Ирыстоны зынаргъ адæм!

0
88

Рагон æгъдаумæ гæсгæ 15 майы кæй бæрæг кæнынц, республикæйы Парламенты депутатты номæй уын Ирон æвзаг æмæ литературæйы уыцы боны фæдыл арфæ кæнын!

1899 азы амынд бон джиппы рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» – ома, дзыхæй-дзургæ адæмон сфæлдыстады раздæры æппæт фæлтæрддзинад литературон уагæй равдисæг, иронау фыст фыццаг чиныг.

Хетæджы-фырты бирæвæрсыг бынтæ банымайæн ис бирæнацион Ирыстоны удварнон хæзнатыл. Ирон æвзаг у нæ адæмы раздæры, абон æмæ фидæны цард, рæсугъд æгъдæуттæ иугæнæг бындур. Мадæлон æвзаджы хæзнатæ ныййарджытæй цотмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ ивынц.

Æнусты дæргъы сæдæ адæмыхаттæй фылдæры минæвæрттæ нæ республикæйы хæларæй, кæрæдзи æмбаргæйæ цæрынц. Ацы бæрæгбон иу кæны ирæтты, канд уый нæ, фæлæ, Ирыстоны чи райгуырд æмæ схъомыл, йæ райгуырæн бæстæйыл æй чи нымайы, ацы бон æппæт уыцы адæмыхæттыты минæвæрттæн дæр нымад у хæлардзинад æмæ иудзинады æвдисæныл.

Ирон æвзаджы хæзнатæ æмæ фидауц хъахъхъæнгæйæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ чи дæтты, ацы бон наукæйы уыцы архайджытæн, ахуыргæнджытæ æмæ культурæйы дæснытæн стыр бузныг зæгъын. Нæ рагфыдæлты æвзаг æнæмæнг банымайæн ис нæ адæмы удвæрнон хæзнатæ æмæ куырыхондзинадмæ дæгъæлыл. Хи адæмы ивгъуыд цардæй сæрыстыр уæвыныл кæстæрты чи ахуыр кæны, бинонты уыцы хистæртæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнты сæвзæрдæн ахъаз кæй кæнынц, уый дызæрдыггаг нæу.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæрныгады сæраппонд уын мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, амонд æмæ æнтыстдзинæдтæ!

 

Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here