1942 азы 9 ноябры Джызæлмæ ’ввахс ран немыцаг-фашистон тыхгæнджыты ныхмæ карз хæсты рæстæг, лæгдзинад равдисгæйæ, хи буарæй знаджы дзоты амбразурæ чи бахгæдта æмæ афтæмæй, хъæбатырæй фæмардуæвгæйæ, не ’фсæддонты дæлхайадæн хæстон хæслæвæрд баххæст кæныны фадат чи ратта, 1983 азы майы амынд ран кадджын уавæры байгом кодтой уыцы сырхæфсæддон – Петр Барбашовы цыртдзæвæн.
1942 азы 13 декабры Советон Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ амынд æфсæддон службæгæнæгæн раттой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном (мæлæты фæстæ). Тотиты Барис æмæ Ходы Никъала кæй автортæ сты, Барбашовы уыцы аив цыртдзæвæнæй фæстæдæр рауад хæстон-историон номарæн комплексы сæйраг объект. Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады разамынды фæндонæй 2018 азы 3 майы кадджын уагæй байгом кодтой тыгъд уæларвы бын музей «Барбашовы фæз».
Цæгатирыстойнæгты фæндзæм хай архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæс-ты. Нæ регионæй тохы быдырмæ ацæуæг адæмæн се ’мбис сæ къонатыл нал сæмбæлдысты. Нæ респуб-ликæйæ рацæуæг æвдай фараст адæймаджы систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ (уыдонæй дыууæйæн амынд кадджын ном саккаг кодтой дыууæ хатты), æртындæс адæймаджы систы Намысы ордены æххæст кавалертæ, цыппор цыппар адæймагæн та раттой инæлар æмæ адмиралы æфсæддон цинтæ. Цæгат-ирыстойнаг Хъæбатырты æвдыст сгуыхтдзинæдты тыххæй цыбыр хабæрттæ фыст сты амынд аллейы. Хæсты заман советон æфсæддонтæ кæмæй пайда кодтой, тыгъд уæларвы бын музейы фенæн ис ахæм хæцæнгæрзтæ, сармадзантæ, зениткæтæ, стæй Берлины ацæуæг Уæлахизы парады архайæг таурæгъон танк ИС-3.
Æрдæгхæлд дзотæй сарæзтой стæм экспонаттимæ музей. Дзоты сæвæрдтой Петр Барбашовы сгуыхтдзинад æвдисæг инсталляци, къултыл æвæрд стендтæ дзурæг сты хæсты заман Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады æфсæддонты æвдыст хъæбатырдзинадыл.
Фиппаинаг: цыртдзæвæнтæ нымад сты фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнинаг культурон бынты объекттыл. Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад адæмæн фæдзæхсы историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнын æмæ уын уæ зæрдыл лæууын кæны: номарæн объекттæн знаггад скæныны тыххæй адæймагæй Уголовон кодексы 243.4 статьямæ гæсгæ бадомдзысты уголовон бæрнондзинад. Зæгъæм, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты заман чи фæмард, уыцы æфсæддон службæгæнджытæн Уæрæсейы, кæнæ фæсарæйнаг паддзахады æвæрд цырт-дзæвæнтæ, науæд æндæр номарæн объекттæ фехалыны тыххæй адæймаджы фæивар кæнæн ис æртæ милуан сомæй, кæнæ та йын рахæссæн ис æртæ азы дæргъы æнæбары куыстытæ æххæст кæныны, науæд та амынд æмгъуыдмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон. Адæмæн зонинаг: амынд цырт-дзæвæнтæ æмæ æндæр номарæн объекттæн знаггад кæд рагацау баныхасгæнæг къорд адæймаджы скодтой, уæд ацы знаггадгæнджыты фæивар кæнæн ис фондз милуан сомæй, кæнæ сын рахæссæн ис фондз азы дæргъы æнæбары куыстытæ æххæст кæныны, науæд та амынд æмгъуыдмæ ахæс-тоны фæбадыны тæрхон.
РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ














