Се ‘ппæт дæр йæ лæппутæ сты…

0
227

Нæ газеты иузæрдион кæсджытæй иу у Цæгæраты Катя, Камбилеевкæйы цæрæг. «Рæстдзинад» ын йæ цардвæндаджы тыххæй фыста. Ныртæккæ Катяйыл 89 азы цæуы, фæлæ йыл дзырдбаст «зæронд ус» бадгæ дæр не скæндзæн, раздæрау, активонæй архайы районы æхсæнадон царды. Фæн-
дзай азæй фылдæр бакуыста Катя фæсивæдимæ, уыдис хъæусоветы, фæстæдæр та администрацийы хыгъдон стъолы хицау, лæппуты цæттæ кодта æфсадмæ, ис æм районы æфсæддон комиссарады куысты фæлтæрддзинад дæр. Уымæ гæсгæ йæ Горæтгæрон районы цæрджытæ хорз зонынц.

Катя-иу лæппуты æфсады рæнхъытæм куы афæндараст кодта, уæд-иу ууыл хъуыддаг нæ банцад. Уыдис ын бастдзинад æфсæддон хæйтты командиртимæ. Зыдта, ирыстойнæгтæ сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц, уый, ахæм бастдзинад ын уыдис сæ ныййарджытимæ дæр. Хъыгагæн, ныр æфсæддон комиссарадты ахæм
куыст стæм у…

Фæлæ Катя, кæд ныр рагæй дæр пенсиисæг у, уæддæр йæ кæнон нæ уадзы. Æмæ уын уый тыххæй иу цæвиттон æрхæсдзынæн. Камбилеевкæйы цæрæг Дзыныхты Тимуры фырт Сæрмæт фараст къласы фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы Электронон колледжы. Каст æй куы фæци, уæд æм æфсады рæнхъытæм фæсидтысты. Æфсæнттæ агурынмæ нæ фæци æмæ абон службæ кæны Смоленскы облæсты.

– Камбилеевкæйы фæсивæдæй ныртæккæ ‘фсады чи ис, уыдон сты, раздæры азты мæхæдæг службæмæ кæй æрвыстон, уыцы лæппуты лæппутæ. Зонын дзы алкæй бинонты дæр, чи дзы куыд цæры, цæмæй улæфы. Сæрмæт дæр мын кæд тугхæстæг нæу, уæддæр, куыд хъæуы иннæтæ, афтæ мæхи лæппу у. Тынг тыхстæн, зæгъын, цымæ куыд æххæст кæны йæ салдаты хæстæ. Нал фæлæууыдтæн, бавдæлдтæн æмæ ныффыстон фыстæг æфсæддон хаймæ, йæ командирмæ, – радзырдта нын Катя.

Æмæ æрæджы райста дзуапп æфсæддон хайы командир гвардийы булкъон Алексей Трубинæй. Фыст у уырыссагау, фæлæ йæ ратæлмац кæндзыстæм: «Зынаргъ Цæгæраты Саулохы чызг Екатеринæ! Фыссы дæм, дæ фырты фырт Дзыныхты Тимуры фырт Сæрмæт кæм службæ кæны, уыцы æфсæддон хайы командир.

Аэротехникон æфсисады батальоны æрсидтмæ гæсгæ службæгæнæг, гвардийы рæнхъон Дзыныхты Сæрмæт йæхи бавдыста бæрнон æмæ коммæгæсæй. Хæстон цæттæдзинады у уæлахизмæ тырнаг æмæ хъæддых. Сæйраг æфсæддон уставты уагæвæрдтæ сахуыр кодта æмæ сæ бæрнонæй æххæст кæны йæ æрвылбонон службæйы.

Æдзух архайы йæ профессион зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кæныныл, æмæ йæ къухы ‘фты хорз бæрæггæнæнтæ. Ис æм лидеры миниуджытæ, йæхимæ бæрнондзинад райсыны хъару, йæ размæ æвæрд нысан æххæстгæнгæйæ. Зын уавæрты йæ бон у хъуыддаг раст уагыл аскъуыддзаг кæнын.

Рæнхъы лæугæйæ, йе ‘ддаг бакаст йе ‘мбæлттæн у дæнцæг, се ‘хсæн нымад у, йæ дзырдмæ хъусынц. Йæ бæрны цы ‘фсæддон техникæ ис, уый хъахъхъæны, ис æмбæлгæ уавæры.

Æфсæддон хайы командæгæнджыты номæй дын стыр арфæ кæнын дæ фырты фырты раст хъомылады тыххæй – цæсгомджынæй æххæст кæны йæ хæстон хæс Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхты рæнхъыты».

Катяйæн, уæлдæр куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй лæппу тугхæстæг нæу, фæлæ, уыцы фыстæг райсгæйæ, Сæрмæты ныййарджытæй гыццылдæр нæ бацин кодта. Йæ цинæй «Рæстдзинад»-æн дæр фæхай кодта.

Ацы уацхъуыдæй цы зæгъынмæ хъавæм? Цæгæраты-Дзгойон Катяйы хуызæн æнæнцой адæм нæ фарсмæ, нæ алыварс фылдæр куы уаид, уæд нæ цард ирддæр ахорæнтæй разынид… Катяйæн та бузныг зæгъæм, æвæлмастæй кæй нæ цæры не ‘хсæн, уый тыххæй.


ГАПБАТЫ Алетæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here