Программæтæ æххæстгонд цæуынц

0
74

«Хъæууон ахуыргæнæг»  æмæ «Ахуырады рæзты» программæйы фæлгæты «Скъолайы ахуырадон системæйы  модернизацийы» программæтæ æнтыстджынæй кусынц Алагиры районы. Куыд æмæ цы цæлхдуртæ ис сæ сæххæст кæныны хъуыддаджы, уый раиртасыныл бацархайдта нæ уацхæссæг.

Районы ахуырады управленийы методист Габысты Тамарæйы баййæфтам Майрæмададжы астæуккаг скъолайы директоры кусæнуаты. Бæрнон кусæг дзуапп дæтты, программæ «Хъæууон ахуыргæнæг» царды куыд æххæст цæуы, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ дзы чи архайы, ахæм ахуыргæнджытæ районы ис æхсæз: æртæ – Мызуры, фæйнæ та – Майрæмадаг, Дзуарыхъæу æмæ Фыййагдоны поселочы скъолаты. Программæйы архайæг у Тыбылты Зæлинæ – математикæйы
ахуыргæнæг, кусы Майрæмададжы скъолайы. Афæдз ма йын баззад, фæлæ, йе ‘мгъуыд куы ‘рхæццæ уа, уæд уый фæстæ дæр йæ зæрды ныууадзын нæй йæ куыст, скъолайы кусгæйæ баззайдзæн.

– Рауагъдонтæ нæ тырнынц скъолайы кусынмæ, мæхæдæг дæр вæййын, ЦИПУ æмæ ЦИПИ-йы кæй саразынц, уыцы куыст дæттыны армукъаты. Хъыгагæн, æрыгæтты нæ фæнды скъолатæм ахуыргæнджытæй цæуын, кæд сын нæ республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæрисæй уæлæмхасæн мызд фидынц, уæддæр. Мæхицæн дæр ахуыргæнæгæй райдыдта мæ  фæллойадон фæндаг. Уыцы рæстæг къласæн разамынд дæттын хъæппæрис уыд, ныр та сæ мыздæй уæлдай исынц дæс мин сомы. Æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц фæсивæд разæнгард кæнынæн, – зæгъы районы медотист.

Фæлæ уæддæр ахуыргæнджытæ нæ фаг кæны. Афтæ, Фыййагдоны поселочы скъолайы ахуыргæнæджы йæхи предметæй уæлдай бахъæуы æндæр дисциплинæтæй  дæр уроктæ дæттын. Аххосаг – ахуыргæнджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Программæйы чи архайы, уыдонæн лæвæрд цæуы милуан сомы, уымæй хъалон сисыны фæстæ райсынц астсæдæ мины. Кæм цæрой, уый дæр самал кæнынц, сывæллæттæн зонындзинæдтæ дæттынмæ чи тырны, уыдонæн. Зæгъæм, Фыййагдоны поселочы ахуыргæнджыты хæдзары цæрынæн ис æппæт фадæттæ дæр.

Майрæмададжы скъола иунæг предметы ахуыргæнæгæй дæр цух нæу. Йæ директор Плиты Заремæ кусынмæ ‘рбахуыдта райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Лæппынæгты Ларисæ, историйы ахуыргæнæг Цопанаты Артур æмæ Дойаты Ксенияйы æмæ нæ фæрæдыд. Сæ куыстæй разы у. Тыхсын сæ кодта, бирæ азты се скъолайы психолог кæй нæ уыд, уый. Директор скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæгæй ссæдз азы бакуыста æмæ хорз зоны, куыд ахсджиаг æмæ хъæугæ у нырыккон ахуырады  психолоджы куыст. Ацыд ЦИПУ-мæ æмæ уыцы бынатмæ ‘рбахуыдта æрыгон специалист Огъуаты Данæйы.

– Сывæллæттимæ куыст ын хорз æнтысы, ахуырдзаутимæ цæуынц анкетировани, амоны сын, алыхуызон уавæрты хи куыд дарын хъæуы. Рауагъдонтæн æрбахæстæг кæны фæлварæнтæ дæттыны рæстæг, ацы аз нæм фарæстæм кълас фæуд кæнынц нудæсæй, иуæндæсæм та – æртæ ахуырдзауы. Ныхас кæны семæ, стæй сæ ныййарджытимæ, цæмæй сæм тасдзинад ма ‘взæра, фæлварæнтæ дæтгæйæ, æмæ сæ æнæкъуыхцыйæ кæронмæ ахæццæ кæной. Алы скъолайы дæр ис профилон кълæстæ. Туризм æмæ фысымуатон бизнесы кълæстæ байгом уыдзысты фæззæджы нæ ног цалцæггонд скъолайы дæр, – зæгъы Заремæ Пашайы чызг.

Иу арфæйаг хъуыддагыл ма бакуыста скъолайы директор. Цæвиттон, Майрæмадагæй дыууæ километры дæрддзæг,  хъæуæн йæ фарсмæ ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты  æрцардысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонæй лыгъд æмæ æнæбары сыстæг адæм. Сывæллæттæ скъоламæ уырдыгæй цыдысты фистæгæй, дзæвгар рæстæг шофыр ссарын сæ къухы не ‘фтыд. Ныр фæзынд æмæ сæ ласдзæн скъолайы автобус.

Ацы мæй бавнæлдтой бынæттон ахуыргæнæндоны бындурон цалцæгмæ. Йæ директор Плиты Заремæ йæ курдиат бахаста районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Хæдарцаты Альбинæмæ, хъуыддаг дарддæр бахæццæ респуб-ликæйы Сæргълæууæгмæ. Скъола 1975 азæй бындурон цалцæг нæ уыд, нæ бацыдмæ атыдта канализацийы хæтæл, æмæ дзы ныр куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Сæ фæуыны фæстæ дзы нысан кæнынц нырыккон ахуырады домæнтæн дзуапдæттæг кусæнуæттæ скæнын, æппæт фадæттæ уыдзæн ног предметтæ ахуыр кæнынæн. Ахуыры азы фæудмæ уал райдайæн кълæсты ахуырдзаутæн уроктæ дæтдзысты бынæттон рæвдауæндоны агъуысты, иннæтæ – скъолайы актон залы.

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here