Йæ поэзийы – цард æмæ æхсæнады æцæгдзинад

0
88

Касаты Батрадзыл сæххæст 75 азы

Поэт йæ къухмæ фыссæн сис куы райсы, уæд æрмæст Ивгъуыды фæлтæрддзинадыл нæ фæхъуыды кæны, фæлæ Абоны æцæгдзинад æмæ Фидæны æрвгæрæттыл дæр. Йе сфæлдыстады мидæг ногдзинад дæр уый фæрцы ссары уыцы æртæ уазнысаны арæныл. Агурыны монц ын раттынц нывæфтауыны мадзæлттæ йæ дзырдаивады мæсыг амайынæн. Нывгæнæгæн цас бæрзонддæр схиза йæ уацмысты арвæрдын, уыйбæрц æм фылдæр ахорæнтæ æрæмбырд вæййы æрдзы æнусон æмæ æгæрон хуызтæй. Уымæ гæсгæ алы дзырдвæлдисæг дæр сагъæсы бацæуы, куыд, цы хуызы æмæ цавæр хуынимæ æрлæууа чиныгкæсæджы раз, уый фæдыл. Цæмæй хъуыдытæм хонæг уацмыс сфæлдисай, уый тыххæй стыр хæс æвæрын хъæуы дæ размæ. Æмæ йын хуымæтæджы азфыссæджы æмвæзадыл алыг кæныны хос нæй. Поэзи у дзырдаивады бæрæгбон. Æмæ уыцы циндзинады фæндыр æмæ зарæджы зæлтæ сфæлдыстадон тыгъдады мидæг цас анхъæвздзысты, уый аразгæ у алы поэтæн дæр йæхицæй. Уыимæ, зæрдылдаринаг у иу вазыгджын хъуыддаг: дæ зарæг æцæг æнкъарæнтæй амад куы нæ уа, уæд, хус фæздæгау, йæхи цыфæнды бæрзонд куы сиса, уæддæр сурæт кæнæ фæлгонцы иудзинад ницы хуызы райсдзæн. Иудзинад, мидисамады иудзинад кæм нæ уа, уый та уацмысыл банымайынæн ницы амал вæййы. Æрмæстдæр уый фæрцы исы аивадон уацмыс царддæттæг тых. Астæуккаг кары поэттæй мæ ахæм хъуыдытыл раджы бафтыдта Касаты Батрадзы поэтикон сфæлдыстад.

Касаты Георгийы фырт Батрадз райгуырд 1950 азы майы мæйы 18-æм бон Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы. Астæуккаг скъоламæ бацыдис Рахизфарсы районы Олгинскæйы хъæуы. Ахуыр куы нæма кодта, уæддæр йе ‘фсымæр Хъæлцыхъойы æххуысæй, «Абеты» чиныджы цыдæриддæр æмдзæвгæтæ уыд, уыдон дзурын зыдта æнæ чиныгмæ кæсгæйæ. Райдайæн скъолайы дæр уайтагъд сбæрæг, мадæлон æвзаг æмæ литературæ йæ зæрдæмæ тынгдæр кæй цæуынц, уый. Уыцы æууæлтæ йын рахатыдысты йæ ахуыргæнджытæ: Æрчъегкаты Зарæ, Тыбылаты Чермен æмæ Таутиаты (Дзуццаты) Иринæ. Се ‘цæг дунемæ ацыдысты, фæлæ ма сæ абон дæр поэт рæсугъдæй æрымысы. Фыццаг æмдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдтæ уыдоны фæрцы ныффыста. Йæ фыццаг мыхуыргонд поэтикон уацмыс — æмдзæвгæ «Уалдзæг» — цыппæрæмкъласон Касаты Батрадзæн рацыдис сæхи районы газет «Коммунизмы тырысайы» (ныры «Рахизфарсы царды») 1961 азы номыртæй иуы. Фæстæдæр йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыр кæнын райдыдта «Æрыгон коммунист» æмæ «Рæстдзинад»-ы фæрстыл. Æхсайæм азты райдайæны мыхуырон дзырдæн Ирыстоны уыдис стыр кад. Рахизфарсы районы алы къуымтæй æхсæнадон уацхæсджытæ æнцой нæ уагътой газеты кусджыты: Хуымæллæгæй зæрдæргъæвдæй фыста Гасситы Ирбег, Фарныхъæуæй — Берозты Азанбег, Беслæныхъæуæй — Дзуццаты Къоста, Заманхъулæй — Æрчъегкаты Геор, Олгинскæйæ — Касаты Батрадз æмæ афтæ дарддæр.

Йæ паддзахадон хæс фидыны афон куы ‘рцыд, уæд æм фæсидтысты Советон æфсады рæнхъытæм. Дыууæ азы — дзæнгæрæгæй-дзæнгæрæгмæ — æрдаудта, Германы Демократон Республикæйы нæ бæстæйæн цы ‘фсæддон къорд уыдис, уым. Фæлæ æфсады рæнхъыты дæр нæ ныууагъта йе сфæлдыстадон куыст. Рæстæгæй-рæстæгмæ йе ‘мдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдтæ цыдысты сæ районы газеты фæрстыл. Æмæ-иу æм æцæгæлон бæстæмæ йæ мыхуыргонд æрмæджытæ куы фæхæццæ сты, уæд-иу йæ цинæн кæрон нал уыдис.

Уыцы хъуыддаджы йыл тынг аудыдта районы газеты уæды редактор Дауыраты Дамир. Кæд æй лæгæй-лæгмæ нæ зыдта, уæддæр-иу ын афоныл арвыста æфсæддон хаймæ, йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыргонд кæм æрцыдысты, уыцы газеты номыртæ. Арæх-иу æм арвыста фыстæджытæ дæр зæрдæвæрæн ныхæстимæ. Æрыгон лæппуйæн уыдон уыдысты æвдадзы хосау: лæвæрдтой йын царддæттæг тых æмæ сфæлдыстадон ныфс. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты филологон факультеты ирон-уырыссаг хайадмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1978 азы.

Уæдæй фæстæмæ зæрдæргъæвдæй куыста информацийы алыхуызон дзыллон фæрæзты. Уыдис паддзахадон телерадиокомпанийы редактор (1978-1984), газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг æмæ хайады сæргълæууæг (1984-1986), республикæйы радиокомитеты уацхæссæг (1986-1988), ЦИПУ-йы рауагъдады сæйраг редактор (1989-1993), Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты культурæйы комитеты консультант (1994-2015). 2015 азæй фæстæмæ та фыдæбон кæны газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй.

Журналистикæйы мидæг цы ‘нтыстдзинæдтæ бафтыд йæ къухы, уый тыххæй йæ райстой ССР Цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисмæ. Кæсæг-Балхъары Республикæ та йын 2000 азы саккаг кодтой А.А. Теуважуковы номыл журналистты паддзахадон преми. Уыцы хорзæх ирон журналисттæй Касаты Батрадз йеддæмæ ничи райста. 1994 азы та поэт ссис Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг.

Батрадзыл райсом, 18 майы, сæххæст уыдзæн 75 азы. Æрцыдис афон йе сфæлдыстады тыххæй бæстон ныхасы рад. Æмгар æмæ æмбалы аивадон æрмдзæфыл æнцон фыссæн нæу: кæм æппæлынæй тæссаг у, кæм та — зæрдæхудтæй. Касайы-фырты поэзи нæдæр уæлæмæ исыны хъуаг у, нæдæр дæлæмæ кæнинаг. Æрдзон хуызы йæ æвдисын хъæуы, куыд у, афтæмæй. Поэтæн ис хæдбындур сфæлдыстад, уæздан хъæлæс æмæ бæрнон уагæвæрд. Чи зоны, уымæ гæсгæ Батрадз йæ юбилейы бæрæгбонмæ рауагъта æрмæстдæр 5 чиныджы. Уыцы хабар та дзурæг у æрмæстдæр иу хъуыддагыл: дзырдаивады раз автор у сыгъдæг æмæ цæстуарзон уды хицау. Ахæм зондахаст æмæ зæрдæйы уаг кæмæн уа, уыцы поэты уацмыстæ æвзарын бæрнон хæс у, фæлæ уæддæр æргомæй бафæлварæм нæ хъуыды цадæггай раргом кæнын.

Касаты Батрадз куыд поэт, тæлмацгæнæг, публицист æмæ адæймаг, афтæ хорз æмбары, царды мидæг йæ размæ цы ахсджиаг фарстатæ æвзæрынц, уыдон. Архайы, цæмæй сæ рæзты æнæрхъуыдыйæ ма ахиза, ууыл. Йæ поэтикон уацмысты æвдисы цард æмæ æхсæнады æцæгдзинад, адæмы фидæн кæдæм цæуы, уый. Фæлæ никуы загъта æппæлæн ныхæстæ, йæ бон цы у, уымæй тырны, хуыздæр цы у, уымæ. Тынг æй æндавы, чиныгкæсæгмæ йæ ныстуан ныхас бахъардзæн æви нæ, уый. Фæстаг рæстæг зарджытæ фыссынæй уæлдай лæуд у тæлмац кæныныл дæр. Ныридæгæн ирон æвзагмæ раивта Николай Рубцов, Риммæ Казакова æмæ иу къорд туркаг поэты уацмыстæ. Иннæрдыгæй хорз æмбары, цæмæй поэтæн исты бантыса, уый тыххæй хъуамæ уа сæрибар адæймаг, фæлæ йын къæбæр амал кæныны куыст цæлхдуртæ æвæры йæ размæ. «Рæстдзинад»-ы редакцийы куыст, уый размæ та — Парламенты архайд бæрнон хъуыддæгтæ сты, æмæ сыл сфæлдыстадон адæймаг бирæ тых æмæ бирæ рæстæг хардз кæны. Иу хъуыддагæн пайда сты (царды гуылфæнты уæвынæй), иннæрдыгæй та хъыгдаргæ (адæймаг æфсæйнаг нæу, уды тыхтæ æнæкæрон не сты) кæнынц.

Касаты Батрадзы литературон архайд нæ цымыдисы æфтауы йæ бирæвæрсыгадæй. Хæдбындур автор зындгонд у, куыд поэт, тæлмацгæнæг, публицист, редактор æмæ æхсæнадон архайæг, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат. Фæлæ йе ‘мдугонты æмбарынады уый у, фыццаджыдæр, поэт. Æмæ, æцæгæйдæр, йæ литературон бынты æппæты вазыгджындæр æмæ ахадгæдæр у йæ поэтикон сфæлдыстад.

Касайы-фырты æмдзæвгæтæ кæсгæйæ, хъус æнæ æрдаргæ нæй, иу æмбырдгондæй иннæмæ, иу азæй иннæмæ чи хизы, уыцы фæндаггон æмæ хæтæнхуаг адæймаджы сурæтмæ. Фæлварæнтæ æмæ цæлхдурты сæрты хизгæйæ, Батрадз адæмы хъысмæт æнгом бæтты хæрзæгъдауджын адæмы тырнынад æмæ бæллынадимæ. Уымæн, æмæ хорз æмбары, цардамонды фæндагмæ æрмæстдæр иумæ рахизæн кæй ис, уый. Афтæ чи хъуыды кæны, ахæм поэт-нывгæнæг у Касаты Батрадз. Ирон классикон литературæйы традицитыл иузæрдион уæвгæйæ, курдиатджын стихамайæг, уыцы иу рæстæг цæуы йæхи къахвæндагыл, ис ын йæхи мыразæлд. Йе сфæлдыстад цы темæтыл дих кæны, уыдон кæрæдзиимæ сты æнгом баст. Мæ хорз хæлар Батрадзæн мæ зæрдæ зæгъы цардамонд, æнæнизы бонтæ æмæ сфæлдыстадон æнтыст.

 

Хозиты Барис,
Цæгат Ирыстоны Фысджыты
цæдисы сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here