Æрæджы Елхоты 3-æм скъолайы æмбырдтæ аразæн уæрæх залы къух бавæрæн нæ уыдис адæмæй, уымæн æмæ ам кадджын уавæры ахицæн радон ерыс-æркаст «Ирон дæн æз»-ы муниципалон къæпхæн. Арæзт æрцыд республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад» æмæ Кировы районы ахуырады управленийы хъæппæрисæй.
Ацы хатт ерыстæ арæзт æрцыдысты, 8-11 кълæсты цы чызджытæ ахуыр кæны, уыдонæн. Архайдтой дзы аст суинаг чызджы районы скъолатæй: Елхоты 1-æм скъолайы ахуырдзау Гæззаты Арианæ (йæ ахуыргæнæг — Гæззаты Ритæ), Елхоты 2-æм скъолайы ахуырдзау Абысалты Иринæ (Плиты Зæлинæ), Елхоты 3-æм скъолайы ахуырдзау Фæрниаты Арнеллæ (Танделаты Кетино), Змейкæйы 1-æм скъолайы
ахуырдзау Кæркуысты Аланæ (Цезари Гукова), Змейкæйы 2-æм скъолайы
ахуырдзау Дудайты Мæдинæ ( Хъыбызты Рая), Кæрдзыны скъолайы æмæ йæ филиалы ахуырдзаутæ Моргуаты Виктория æмæ Мысыкаты Аминæт (Зураты Нанули æмæ Къудухты Фатимæ), Комсомольскæйы скъолайы ахуырдзау Хъуы-
латы Алинæ (Хъуылаты Светланæ).
Мадзалмæ хуынд æрцыдысты районы скъолаты
хистæр кълæсты ахуыр-
дзаутæ, ахуырадон уагдæтты сæргълæуджытæ, ахуыра-
ды управленийы методисттæ. Се ‘ппæтæн дæр арфæйы ныхæстæ загътой конкурсы кадджын уазджытæ — «Аланты Ныхас»-ы районы хайады сæргълæууæг Къубалты Солтан æмæ Кировы районы Ветеранты советы сæрдар Бедойты Феликс.
Дарддæр мадзал амонджытæ — 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Дзгойты Иринæ æмæ Къумситы Георги радзырдтой, цавæр ерыстæ æнхъæлмæ кæсы архайджытæм, уый тыххæй. Хуыздæры кадджын ном райсынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыцы чызджытæ сæ арæхстдзинад хъуамæ равдыстаиккой кафынæй, зарынæй, аив дзырдæй, радзырдтаиккой чындзæхсæвы ‘гъдæуттæ, бæрæгбæттæ, ирон кусæнгæрзтæ æмæ хæринæгты тыххæй. Сæ архайдæн сын сыгъдæгзæрдæйæ аргъ кодтой сæрмагонд жюрийы уæнгтæ. «Иудзинад»-ы æвзæрст лæг Туаты Алан (къамисы сæрдар), ра-
йоны ахуырады управленийы методист Богъиты Маринæ æмæ «Движение первых»-ы цæстдарæг Саулохты Хъазыбег.
Ерыс-æркаст «Ирон дæн æз»-ы хи равдисын æнцон нæу, уымæн æмæ дзы вæййы бирæ хæслæвæрдтæ. Уыдонмæ бацæттæ кæнынмæ хъæуынц ныфс æмæ фидар зонындзинæдтæ.
Ерысдзаутæн рагацау хæдзармæ куыст лæвæрд уыд сæ мыггæгты равзæрды тæххæй æрмæг бацæттæ кæнын. Чызджытæ ирон уæлæдарæсы иугай хызтысты сценæмæ сæ фыццаг фæлварæнмæ. Алчидæр сæ раргом кодта йæ сусæг хъуыдытæ: йæ миддунейы цы уарзондзинад ис йæ мыггагмæ, Райгуырæн бæстæ, фыдыуæзæг æмæ мадæлон æвзагмæ. Иннæ фæлварæнты хъуыд бæрæгбæттæ, чындзæхсæвы
‘гъдæуттæ, кусæнгæрзтæ æмæ ирон хæринæгты тыххæй радзурын. Чызджытæй алчидæр æрбахаста хиконд хæринæгтæ æмæ хæдзары кусæнгæрзтæ. Бæстон радзырдтой, уæливыхтæ, дзыкка, къæлуа, æртхурон, мисын, дзæрна, кæрдзынтæ, басылтæ, задын, бæгæны, сир, хъæбынтæ куыд цæттæгæнгæ сты, уый тыххæй. Уый фæстæ равдыстой, куыд архайдтой æмæ цæмæн хъуыдысты сивыр, хъуылæг, æртыскæн, арынг, пирæн, æлхуый, уæдæртт, теман, æнгуырстуан, иту, къæрта, кæфой.
Æппæты фæстаг фæлварæн уыд аивадон. Алы фæлварæны фæстæ-иу конкурсмæ кæсджыты зæрдæтæ музыкалон номыртæй барухс кодтой æрыгон артисттæ районы скъолатæй. Жюрийы уæнгтæ та æвæрдтой бæрæггæнæнтæ архайджытæн, аргъ сын кодтой сæ арæхстдзинадæн. Уыдон бахынцгæйæ, рабæрæг сты конкурсы уæлахиздзаутæ. Афтæмæй ерыс-æркаст «Ирон дæн æз» кæронмæ æрхæццæ.
Кæронбæттæны радзырдта жюрийы сæргълæууæг Туаты Алан:
— Абон дæр та, иннæ хæттытау, нæ ерысæй рауад бæрæгбон. Зæрдиагæй бакуыстой чызджытæ дæр æмæ сæ ахуыргæнджытæ дæр. Стыр бузныг! Ноджыдæр ма мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды уæ районы ахуырады управленийы методист Битарты Оксанæйæн, алы хатт не ‘мрæнхъ кæй æрлæууы, уый тыххæй, стæй ацы райдзаст скъолайы сæргълæууæг Севиль Виштунцæн, ацы рæсугъд зал нæ мадзал саразынæн кæй нæ бавгъау кæны.
Æркасты фæстиуджытæ та сты ахæм. Æртыккаг бынат бацахста Гæззаты Арианæ. Йæ ахуыргæнæг Гæззаты Ритæимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ æртæ мин сомы. Дыккаг бынат бацахста Фæрниаты Арнеллæ. Йæ бацæттæгæнæг ахуыргæнæг Танделаты Кетиноимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ фондз мин сомы. Уæлахиздзау Хъуылаты Алинæ æмæ йæ ахуыргæнæг Хъуылаты Светланæ хорзæхджынгонд æрцыдысты фæйнæ авд мин сомæй. Уымæй уæлдай, æркаст-ерысы æппæт архайджытæ, сæ ахуыргæнджытæ, стæй мадзал амонджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
ДЗИУАТЫ Анжелæ, авторы ист къам














