ йæхи рагæй цæттæ кодта, ныр йæ хæринæгтæн аккаг аргъ скодтой. Æппæт хъуыддæгтæм лæмбынæг кæсынц эксперттæ. Фæсивæд тынг дзæбæх бакодтой æппæт хъуыддæгтæ, разыйæ сæ баззадысты эксперттæ.

Вазыгджын электрон схемæ æрæмбырд кæнын бахъуыд иннæ кусæн фæзыл. Рухсгæнæн цырагъ скусын кæн æмæ кабельтæ сбæрæг кæн, фæлæ уый фаг нæу. Алцыдæр хъуамæ скæной хæслæвæрдмæ гæсгæ, сбарой ныхмæлæуды бæрц, æппæт бæрæггæнæтæ ныффыссой конкурсы суагъæйы.

Иннæ фæзыл хуыйджытæ сæ дыстæ бафæлдæхтой, хæслæвæрдмæ гæсгæ хъуамæ бахуыйой юбкæ-хæлаф. Хъуыддагæн лæвæрд æрцыд æртæ сахаты, фæлæ уый æппæт хæслæвæрд нæу. Хъуамæ хуыйæг æрхъуыды кæна дзаумайы фæлыст, йæ аивдзинадмæ бахæсса рæсугъддзинæдтæ. Кæм уый уыдзæн хызын, кæмдæр та – брошкæ, сæйрагдæр у дæ хъуыдыкæнынад равдисын, ногдзинæдтæй йæ фæбæрæг кæнын.

«Абилимпикс» афтæ егъауæй, парахатæй кæй ацæудзæн, уый уырны йæ архайджыты, экспертты.

Æгайты Аленæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here