Бæстон æмæ лæмбынæг дзуаппытæ

0
62

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æрвылазон пресс-конференцийы рæгъмæ рахастæуыд бирæ вазыгджын æмæ республикæйы цардыл ахадгæ фарстатæ. Дзыллон-хабархæссæг фæрæзты кусджытæ сæ фарстытæн райстой бæлвырд æмæ бæстон дзуаппытæ.

Пресс-конференци уыд концертон зал «Патэ»-йы. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ республикæйы фæзына периодикон мыхуыр адæммæ хæццæгæнæг иумæйаг службæ. Уый руа-джы хъуамæ газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны аргъ фæныллæгдæр уа. Ныртæккæ аргъы фылдæр хай йæхи бакæны «Уæрæсейы пост»-ы куыстуат. Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, хъавы алы редакторимæ дæр фембæлын æмæ йæм байхъусын.

Журналисттæм æнхъæлмæ кæсынц медиафарстатæ ахадгæ хуызы алыг кæныны хъæппæристæ, уымæн æмæ ацы аз республикæ скæн-дзæн медиафорум «ПРО Кавказ», фæуæрæхдæр уыдзысты йæ арæнтæ, форумы архайджыты нымæц.

Дарддæр республикæйы Сæргълæууæг æрдзырдта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ахуыр æмæ æндæр дæсныйæдтыл фæцалх уæвыны программæ «Ирыстоны æхсар»-ыл. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ,  сæрмагонд æфсæддон операцийы арха-йæг хъуамæ уына йæ ахуыр-ты кæронбæттæн нысан. «Хуымæтæджы ахуыр кæнын ницы дæтты, хъуамæ адæймаг уына йæ размæ æвæрд хæс. Чидæриддæр программæ «Ирыстоны æхсар»-ы архайы, уыдонæн конд æрцæудзæн кадрты политикæ. Кандидатæн фæсахуыр хъуамæ раттой куысты бынат», – загъта Сæргълæу-уæг.

Туристон хъалоны тыххæй та Сергей Меняйло загъта афтæ: «Ацы сæрд æнхъæлмæ кæсæм ног туристон рекордтæм. Туристон хъалоны тыххæй бæрæггæнæнтæ фæзындзысты майы. Ныр та уал нæ цæст дарæм туристты змæлдмæ чырæг операторты фæрцы, авиа- æмæ æфсæнвæндаджы транспортмæ гæсгæ. Мах туристтыл бакусынмæ нæ хъавæм, нæ зæрды ис республикæ æрцæуæггаг адæмæн зæрдæмæдзæугæ скæнын».

Журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Сергей Меняйло фехъусын кодта, ацы аз Æрыдоны районы йæ куыст кæй райдайдзæн, дон æмæ, авджын дзаума кæм уаддзысты, ахæм завод.

Бирæ зæххытæ æнæза-къонæй уæйгонд æрцыдыс-ты. Фæстæмæ сæ райсыны бар ис æрмæст прокуратурæмæ. Аххосджынтæ æфхæрд баййафдзысты. Ныридæгæн уал тæрхондоны каст цæуы 350 ахæм зæххы хæйттæ райсынмæ.

Цалдæр фарстайы баст уыдысты «Мамысон»-ы курортимæ. Зæгъæм, журналистты базонын фæндыд, цы бирæ хæрдзтæ дзы бавæрдтой инвестортæ, уыдонæй бюджетмæ цы æфтиæгтæ бацæудзæн, уый, стæй кæд.

– Æнæбюджетон инвестицитæ нæ республикæмæ афæдзæй-афæдзмæ фылдæр цæуынц. «Мамысон»-æн нырма йæ иу къабаз æркуыста, 2030 азмæ лыжæты трассæ уыдзæн 47 километры бæрц, фæзындзæн дзы рæтæнæй фæндæгтæ, хæрæндæттæ æмæ фысымуæттæ. Афтæмæй, æфтиæгтæ дæттын райдайдзæн æппынкъаддæр 5-6 азы фæстæ, – загъта Сергей Меняйло.

Уымæй уæлдай, ныхас цыдис æнæхицау, дзæгъæл куыйты фарстайыл дæр. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, бирæтæн сты хъазæн хъултæ, стæй сæ куы ратыхсынц, уæд уынджы хай бавæййынц.

– Ныртæккæ нæм цы дыууæ питомникы ис, уыдон фаг не сты. Лыггæнинаг фарста у, æмæ йыл кусæм суанг Парламенты дæр, – загъта Сергей Меняйло.

Къостайы хæдзар-музей, Ирон литературæйы æмæ иннæ музейтæ, Металлургты галуан æнхъæлмæ кæсынц цалцæггæнæн куыстытæм. Сæ рацарæзт рæстæгмæ къуылымпы кæны, æмæ уымæн ис аххоссæгтæ. «Нæ культурон исбонады хæзнатæ рохуаты не сты, рæстæгмæ зындзинæдтæ фæуыдзысты, æмæ сæ ног хуызы рацараздзыс-тæм», – зæрдæ бавæрдта республикæйы Сæргълæу-уæг.

Дзæуджыхъæуы уынгтæ сахайы къæвда доны бын цæмæй ма кæной, уый тыххæй, хæстæгдæр рæстæг цы арæзт цæудзæн, ууыл дæр цыд ныхас пресс-конференцийы.

Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн рæс-тæгыл дзургæйæ, загъта, кæй бацархайдзысты, цæмæй фылдæр сабитæ  сæ рæстæг пайдаджын æмæ хъæлдзæгæй æрвитой. «Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг æфсæддонты сывæллæттæм уæлдай æргом уыдзæн.  Суазæг кæндзыс-тæм ног регионтæй сывæллæтты, фæлæ нæхи ирыстойнаг сабитæ дæр æнæхай нæ уыдзысты фæлладуагъдæй», – загъта Сергей Меняйло.

Æфсæддон-патриотон лагерь «Балц» цалдæр азы размæ йæ куыст баурæдта. Куыд дзурынц, афтæмæй йæ балхæдта депутаттæй иу. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-
джы аз расидт нæ Президент, æмæ хорз уаид,  патриотон хъомылады ацы скъола раздæрау куы кусид. Журналисты ацы фарстмæ каст кæй æрцæудзæн, уымæй ныфс бавæрдта Сергей Меняйло.

Æртæ сахаты æмæ æрдæг цы стыр пресс-конференци ахаста, уым ныхас кодтой алывæрсыг фарстатыл, уыимæ аэропорт «Владикавказ»-ыл, Мæздæгмæ фæндаджы цалцæгыл, Беслæны нартхоры комбинат æмæ Культурæйы хæдзарыл, хъæууон хæдзарад æмæ арæзтады къабæзты райрæзтыл æмæ, нæ респуликæйы æндæр социалон-экономикон фарс-татæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм проекттыл.

 Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here