Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдары хæдивæг, зындгонд прозаик, поэт, тæлмацгæнæг, литературон преми «Слово»-йы лауреат Валерий ЛАТЫНИН.
Йæ балцы фыццаг бон кадджын уазæг æмæ нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис фембæлдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæимæ. Се ‘хсæн рауад хъуыддаджы ныхас Фысджыты цæдисæн паддзахадон æххуыс кæныны фæдыл æмæ ацы сфæлдыстадон организацийы архайдимæ баст иннæ фарстатыл.
Валерий Латынин фембæлды кæрон зæрдиаг арфæ ракодта Платы Альбинæйæн, республикæйы Хицауад Фысджыты цæдисы куыстмæ иудадзыгдæр сæ хъус кæй дарынц, уый тыххæй.
Кадджын уазæг æмæ йæ бинойнаг, зындгонд журналист Наталья Иславская ма фембæлдысты Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттимæ. Курдиатджын зындгонд фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, æфсæддон, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Валерий Латынины фысымтимæ æхсызгонæй базонгæ кодта Хозиты Барис.
Куыд загъта, афтæмæй Валеримæ ис уæлдæр æфсæддон æмæ филологон ахуырад. Райгуырд æмæ хъомыл кодта, ахуыр, чиныг æмæ аив дзырд зæрдæйæ чи уарзта, ахæм хистæрты ‘хсæн. Æфсæддон ахуырад райсыны æмæ нæ бæстæйы Гæрзифтонг Тыхты йæ хæс кад æмæ радимæ æххæст кæнынæй уæлдай Валерий каст фæци
Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт. У курдиатджын поэт, тæлмацгæнæг, фыссæг, публицист æмæ æхсæнадон архайæг. Мыхуыры йын рацыд къорд поэтикон, прозаикон уацмыс-ты тæлмацты æмбырдгæндтæ.
Кадджын уазæг факультеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн радзырдта йе сфæлдыстадон куысты сæйраг домæнты тыххæй. Бакаст сын йæ ног фыст поэтикон уацмыстæ. Ныртæккæ та зæрдиагæй бацархайдта, Иры намысджын фырт, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, курдиатджын поэт, прозаик, ахуыргонд, драматург, публицист, рухстауæг, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы æмдзæвгæтæ ирон æвзагæй уырыссагмæ ратæлмац кæныныл.
Хъуамæ сæ иумæйаг æмбырдгонд а фæззæг мыхуыры рацæуа. Ацы арфæйаг хъæппæрис у дунеон литературон фестиваль «Ирон фæндыр»-ы фæлгæты æххæстгонд.
Валерий Латынин куыд загъта, афтæмæй Джыккайты Шамилы поэзи йæ хъуыдыйæ, йæ æнкъарæнты ирддзинадæй тынг хæстæг лæууы йæхи миддуне æмæ зондахастмæ. Йæ раныхасы фæстæ Валерий бакаст уырыссаг æвзагмæ йæхи тæлмацæй Джыккайты Шамилы æмдзæвгæтæ. Дзуаппы хуызы та ирон филологийы факультеты студенттæ уазæджы зæрдæйы цинæн бакастысты сæ раздæры декан æмæ фарны лæджы поэтикон уацмыстæ иронау.
Валерий Латынинæн йæ къухы æфсæддон æмæ сфæлдыстадон бирæвæрсыг архайды стыр æнтыстытæ кæй бафтыд æмæ æфты, Джыккайты Шамилы поэтикон сфæлдыстад йæ зæрдæмæ хæстæг кæй айста æмæ йæ нæ бæстæйы литературæуарзджыты фæлтæртæн базонгæ кæныныл кæй архайы, уый тыххæй йын зæрдиаг арфæ ракодтой Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, профессор Джыккайты Мурат, Хозиты Барис, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт, тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæ, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Гуыриаты Эльмирæ.
Нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдары хæдивæг Валерий Латынин ма уазæгуаты уыд йæ фыд Анатолийы райгуырæн хъæу Санибайы астæуккаг скъолайы
ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæм. Ахуырадон артдзæсты коллектив сæ кадджын уазæгыл сæмбæлдысты зæрдиаг æмæ æхсызгонæй. Æртæ чъири æмæ бæгæныйæ ссардтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдты ном.
Фембæлды архайдта нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы сæйраг консультант Бигъуылаты Людмилæ. Уый кадджын уазæгæн нæ республикæйы разамынды номæй ракодта зæрдиаг арфæ æмæ йын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы номæй ратта Арфæйы гæххæтт.
Санибайы хъæуы хистæрты æмæ хъæуы разамынды номæй хъуамæ хаст æрцæуа уынаффæ, цæмæй Валерий Латынинæн лæвæрд æрцæуа Санибайы хъæуы кадджын цæрæджы ном уымæ гæсгæ, æмæ æрæджы республикон архивы разынд гæххæтт, Валерийы фыд Анатолий ацы хъæуы кæй райгуырд æмæ дзы бæлвырд рæстæг кæй цард, уый тыххæй.
Валерий Латынин ма 15 майы архайдта Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн кадджын æмбырды. Уым нæ республикæйы цæрджытæн арфæ ракодта æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы, уæнджы æвдисæндар ратта нæ республикæйы адæмон артист Цæриаты Валерийæн.
Валерий Латынинæн Дзæуджы-хъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон чиныгдоны цы фембæлд уыд, уым та каст йæхи фыст æмдзæвгæтæ æмæ дунеон æмæ Цæгат Кавказы адæмыхæттыты поэтты уацмыстæй йæхи тæлмацтæ. Биноныг дзуаппытæ ратта фембæлды архайджыты фæрстытæн.
Валерий Латынинæн ма фембæлдтытæ уыд Дзæуджыхъæуы 37-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутимæ, Хæлардзинады республикон хæдзары разамынд æмæ Цæгат Ирыстоны национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттимæ.
ГАСАНТЫ Валери