Зынаргъ æмбæлттæ! Æмзæххонтæ!

0
75

Зæрдиаг арфæ уын кæнын, нæ адæмæн стырдæр нысаниуæг кæмæн ис, уыцы бæрæгбæттæй иу – Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл!

Алчидæр нæ, Ирыстоны цæры ныртæккæ æви æндæр ран, йæ бон куыд у, афтæ архайы нæ национ хиæмбарынад, йæ хæдбындур культурон код бахъахъхъæныныл.

Абон дæр æмæ фидæны дæр нæ сæйраг хæс у не стырдæр хæзна – нæ мадæлон æвзагыл æвæллайгæйæ архайын æмæ йæ æрыгон фæлтæртæм хæццæ кæнын. Æмæ паддзахадон æмвæзадыл абон мах æнæрынцойæ архайæм не ‘взаг бахъахъхъæныныл æмæ йæ рæзтыл. Афтæ, Истори æмæ археологийы институты бындурыл арæзт æрцыд Ирон æвзаджы рæзты центр. Бакуыстой, федералон экспертизæ чи ацыд, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахæм фараст программæйыл. Ирон æвзаг æмæ литературæйы 32 ахуыргæнæн чиныджы 1-11 кълæстæн арвыстам федералон экспертизæмæ, цæмæй хаст
æрцæуой федералон ахуыргæнæн чингуыты номхыгъдмæ. Уымæй уæлдай ма сарæзтам, 2024 азы февралæй фæстæмæ республикæйы æппæт скъолаты дæр кæмæй пайда кæнынц, Ирыстоны историйы ахæм электрон курсæй 6-9 кълæстæн. Арæзт æрцыд Ирыстоны историйы чиныг 5-7 кълæстæн, уый дæр ныртæккæ экспертизæмæ арвыстам, уыимæ – скъолатæн уырыссаг-ирон, ирон-уырыссаг дзырдуæттæ. Цы авд ахуыргæнæн æххуысгæнæн чиныгыл куыст æрцыд, уыдон фæахъаз уыдзысты дыгурон диалект
сахуыр кæнынæн. Рохуаты нæ баззадысты астæуккаг профессионалон ахуырадон уагдæттæ дæр – фæзынди сын программæтæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Куыст цæуы, Цæгат Ирыстоны историйы ахадгæ фæд чи ныууагъта, уыцы зындгонд адæмыл чиныг саразыныл. Бæрзонд технологиты заман архайæм рæстæгимæ æмдзу кæныныл æмæ кусæм ирон æвзаг нымæцмæ рахатыныл: фароны июлæй уый Цæгат Кавказы федералон зылды национ æвзæгтæй «Яндекс.Тæлмацгæнæг»-мæ кæй бахастой, уыдонæй ссис фыццаг æмæ нырма иунæг. Ууыл нæ архайд не ‘рмынæг: дарддæр кусæм, цæмæй ирон æвзагыл сдзурой «Яндекс.Навигатор» æмæ «Зондджын колонкæ».

Абон та, Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон, байгом кæндзыстæм бындурон цалцæджы фæстæ Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей. Æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц, цæмæй нæ æрвылбоны царды ирон æвзагæн бынат уа, æмæ алы ног фæлтæр сæ мадæлон æвзаг зоной, дзурынмæ йыл арæхсой, æмæ афтæмæй нæ рагфыдæлты хъæздыг монон бынтимæ бастдзинад ма фехæла.

Ацы нысаниуæгджын бон не ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нæ алыварс арæхдæр хъуыса ирон ныхас, цæмæй зонæм кæрæдзимæ лæмбынæг хъусын æмæ кæрæдзийы æмбарын! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, хæлæрттæ!


Сергей МЕНЯЙЛО,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here