Æртиссæдз азæй фылдæр цæуы,Хъазыбегты Таисæ Чырыстонхъæуæй (абоны Дигора) йæ райгуырæн хæдзарæй Елхоты Ходы кæртмæ куы ‘ркуывта, уæдæй абонмæ. Æрцыдысты йыл хистæрты арфæтæ: фарн ныууагъта Петры хæдзары, фарны къах бавæрдта йæ цæрæн хæдзармæ. Йæ сæрызæд æй
бафæдзæхста Бынаты хицауыл.
Кæддæры ног чындз кад æмæ радимæ фæцард Ходы хæдзары. Йе ‘фсин — фондз фыдæй сидзæр сабийы мад Афизæтæн дыууиссæдз азы чызджы лæггад фæкодта. Йæ мой Русланимæ схъомыл кодтой æртæ цъæхдзаст чызджы, æмæ абон уыдоны рæвдыдæй сты арфæйаг.
Æрæджы Ходы Русланы хæдзары уыдис циндзинад — Хъазыбегон бæрæг кодта йæ 85 азы кадджын юбилей. Сæмбæлдысты дзы сæ цоты байзæддаг æмæ Таисæйæн йæ мадызæнæг æфсымæр Хъазыбегты бинонтæ, æнусы æмбисмæ хæстæг цы скъолайы фæкуыста, уый ахуыргæнджыты къорд.
Райгуырæн бон, дам, арфæтæй фидауы. Æмæ Таисæ фыццаг арфæ райста Кировы муниципалон районы разамындæй — Кады гæххæтт, йæ къухæвæрдæй сфидар кодта районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барис, хæрзиуæг та зæрдылдарæн лæваримæ хæдзары æфсиныл сæмбæлын кодтой Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан æмæ хайады хистæрты уынаффæдоны сæрдар Хабæты Батмырзæ.
Хъазыбегон йæ царды фæсмонгонд ницæмæй у: йæ бинонтæн у уарзон, йæ цæгат Хъазыбегтæ йын кæнынц стыр аргъ, сыхбæстæ æмæ хъæубæс-
ты у нымад. Скъолайы кусгæйæ, сывæллæттæн амыдта æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ, хъомыладон фарстатыл дзургæйæ та сын æмбарын кодта, цард æгъдауæй кæй фидауы, уый. Иннæ ахæм, алы адæймаг дæр йæ ном, йæ кад хъуамæ æрыгонæй кæй бахъахъхъæна.
Юбилярæн йе ‘мкусджыты иумæйаг хъуыды загъта Гæбæраты Мери:
— Таисæ Петры чызджы хуызæн хистæртæ сты нæ адæмы стыр хæзна: фæлмæн, фæлæ домаг, баххуыс кæнынмæ — цæттæ, нæ кадджын фыдæлтæй нын хæзнайау цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон рæзгæ фæлтæрмæ рæсугъдæй хæццæгæнаг, ирон æфсарм, ирон уæздандзинадæй — æххæст, хистæртæн æгъдаудæттæг, кæстæртæн – зонд-амонæг.
— Æз нæ къабæзтæй дыккаг ахæм нæ зонын, Таисæйы хуызæн хион-хæстæгыл æнувыд чи у, — зæгъы мæ фыдыхо, 91-аздзыд Дзиуаты-Къубалты Азæ. — Циндзинады уа æви хъыджы бон, йæ фæллой, йæ уынаффæ кæм нæ фæзынынц, ахæм нæй. Нырма дзы æнæ рæвдыдæй ничи аирвæзт, алкæуыл дæр баузæлы.
Уазæгуарзаг сты йæ цæгат Хъазыбегтæ, уазæгцух никуыма уыдысты Ходы бинонтæ. Уыцы фыдæлтыккон хорз миниуæгæй хайджын фæцис Таисæ дæр æмæ фыдæлтæй рахаст царды æвæрдад дарддæр хæццæ кæны рæсугъдæй. Ууыл ахуыр кæны йæ кæстæрты дæр, кæрæдзи хорз кæй æмбарынц, уымæн ис бирæ дæнцæгтæ æрхæссæн. Сæ фыццаг — хæдзары æфсины номыл рæсугъд бæрæгбон.
КЪУБАЛТЫ Аркади,
авторы ист къам