Мах дæр-иу Мсойтæм, нæ мадыфсымæртæм, арæх цыдыстæм, æмбæрс-
там сын сæ ахаст, нæ мадыфсымæры бинойнаг Тамарæ-иу ныл тынг бацин кодта. Раджы, кæддæр, Мсойтæ цардысты Доны Сæры, Цъамадæй фалдæр хъæуы, уый фæстæ ралыгъдысты Куырттаты коммæ, Хохы Карцамæ. Фæстæдæр, хуыздæр цардагур быдыры хъæутæм раивтой. Æрцардысты Црауы, Алагиры, Æрыдоны, Хъæдгæроны, Емаусы, Беслæны, Сындзыхъæуы. Кæддæриддæр уыдысты куыстхъом, фæллойыл æнувыд, кæстæртæ ахуырмæ тырныдтой.
Црауы Мсойты Гадзейы, Дибылы, Додтийы, Елберды, Аслæмырзæйы, Иликъойы зыдтой хорз. Нæ ауæрстой сæхиуыл, куыстой, фыдæбон кодтой, дардтой сæ хæдзæрттæ. Арæзтой æхсæнадон цард, уæдмæ фæзынд колхозтæ. Цард хуыздæргæнгæ цыд, фæлæ ралæууыд лæгæвзарæн рæстæг… Æппæт советон адæмимæ Мсойтæ дæр райстой хæцæнгарз æмæ æрлæууыдысты нæ бæстæ хъахъхъæнынмæ. Фæстæмæ дзы нал сыздæхт 14 нæлгоймаджы. «Зæрдылдарæн чыныг»-ы сæ мæлæты тыххæй хабæрттæ фыст не сты. Афтид бынæттæ – сæ мыггæгты бакомкоммæ.
Æцæгдæр, мæ мадырвадæлтæ уыйас стыр мыггаг не сты, фæлæ Мсойты Даге, Елхъан, Иликъо, Хъауырбег, Михал, Сослæнбег, Хадзымырзæ, Харитон, Агуыбе, Батырбег, Петр, Савели, Мурат, Мухарбег сæ хæдзæрттæм куы сыздæхтаиккой, уæд ноджы стырдæр уыдаид мыггаг. Сæ хæдзæртты фæзындаиккой кæстæртæ, лæппутæ æмæ чызджытæ. Уыдонæн дæр – кæстæртæ, цард куыд амоны, афтæ… Фæлæ сæм æнхъæлмæ кæсгæйæ баззадысты сæ мадæлтæ, сæ хотæ, сæ хиуæттæ, сæ сусæг уарзæттæ. Афтæ дæр сæ ничиуал фæзынд. Кæмдæр сын тохы быдыры дымгæ сæ сæрыхъуынтæ ныффаста, къæвда сæ æрыхсадта, сæ цæстытæ та арвмæ кæсгæйæ баззадысты. Афтæмæй атадысты, ацыдысты зæххмæ… Æвæдза, зæхх дæр быхсон у, æндæр уыйас туг кæм фæкалд, уым ма цъæх кæрдæг йæхиуыл куыд схæцыд…
Ам, Ирыстоны, сыл, уæд, фæкуыдтой, загътой, цы ‘мбæлы, уыдæттæ. Фæлæ сæ чырынтæ, сæ ингæнтæ афтидæй баззадысты. Мадæлты нæ уырныдта, нæ сæ фæндыд уый базонын, æмæ дæ уарзон хъæбул, саджы фисынтыл амад кæстæр, кæмдæр баурæдта знаджы нæмыг, кæмдæр, æбæрæг ран æрхауд æмæ уым хуысгæйæ баззад…Фæлæ мадæлтæ уæддæр сæ царды кæронмæ дæр æнхъæлмæ кастысты… Æндæр сæ бон цы уыд? Хъæугæронмæ уыд сæ цæстæнгас, уырдæм уыд се скаст, уырдæм æхсайдта зæрдæ, уырдæм уыд се ‘нхъæлмæ каст. Афтæ йæ царды кæронмæ фæцард мæ мадымад Хестанты-Мсойты Гоцæ, йæ фырт Иликъомæ æнхъæлмæ кæсгæйæ… Уæд та ма…
Стыр æмæ гыццыл мыггæгтæ алыхуызон сты, фæлæ Мсойтæй ничи бамбæхст, ничи сæ балæууыд аууоны. Уый мæнæн сæрыстыры хос у. Мыггаг хæссын æнцон нæу, фæлæ йæ кæд хæссыс, уæд ын йæ кадыл хъуамæ кад бафтауай. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Мсойтæй чи фæмард, уыдон рухсаг уæнт. Мæ мадырвадæлтæ, уæ бон уый уыд æмæ знаджы иугай нæмгуытæ баурæдтат, тохы быдыры командæгæнæ-джы сидтмæ гæсгæ сыстадыстут, «За Родину. За Сталина», фехъусгæйæ, размæ æдæрсгæ абырс-
тат… Æмæ уым фæмард
стут…
Бутаты Эльзæ