Хъуысаты Сабихы фырт Мураты (Дзиуы) бинонты алыхуызон кадджын хæрзиуджыты ’хсæн ис, йæ фыд – Хъуысаты Мысосты фырт Сабихæн 1945 азы 6 июны Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиум кæй саккаг кодта, уыцы майдан «1941-1945 азты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъазуатон фæллойы тыххæй».
Ахæм бæрзонд аргъ скодтой Заманхъулы уæды рæстæджы С.М.Буденныйы номыл бæхты фермæйы сæргълæууæгæн. Ацы хæдзарад Сабих сарæзта 1929 азы, æмæ цыбыр рæстæгмæ нымад æрцыд Цæгат Ирыстоны хуыздæр специалистыл йæ къабазы. Æрвылаз дæр фермæ æрвыста Сырх Æфсадæн 30 бæхы. Фыдыбæс-тæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та арвыста 111 бæхы сæрмагондæй, Плиты Иссæ разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы бæхты – механизацигонд корпусæн. Сабихы бæхтæ хъахъхъæдтой Мæскуы, архайдтой алы ахсджиаг хæстон операциты, хæст куы фæци, уæд та сæрыстырæй къах-дзæф кодтой Уæлахизы Парады Мæскуыйы.
Сабих уыцы куыстыл бафтыдта йæ фыртты – Зауырбег æмæ Мураты дæр. Уыцы азты фермæйы бæхты нымæц схæццæ æртæсæдæмæ.
Сабих æмæ йæ фыртты фæллойадон æнтыстыты уыдис се ’мхъæуккæгты ахъаззаг хай дæр, уыдон колхозы быдырты æфснайдтой хос, æндæр холлæгтæ фермæйы бæхтæн. Уæлдай хъазуатон куыст кодтой Бæцæзаты Хъайтыхъо, Хъуысаты Иналыхъ æмæ иннæ заманхъуйлæгтæ.
390 адæймаджы ацыд Заманхъулæй хæсты быдырмæ. Хъæбатырæй хæцыдысты, бæрзонд хастой сæ райгуырæн Ирыстоны ном знагимæ лæгæй-лæгмæ æгъатыр тохы. Бирæтæ дзы сæ цард раттой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, чи сыздæхт райгуырæн хъæумæ, уыдонæн дæр сæ фылдæр – цæфтæ æмæ сахъатæй, куыд Бæцæзаты Темырхъан, Хъуысаты Ахберд... Æнæкæрон зындзинæдтæ æмæ уæззау фæлварæнтæ бавзæрстой уыцы фæлтæры минæвæрттæ. Уый нæ рох макуы уæд, уæлдайдæр – нæ кæстæртæй.
Уæлахизы цытджын бæрæгбоны фæдыл ма мæ зæрдиаг арфæ ракæнын фæнды нæ районы æппæт цæрджытæн дæр. Удæнцой æмæ нын сабыр цард Хуыцауы зæрдæ зæгъæд!
Хъуысаты Асæхмæт














