Валентин Бережков уыди ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, историон наукæты кандидат, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дипломатты службæйы кусæг, 1940 азы декабрæй 1941 азы июнмæ та – Берлины Советон Цæдисы минæварады фыццаг нымæрдар. Куыд дæсны тæлмацгæнæг, архайдта нæ бæстæйы уæлдæр Хицауады фæсарæйнаг бæрзонд разамонджытимæ фембæлдтыты, уыимæ, Советон Цæдисы, Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Англисы ’хсæн ахсджиаг æмæ вазыгджын ныхасы рæстæг Ялтæйы, Тегераны æмæ Потсдамы конференциты дæр.
Цы федта, цы фехъуыста уыцы фембæлдтыты рæстæг, уыдæттæ Бережков ныффыста, «Дипломатийы историйы сыфтæ», зæгъгæ, уыцы чиныджы.
Бирæ цымыдисаг хабæртты тыххæй дзуры тæлмацгæнæг. Сæ сæйраг хъуыды та у иу – уыцы азты æвирхъау æмæ карз хæст канд быдырты нæ цыди, дунеон царды хабæрттæ сæхи пайдайæн лыг кæныныл сæ уд хъардтой паддзахады уæлдæр разамонджытæ, дипломаттæ, æфсæддон хицауад дæр.
Куыд зонæм, афтæмæй Гитлер гадзрахатæй ССР Цæдисмæ куы ’рбабырста, уæд, сæ сомбоныл мæт кæнгæйæ, нæ фарс æрлæууыдысты, уымæй размæ Советон Цæдис сæ цæсты сындз кæмæн уыд, уыдон дæр – Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Англис. Иудадзыг дæр æвдыстой æххуысмæ цæттæдзинад – æрвыстой хæцæнгарз, авиацион æмæ æндæр техникæ, хæдтулгæтæ, танктæ, аразæн æмæ кусæн æрмæг, радиоаппаратурæ, уæлæдарæс æмæ къахыдарæс, хæлц. Æцæг, куыд рабæрæг куыдфæстæмæ, афтæмæй уыцы æххуыс бынтон зæрдæмæдзæугæ нæ уыди алкæд. Зæрдæ æвæрдтой иу нымæцæй, æрвитгæ та – къаддæр. Зæгъæм, бадзырдмæ гæсгæ 1941 азы октябрь, ноябрь æмæ декабры Англис æрбарвыстаид хъуамæ 800 хæдтæхæджы, исгæ та ракодтам 669, танктæ – 487 иу мины бæсты, гыццыл танктæ – 330 – æхсæз сæдæйæ. Америкæ æрбарвыста уыцы æмгъуыдмæ 267 бомбæппарæг хæдтæхæджы 900 бæсты, куынæггæнæг хæдтæхджытæ 278 – 900 бæсты, 363 рæуæг танчы – 1125 бæсты, 16 мины 502 уæзласæны 85 мины бæсты æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ нæ цæдисонтæн сæ хæдтæхджытæ дæр уыдысты бирæ цауддæр немыцы уæлдæфон техникæйæ, хуыздæрты сæхимæ дардтой. Зæгъæм, америкæгтæ хъавыдысты советон æфсæдтæн сæ æппæты нырыккондæр 150 хæдтæхæджы «аэрокобра» арвитынмæ, фæлæ сæ англисæгтæ сæхирдыгæй фæкодтой. Уый фæдыл сын Сталин куы бауайдзæф кодта, уæд Советон Цæдисы Англисы минæвар Кларк Керр сæхи рæстытæ кодта, ома, дам, мах тæхджыты къухы уыцы «аэрокобрæтæ» æрхастой фылдæр пайда, зæгъгæ.
Æмткæй райсгæйæ та, англисæгтæ, кæд нæ цæдисонтыл нымад уыдысты, уæддæр нын, фадат сын кæм уыди, уым арæзтой алы цæлхдуртæ. Сусæггаг нæу, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг мæйты нæ Гæрзифтонг тыхтæ цы уæззау уавæры бахаудтой, уый. Нæ бæстæйы разамынд АИШ æмæ Англисы хицауады размæ иу æмæ дыууæ хатты не ’рæвæрдта се ’фсæдты фæрцы дыккаг фронт байгом кæныны фарста. Уæд нæ уавæр зынгæ хуыздæр фæуыдаид, немыцы барæнæбары дæр бахъуыдаид сæ тыхтæ ныддих кæнын. Фæлæ-иу цæдисонтæ алы æфсæнттæй аргъæвтой дыккаг фронт байгом кæныны æмгъуыд. Райдайæны зæрдæ бавæрдтой 1942 азæй, фæстæдæр – 1943 азæй. Уымæй дæр куы ницы рауад, уæд сын Сталин карзæй бауайдзæф кодта. Гæнæн сын нал уыди, æмæ æмгъуыд скодтой 1944 азы уалдзæгмæ. Операци схуыдтой «Оверлорд». Хъуамæ цæдисонты æфсæдтæ æрбахызтаиккой Францы цæгатаг былгæроныл. Уыцы уынаффæ цæмæй царды æрцыдаид, ууыл Сталин, зæгъæн ис, лæгдыхæй фæцархайдта, уымæн, æмæ Англисы премьер-министр Уинстон Черчилль йæ быцъынæг скъуыдта, цæмæй се ’фсæдтæ Европæмæ бабырстаиккой Балканты ’рдыгæй. Йæ сусæг фæнд уыди, цæмæй америкаг æмæ англисаг æфсæдтæ бацæуой Европæйы Хуссар-Скæсæн паддзахæдты зæххытæм Сырх Æфсадæй раздæр æмæ æрфидар уыдаиккой Будапешты, Прагæйы, Венæйы, Варшавæйы. Арæх-иу дзырдта йе ’мбæстæгты ’хсæн ахæм ныхæстæ: «Хъуамæ мах ма бауадзæм Балканты, стæй, чи зоны, Италийы коммунизаци…»
Куыд уыди, цы уыди, уæддæр Черчиллæн йæ фæндтæ фæсыкк сты, уымæн, æмæ сæ ныхмæ фидар фæлæууыд Иосиф Сталин.
Нæ бæстæйы разамонæг æмæ Сæйраг командыгæнæг нæ уæлахизыл иу уысм дæр дызæрдыг кæй нæ кодта, уымæн В.Бережков йæ чиныджы æрхаста ахæм дæнцæг. Цæвиттон, 1941 азы Англисы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Антон Иденæн Сталинимæ фембæлдтытæй иуы ныхас цыди советон-гермайнаг хæсты дарддæры хабæрттыл. Идены хъуыдымæ гæсгæ, немыцимæ тох уыдзæн тынг уæззау æмæ дæргъвæтин. «Ныр ма Гитлер лæууы Мæскуыйы бынмæ, Берлин та ма тынг дард у», – загъта англисаг министр.
Сталин æм бакасти, исдуг ницы сдзырдта, стæй йын сабыргай афтæ бакодта: «Ницы кæны, уырыссæгтæ дыууæ хатты уыдысты Берлины, уыдзысты æртыккаг хатт дæр…» Фæстæдæр, Советон Цæдисы АИШ-ы минæвар Аверел Гарриман мысыди, Потсдамы конференцийы йын Сталинимæ цы ныхас рауади, уый. «Æвæццæгæн дын æхсызгон у, уæ бæстæ цы зын-
дзинæдтæ бавзæрста, уый фæстæ ам, немыцы зæххыл кæй дæ, уый?» Сталины дзуапп уыди хæрз цыбыр: «Паддзах Александр бахæццæ Парижмæ дæр…»
Æрхæццæ кæны æппæтадæмон ахсджиаг бæрæгбон – Уæлахизы 80 азы бон. Æнæмæнг зонын хъæуы, уыцы Уæлахиз нæ куыд бирæ хъарутæ, ныфс æмæ фæразондзинад бацагуырдта, куыд æнæкæрон бирæ адæм раттой сæ цард Фыдыбæс-
тæйы сæрвæлтау, куыд карз тох цыди, канд быдырты, лæгæй-лæгмæ нæ, фæлæ бæрзонд кабинетты дæр, алы æхсæнадон цардарæзты фарс хæцæг адæмы, дипломатты, стыр бæрнон куысты лæууæг разамонджыты ’хсæн дæр. Уымæн та, нæ хъуыдымæ гæсгæ, стыр æх-
хуыс у, уæлдæр кæй кой ракодтам, В.Бережковы уыцы чиныг.
Хæмыцаты Морис














