Ерыстæ Андиаты Сосланы номыл

0
117

Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы 21 апрелы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Андиаты Сосланы номыл спортивон скъолайы фыццаг бынат бацахсыныл командон ерыстæ æвзонг богæлтты ’хсæн.

Ерыстæ арæзт æрцыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн, æмæ дзы архайдтой 120 æвзонг богалы дæс командæйæ. Сæ кармæ гæсгæ богæлттæ дихгонд уыдысты дыууæ къордыл. Иу къорды уыдысты 2015-2016 азты гуырд лæппуты æртæ командæйы, иннæ авд командæйы та ерыс кодтой 2011-2012 азты гуырд богæлттæ.

Дыууæ кары дæр богæлттæ хæцыдысты дыууадæсгай уæзты.

Ерыстæ гом кæныны мадзалы архайдтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау, дунейы æхсæз хатты чемпион Фадзайты Арсен, Андиаты Сосланы фырт Георги, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Альберт Гоов æмæ Томайты Тамерлан.

Ерыстæ арæзт æрцыдысты Андиаты Сосланы гуырæн бон, æмæ уый тыххæй сæ саразджытæ æмæ ерысты архайджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой – Тускъаты Таймураз, Хуадонты Артур, Фадзайты Арсен æмæ Андиаты Георги.

Ерыстæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Æвзонг богæлтты архайд йæхимæ ’лвæста залмæ æрбацæуджыты. Командон ерысты ис цымыдисаг фæзилæнтæ, æмæ уый йæхимæ ‘лвасы спортуарзджыты зæрдæтæ. Афтæ рауадысты ацы ерыстæ дæр.

Кæстæр кары цы ‘ртæ командæйы ерыс кодтой, уыдонæй сæрæндæр разындысты спортивон клуб «Олимп»-ы богæлттæ. Уыдон фæуæлахиз сты сæ дыууæ ныхмæлæуджытæ «Спартак» æмæ «РСШ»-йы командæтыл æмæ бацахстой 1-аг бынат, 2-аг бынатмæ рацыд «Спартак», «РСШ» (Республикон спортивон скъола) та æрлæууыд 3-аг бынатыл.

Тынг цымыдисаг уыдысты 2011-2012 азты гуырд богæлтты ерыстæ. Ам цы авд командæйы архайдтой, уыдон дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл, æмæ дзы иуы уыди цыппар, иннæйы та – æртæ командæйы. Дыууæ дæлкъорды 1-аг бынæттæ чи бацахстой, уыдон, сæ кæрæдзиимæ фембæлгæйæ, бæрæг кодтой турниры уæлахиздзауы, дæлкъордты 2-аг бынæттæ бацахсджытæ та ерыс кодтой 3-аг бынатмæ рацæуæджы сбæлвырд кæныныл.

3-аг бынатмæ рацæуыныл фембæлдысты Рахизфарсы районы командæ «Беслæн» æмæ Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы командæ. Сæ фембæлд ахицæн 9:3 хыгъдæй «Беслæн»-ы пайдайæн, æмæ беслæйнæгтæ бацахстой 3-аг бынат.

Тынг хъазуатон рауадысты 1-аг бынат бацахсыныл ерыстæ Республикæйы спортивон скъола æмæ «Олимп»-ы командæты ерыстæ. Цалдæр хатты дыууæ ныхмæлæууæг командæты ’хсæн хыгъд уыди æмхуызон, фæлæ æппынфæстаг «РСШ»-йы богæлттæн бантыст фæразæй уæвын æмæ рамбылдтой 7:5 хыгъдæй.

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ æмæ грамотæтæй. Уымæй уæлдай, Фадзайты Арсен æхцайы лæвæрттæ ракодта фыццаг æртæ бынаты бацахсæг командæтæн.

Ерыстæй разыйæ баззадысты, куыд спортуарзджытæ, афтæ сæ саразджытæ дæр. Командон ерыстæ саразыны фæнд, фыццаджыдæр, бахаста Андиаты Сосланы номыл скъолайы директор Хъоцыты Георги æмæ уый тыххæй зæгъы: «Сосланы номыл турнир нæм фæцæуы алы аз дæр фæззæджы, фæлæ, йæ райгуырæн бон 21 апрелы кæй у, уый тыххæй мæ бафæндыд уыцы бон йæ номыл æвзонг богæлттæн командон ерыстæ саразын. Сослан йæхæдæг тынг уарзта сывæллæтты ерыстæм кæсын, æмæ хъуамæ нæ кæстæртæ зоной йæ таурæгъон ном. Командон ерыстæ кæстæрты кæрæдзиуыл æнгомдæр бæттынц, æмæ сæ ахадындзинад æххуысы хос у хъомыладон куысты. Ерыстæ саразджыты номæй мах зæрдиаг арфæ кæнæм, нæ фарсмæ цы æххуысгæнджыты къорд æрлæууыд, уыдонæн. Уæлдай арфæйы аккаг у Фадзайты Арсен. Мах фæнды ацы командон ерыстæ æрвылазон скæнын, æмæ сæм æндæр регионтæй дæр цæмæй цæуын райдайой, уымæн æмбæлгæ уавæртæ саразын».

Георгийы фæндон растыл нымайынц кæстæр кары богæлтты тренертæ дæр.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here