80 азы рацыд, 1945-æм азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæмтæ фашистон Германыл куы фæуæлахиз сты, уæдæй нырмæ. Уыцы карз тохы йæ туг чи ныккалдта, уыдонæй бирæтæ абон æгас нал сты, фæлæ сын сæ ном абон дæр мысæм.
Цытджын Уæлахизы 80 азы кадæн Белоруссийы горæт Брестæй Уæрæсейы Федерацийы сæйраг сахар Мæскуымæ цæуы «Уæлахизы эстафетæ». Уый аххæсдзæн, раздæры Советон Цæдисмæ чи хаудта, уыцы æмхæлар хæдбар паддзахæдты хуссайраг арæнтыл.
Дзæуджыхъæуы Хæстон намысы мемориалы цур азæлыдысты Уæрæсе æмæ РЦИ-Аланийы гимнтæ. Стæй республикæйы арæнтæ хъахъхъæнæг æдасдзинады федералон службæ «Уæлахизы эстафетæ» райста Мæхъхъæлы республикæйы арæнтæ хъахъхъæнæг управленийæ. Кадджын мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, республикæйы арæнтæ хъахъхъæнæг службæйы разамонджытæ, Дзæуджыхъæуы кадетон кълæстæ æмæ скъоладзаутæ.
Томайты Ирбег РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй арфæ ракодта архайджытæн æмæ загъта:
– Ацы эстафетæ ацæу-дзæн нæ республикæйы муниципалон скондты, мемориалон комплекстæ æмæ æндæр зæрдылдарæн бынæтты. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной, цавæр егъау аргъ бафыстой советон адæмтæ уыцы Стыр Уæлахизыл.
Уæлахизы эстафетæимæ баст кадджын мадзæлттæ æмæ митингтæ Цæгат
Ирыстоны зæххыл уыдзысты 23 апрелæй 30 апрелмæ. Цæгат Ирыстонæй та аххæс-дзысты Хуссар Ирыстонмæ.
Дарддæр мемориалы цур азæлыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй зарджытæ. Сæ рæсугъд аивад равдыстой Дзæуджы-хъæуы аивæдты колледжы ахуырдзаутæ дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ, Къам систа
Татьянæ Шеходанова