Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис. Ныхас цыд республикæйы социалон-экономикон уавæр æмæ царды æндæр ахсджиаг фарстатыл. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ иннæ ведомствæты разамонджытæ.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ раныхасы фехъусын кодта:
– Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк. Арвыкомы фæндаг гом у транспорты æппæт хуызтæн дæр. Хæхты 2000 метрæй уæлдæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Цæгат Ирыстоны ивгъуыд къуырийы дæргъы æрцыд 18 зынгсирвæзты. Иу адæймаг дзы хъыгдард баййæфта, æмæ йæ рынчындонмæ аластой. Республикæйы фæндæгтыл æрцыд 66 фæндаггон фыдбылызы, 16 адæймаджы дзы хъыгдард бавзæрстой, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындæттыл сæмбæлын кодтой. Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл лæууы 1820 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 703 – сæрмагонд бынæтты.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Куадзæны бæрæгбонимæ баст мадзæлттæ ацыдысты, куыд æмбæлы, афтæ. Уыцы бонты закъонхалæг цæутæ бæрæггонд не ’рцыд. 14 апрелæй 20 апрелмæ нæ республикæйы æрцыд 171 фыдракæнды, раргом дзы кодтой 98. Терроризмы тыххæй сбæрæг кодтой цыппар хъусынгæнинаджы, фæлæ мæнг разындысты.
Æрæфы районы дарддæр агурынц, февралы мæйы Бетъырбухæй æрцæуæг цы дыууæ туристы фесæфтысты, уыдоны. Цалынмæ их æртайа, уæдмæ зын ссарæн кæй сты, уый тыххæй фехъусын кодта Æнæнхъæлæджы цауты министрад.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн
фехъусын кодта, уæлдæфы температурæ боныгон кæй схызт 20 градусмæ, æхсæвы та – 8-10 градусмæ. Уымæ гæсгæ хъармгæнæн афонæн йæ кæрон æрцыд. Дарддæр министрад кусдзæн ног хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинадыл.
Дзанайты Барис æппæт ведомствæтæ æмæ муниципалитетты разамонджытæн дæр бахæс кодта республикæйы сыгъдæгдзинадмæ фылдæр æргом аздахын.
– 26 апрелы уыдзæн Æппæтуæрæсеон зиу. Æрхæццæ кæнынц майы бæрæгбæттæ, уæлдайдæр та – Стыр Уæлахизы бон. Хъуамæ алы ведомствæтæ, куыстуæттæ æмæ æндæр организацитæ дæр рацæуой æмæ сæ алыварс бафснайой, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
Нæ республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, эпидемиологон уавæр у нывыл. Ныр æртыккаг къуыри коронавирусæй рынчынтæ бæрæггонд не ’рцыд. ОРВИ-йæ рынчынты нымæц фæкъаддæр.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ,
республикæйы скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты эпидемион уавæр у нывыл, иууылдæр сты гом æмæ кусынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.
– Райсом нæ республикæйы аст муниципалитеты байгом уыдзæн конкурс «Педагог года РСО-Алания»-йы регионалон къæпхæн. Фæнды мæ районты бынæттон администрациты разамонджытæн арфæ ракæнын, ацы мадзал бацæттæ кæныны хъуыддаджы зæрдиаг архайд кæй бакодтой æмæ бæрнондзинад кæй равдыстой, уый тыххæй. Уый хуымæтæджы ерыс нæу, фæлæ у хорз фадат, алы бон рæзгæ фæлтæры бæллиццаг фидæны тыххæй хъазуатонæй чи фæллой кæны, уыцы ахуыргæнджыты сбæрæг кæнынæн, – загъта министр.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ