Фæсивæдон политикæйы бындур – закъонæвæрынадон нывыл архайд

0
219

Уыд парламентон байхъуыстытæ «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæдон политикæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъон царды рауадзыны тыххæй» фарстайы фæдыл. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырд райдайыны размæ Парламенты бацæуæны арæзт æрцыд фæсивæдон амалхъомадон куыстимæ баст цымыдисаг равдыст.

Æмбырд гом кæнгæйæ, йæ разныхасы Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй йын равдыст йæ зæрдæйы бауагъта æхсызгондзинад æмæ цин-дзинады æнкъарæнтæ. «Мах базонгæ стæм цалдæр æхсæнадон организацийы – Фæсивæды уæрæсейаг цæдисы, «Движение первых» æмæ «Адæмон фронты фæсивæдон къабаз»-ы      амалхъомадон архайдимæ, се ‘нтыстдзинæдтимæ. Сæ архайдæй республикæйы экономикæмæ аккаг бавæрæн бахæссын сæ кæй фæнды, уый банкъардтам. Уыцы
хъуыддаг бантысынæн сæм ис æппæт хъарутæ дæр. Сæ размæ æвæрынц бæлвырд хæстæ, æмæ уыдон сæ къухы цæмæй бафтой, уый тыххæй хицаудзинады оргæнты хæс у сæ фарсмæ балæу-уын æмæ, сæ хъарутæ баиу кæнгæйæ сын раст фæндаг бацамонын. – Нæ куыст хъуамæ рацаразæм уыцы хуызы, цæмæй 5-6 къласæй фæстæмæ æрыгон адæймаг зона, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр цы у, цавæр дæсныйадæн снывонд кæндзæн йæ фидæны цард, уый. Ныртæккæ фылдæр хъæуынц инженертæ, биотехнологтæ, фаг чи нæ кæны, ахæм дæсныйæдты дохтыртæ, æрддзонынадон æмæ бæлвырд предметты ахуыргæнджытæ. Уый тыххæй рагацау хъæуы райдайын семæ профориентацион куыст кæнын. Стæй канд уый нæ. Æрыгон адæймаг хъуамæ зона йæ уидæгтæ, йæ ратæдзæнтæ, йæ бинонты, йæ республикæйы æмæ бæстæйы истори дæр. Æппæт уыдæттæ домынц закъонæвæрынадон бæлвырд архайд æмæ нормативон-барадон нывыл уавæртæ, æмæ сыл бацархайдзыс-тæм», – загъта Парламенты Сæрдар.

Уыцы закъонæвæрынадон архайд куыд арæзт цæуы æмæ фæсивæдон политикæ царды уадзыны тыххæй цавæр закъонæвæрынадон хъæппæрис ис, уый фæдыл раныхас кодта Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джиоты Георги. Куыд загъта, афтæмæй закъонæвæрынадмæ хаст ивддзинæдты нысан у фæсивæды патриотон бындурыл æмæ удварны хуыздæр миниуджытæм гæсгæ хъомыл кæнын, экстремизм, терроризм æмæ æндæр тæссаг фæзындтытæй сæ хъахъхъæнын, æхсæнадон цардмæ се ‘ргом здахын, сæ гæнæнтæй царды спайда кæнын сæ бон цæмæй уа, уымæн ахъаз кæнын æмæ сын сæ амалхъомадон архайдæн æххуыс кæнын. «Уæрæсейы алы ре-гионæн дæр ис фæсивæдон политикæ царды уадзыны йæхи фæрæзтæ. Сты Цæгат Ирыстоны дæр, æмæ сæ амал кæнæм. Уæлдай фылдæр æргом здахæм, царды зын уавæрты чи
бахауд, стæй сидзæрæй, æвæгæсæгæй чи баззад, ахæм æрыгон адæймæгтæм», – загъта Парламенты комитеты сæрдар.

Фæсивæдон политикæ нæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуы, уый фæдыл уыд йæ раныхас Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Русланæн. Уый бæстон æрныхас кодта, ивгъуыд азы дæргъы комитеты архайдыл, стæй, республикæйы фæсивæд цы уæрæсæйаг æмæ регионалон ахуырадон, культурон, спортивон æмæ æндæр мадзæлтты архайдтой, ууыл. Фæсивæдон политикæ царды уадзыны хъуыддагмæ йæ бавæрæн хæссы министрады цур Фæсивæды социализацийы центр дæр.

Республикæйы экономикон рæзты министр Сокаты Марат ныхас кодта æрыгæтты ‘хсæн амалхъомадон архайд рапарахат кæныны фарстайыл æмæ сын æххуысы паддзахадон мадзæлттыл. Уыцы мадзæлттæ гранттæ æмæ субсидиты хуызы амынд уыдысты, ныр кæронмæ чи ахæццæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад райрæзын кæныны уыцы национ проекты æмæ йæ фæлгæты – æртæ регионалон проекты. «Фæсивæды ‘хсæн амалхъомадон архайд райрæзынæн ивгъуыд аз зæрдæмæдзæугæ процентмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд 3 милуан сомы бæрц.
Фæстаг дыууæ-æртæ азмæ чысыл æфстæутты хуызы баххуыс кодтам 926 æрыгон амалхъомæн. Æххуысы бæрц уыд 907 милуан сомы. Семинартæ, консультацитæ æмæ методикон ахуырты хуызы министрад сарæзта 80 мин лæггадæй фылдæр. Æххуыс кæндзыстæм дарддæр дæр, цæмæй фæсивæдон амалхъомад рæза, парахат кæна æмæ респуб-ликæйы экономикæмæ йæ бавæрæн хæсса», – зæрдæ бавæрдта министр.

Тускъаты Таймураз загъта, фæсивæдон амалхъомад нырма уал æрыгон къабаз кæй у, уый, æмæ бафиппайдта ацы фарстайы уæлдæр æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттимæ æнгом бастдзинæдты ахсджиагдзинад.

Адæмæн куыстдæттыны республикон комитеты сæрдары хæдивæг Эллæ Авакова ныхас кодта скъоладзаутæ æмæ студентты профориентацион куысты фарстайыл, æрыгæттæн куысты бынæттæ аразыны хъуыддагыл æмæ, уыимæ бастæй комитет цы
программæтæ æххæст кæны, уыдоныл.

Уымæй уæлдай, фæсивæдон политикæ царды уадзыны фарстаты фæдыл ныхас кодтой «Движение первых», зæгъгæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæсивæды æмæ сывæллæтты æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлды регионалон хайады советы сæрдар, Парламенты депутат Саулохты Сæрмæт, «Адæмон фронт»-ы æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлды регионалон хайады разамонæг Гæлиты Клим, «Фæсивæды Уæрæсейаг Цæдис»-ы æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы регионалон хайады сæрдар Тыбылты Ланæ.

Æппæт раныхæсты фæдыл æмбырды архайджытæ загътой сæ хъуыдытæ, фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ. Кæронбæттæны та парламентон байхъуыстыты фæдыл рахастой æмбæлгæ уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæ.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова   

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here