Наркоманийæ рæзгæ фæлтæр бахизынмæ арæзт оперативон-профилактикон акци «Сообщи, где торгуют смертью» æххæстгæнгæйæ, Алагиры районы
мидхъуыддæгты хайады кусджытæ дзыллæты æргом спорты хорздзинæдтæм аздахыныл архайынц.
Æрæджы амынд хайады хъомыладон куыстæй специалист, пъæлицæйы
кæстæр лейтенант Кæсæбиты Тамарæ, армхæстæй спорты мастертæ Деметы Арсен æмæ Хъæрджынты Эллæ, спорты мастертæм кандидат Суанты Элинæ æмæ ацы спортсменты тренертæ Алагиры 3-æм скъолайы ахуырдзаутæн амыдтой урок «Зарядка с чемпионом». Ивгъуыд мæй амынд спортсментæ архайдтой горæт Орелы ацæуæг армхæстæй Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты. Раззаг бынæттæ бацахсæг нæ республикæйы минæвæрттæ хаст æрцыдысты бæстæйы иугонд командæйы уæнгты номхыгъдмæ æмæ сентябры архайдзыс-ты Болгарийы саразинаг дунейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты.
Спортивон фæлтæрæнтæ æнæзивæгæй баххæстгæнæг скъоладзаутæ урокæй разыйæ баззадысты. Урокы фæстæ фæсивæдæн уыд сæ хъарутæ æмæ дæсны-дзинад спорты амынд хуызæй бафæлварыны фадат.
– Армхæст Ирыстоны спорты æрыгон хуызыл нымад кæд у, уæд дæр æм нæ лæппутæ æмæ чызджытæ стыр æргом здахынц. Армхæсты хайæдты архайджыты нымæц фылдæр кæны. Рæхджы нæ республикæ канд уæгъдибарæй хъæбысæйхæцджыты нæ, фæлæ армхæстæй дæр спортсменты парахатæй цæттæ кæнын кæй райдайдзæн, ууыл зæрдæ дарын, – зæгъы армхæстæй тренер, нæ республикæйы Армхæсты федерацийы вице-президент Диамбекты Чермен.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор