Хæрзиуджыты баст Махачкалайæ

0
44

Махачкалайы апрелы фæстаг къуырийы уæззау атлетикæйæ цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгæтты (17 азы онг) æмæ хистæр спортсменты чемпионаты ерыстæ.

Ерыстæ цыдысты дыууæ кары сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ’хсæн. Ирыстоны командæ, кæд куынæгæй ацыд æхцайы фæрæзтæ йын кæй нæ уыд, уый аххосæй, уæддæр нæ спортсментæн бантыст фынддæс хæрзиуæджы рамбулын.

Æрыгæтты ’хсæн нæ чызджытæ рамбылдтой дыууæ 1-аг æмæ дыууæ 2-аг бынаты.

Æппæты рогдæр уæзы, 45 кг онг тренер Æлборты Вадимы хъомылгæнинаг Будайты Амиринæ дыууæ хуызы систа 102 кг (45+57) æмæ бацахста 1-аг бынат. 87+кг уæзы 1-аг бынатмæ рацыд тренер Мерденты Кристинæйы хъомылгæнинаг Мерденты Нинæ. Уый дыууæ хуызы систа 105 кг (45+60).

2-аг бынæттæ бацахстой: 64 кг онг уæзы Мæхæмæтты Софиа – 102 кг (46+56) æмæ 55 кг уæзы Къæбулты Альбинæ – 120 кг (57+63).

Ацы кары ирыстойнаг лæппутæ 3-аг бынæттæ бацахстой цыппар уæзы. 55 кг – Давид Лукаш – 169 кг (74+95), 89 кг Святослав Гайченя – 212 кг (95+117), 102 кг – Багаты Георги – 210 кг (100+110), 102 кг+ Иван Антошкин – 201 кг (90+11). Сæ бацæттæгæнæг тренертæ сты: Мерденты Кристинæ, Бидеты Алан, Кæсæбиты Алыксандр, Къадзаты Артур.

Хистæр, спортсменты ерысты сылгоймæгты ’хсæн цы æртæ ирыстойнаг чызджы уыди, уыдон рамбылдтой æртæ хæрзиуæджы.

Æппæты рогдæр уæзы, (49 кг онг) тренер Æлборты Вадимы хъомылгæнинаг Анастасия Черемных дыууæ хуызы систа 153 кг (65+88) æмæ бацахста 1-аг бынат. 2-аг бынатмæ рацыди Мерденты Кристинæйы хъомылгæнинаг Виктория Костова. Уый 59 кг онг уæзы дыууæ хуызы равдыста 117 (53+64). 3-аг бынат ма сылгоймæгты ерысы рамбылдта Золойты Давиды хъомылгæнинаг Дзæгъойты Янæ. Уый 64 кг онг уæзы дыууæ хуызы систа 129 (59+70)

Ацы кары нæ тыхджындæр штангисттæ цалдæрæй кæй нæ архайдтой, уый аххосæй нæ нæлгоймæгтæн 1-аг бынат рамбулын нæ бантыст. Фæлæ уæддæр нæ нæлгоймæгтæ рамбылдтой цыппар хæрзиуæджы

2-аг бынæттæ бапцахстой: 89 кг – Хуыгаты Сергей – 298 кг (135+163) йæ тренер у Куымæриттаты Феликс, 96 кг – Хъарацаты Руслан 331 кг (155+176), йæ бацæттæгæнæг тренер Æлборты Вадим, 109+ кг –Æлборты Хетæг – 325 кг (145+180), тренер Куымæриттаты Феликс.

Нæлгоймæгты ’хсæн ма 3-аг бынат бацахста Лазарты Владимиры хъомылгæнинаг Руслан Гашакберов. Уый 73 кг онг уæзы равдыста 225 кг (100+125).

Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ спорты мастеры ном райста Æлборты Хетæг

Лазарты Владимир нæ спортсменты архайды тыххæй загъта: «Нæ иумæйаг бæрæггæнæнтыл фæбрæг, нæ командæйы тыхджындæртæй цалдæр ерысты кæй нæ архайдтой, уый. Нæ къухы нæ бафтыд фылдæр спортсментæ акæнын ерыстæм, фæлæ уæддæр нæ фæсивæд архайдтой хорз бæрæггæнæнтæ равдисыныл. Хорзыл банымайæн ис нæ чызджыты архайд. Ныр нæ нысан у Уæрæсейы чемпионатмæ нæхи бацæттæ кæнын. Уырдæм, нæ атлеттæй цал ацæудзæн, уый бæрæггонд æрцæудзæн чысыл фæстæдæр».

                                                                                                Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here