Афтæ мæ мады ахаст мæнæй дæр рох нæу. Нæ мад уыд елхотаг Андиаты Дзабойы чызг Сафикко. Нæ фыды хо Фузæ та уыд Точъиты чындз, йæ цардæмбалимæ сын рантыст дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Хадзымырзæ, Темболат æмæ Леза фæзмыдтой сæ ныййарджыты. Уарзтой кусын, мах дæр-иу нæ хистæр æфсымæр Тамби бæхуæрдоны аласта Фузæтæм, æмæ-иу сын æххуыс кодтам балтæ тонын.
Уæдмæ Фузæйы лæппутæ каст фесты скъола, сæ хæс æххæст кодтой æфсады. Хадзымырзæ каст фæцис денджызон училищæ, æрыгон афицер разамынд лæвæрдта къордæн. Лæппутæм Леза æрвыста фыстæджытæ. Иу райсом нæ Фузæ райхъал кодта, фестут æмæ балтæ ратонæм, зæгъгæ. Уæдмæ Леза уынгæй кæугæйæ æрбаздæхт æмæ загъта, хæст кæй райдыдта, æмæ Германы фашисттæ кæй æрбалæбурдтой.
Тамби нæм бæхуæрдоны æрхæццæ æмæ нæ нæхимæ аласта. Хæсты уынæр хæстæгæй хæстæгдæр кодта, нæ мад тыхстис, цымæ Андиаты сагсур лæппутæ цы баисты, зæгъгæ. Фæлæ уæдмæ ацыдысты хæстмæ. Мах хæдзармæ дæр хæстон камиссарадæй æрбацыд хъусынгæнинаг: Богазты Тамбимæ фæсидтысты хæстмæ. Нæ мад бакатай кодта, фæлæ Тамби хъæлдзæг уыд.
Дыккаг бон сæ схæццæ кодтой Дзæуджыхъæуы дыккæгæм фистæг æфсæддон училищæмæ, нæ мад æмæ нæ хо ма сæ уым дæр бабæрæг кодтой. Бирæ дзы нæ фесты, арвыстой сæ Краснодары ‘рдæм. Сау денджызы былмæ хæстæг сæ фæллад куыд уагътой, афтæ сыл уæлдæфæй бомбæтæ æркалдтой. Уым фæмард Сафиккойы уарзон хъæбул Тамби.
Йæ фыд Богазты Зауырбег уыд кусæг батальоны, къахта æрбацæуæнты къанæуттæ, зыдта йæ фырты хабæрттæ. Фæлæ, уым иутæ сыджыты бын кæй фесты, кæй сæ ракъахтой æмæ сæ госпитæлмæ кæй аластой, уый йын ныфс лæвæрдта, æмæ Сафиккойæн ницы загъта Тамбийы тыххæй. Мад тыхстис, кæм ис Тамби, фыстæг та куыд нæ фыссы, зæгъгæ… Уæдмæ хæст схæццæ Ирыстонмæ. Немыцаг афицертæ æрцардысты хæдзæртты, махмæ дæр дзы дыууæйæ æрбынæттон сты.
Иу æхсæв нæм чидæр æрбахоста. Нæ мад бæрзонд ран хуыссыд, уырдыгæй рагæпп кодта, кæд, мыййаг, Тамби у, зæгъгæ. Йæ уæрджыты туг дæр ма акалд. Нæ хо Гадзидта бавдæлд æмæ бацæттæ кодта Тамбийы номæй фыстæг æмæ йæ нæ мадæн бакаст. Сафикко фæхъæлдзæгдæр, фæлæ Зауырбег ницы дзырдта. Мæйтæ рацыд, фæлæ Тамбийæ ницыуал хъуыст…
Иу рæстæг Сафикко йæ цардæмбалмæ фæдзырдта æмæ йын загъта: «Таби, æвæццæгæн, æвыд нæу, куыд ницы хабар дзы хъуысы. Мæ фынтæй йæ зонын. Нæ хæдзары пецы тохынайы сæрыл уыг абадтис æмæ уынгæг уаст ныккодта». Зауырбег иуварс алæууыд, йæ цæстысыгтæ асæрфта æмæ сдзырдта, Хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæн, мæ мадызæнæг æфсымæртæ дæр дзы бацарæфтыд сты, зæгъгæ…
Фæцис Фыдыбæстæйы Стыр хæст, уæлахиздзаутæ здæхтысты хæдзæрттæм, фæлæ Тамби нал сæмбæлд йæ фыды уæзæгыл. Гъеуæд бауырныдта мады, йæ хъæбул кæй фесæфт, уый. Нæ ныййарæг хъæрæй куыдта, йæ цардбæллон хъæбулы мæлæты
фæстæ йын постхæссæг йæ нысангонд пенси куы ‘рбахаста, уæд. «Тугæйдзаг капеччытæ» сæ хуыдта.
Афтæ советон адæм нæ бæстæйы сæраппонд сыстадысты, фашисттæй бахъахъхъæдтой Советон Цæдис. Нæ фыды хо Фузæйы фырт Хадзымырзæ дæр денджызон флоты фæмард. Йе ‘фсымæр Темболат хæстæй бæргæ сыздæхт, кусгæ дæр ма акодта, фæлæ йæ йæ цæфтæ нæ бауагътой цардмæ раздæхын. Афтæ рауад нæ бинонты хъысмæт. Сафикко æмæ Фузæ цардæй ахицæн сты, семæ ахастой сæ фырттæм тырнындзинад, уарзондзинад. «Мады зæрдæ зонаг у» дзæгъæлы нæ фæзæ-
гъынц. Бамбæрстой, базыдтой ныййарджытæ сæ хъæбулты хъысмæт…
Богазты Арсæмæг,
Ирыстоны кадджын ветеран