Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой респуб-ликæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст закъонты проекттæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Советы уæнгтæ бай-хъуыстой «2019-2024 азты Республикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы территорийы национ проекттæ æххæст кæныны бæрæггæнæнты æмæ 2025 азы ног национ проектты æрхайыны тыххæй» Национ проекттæ æххæст кæныныл дзуапдæттæг управленийы хъусынгæнинагмæ. Йæ разамонæг Дзарасаты Марат куыд бафиппайдта, афтæмæй амынд азты дæргъы республикæ архайдта, 14 национ проекты хай чи уыд, 53 ахæм федералон проекты. Уымæн бахъуыд 57 миллиард сомæй фылдæр. Федералон проектты фæрцы республикæйы царды æппæт къабæзтæ дæр баййæфтой егъау ивддзинæдтæ, лыггонд æрцыд бирæ ахсджиаг фарстатæ. Афтæ, арæзт æрцыд 10 ног скъолайы (ахуырдзаутæн дзы æдæппæт ис 5 мин бынаты), уыдонæй 6 – Дзæуджыхъæуы, иннæтæ – Мæздæджы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты; 40 спортивон залæй фылдæр æрцыд бындурон цалцæг; ног рæвдауæндæттæ арæзт æрцыд 30-æй фылдæр; Дзæуджыхъæу æмæ Æрыдоны фæзынд спортивон комплекстæ, спортивон фæзтæ та – 29; арæзт æрцыд æхсæз Культурæйы хæдзары, бындурон цалцæггонд æрцыд Ногиры музыкалон скъола, рацарæзтой – фæндæгты 50 километры бæрц, уыдонæй 21 – Дыгургомы. Ногæй арæзт æрцыд кæнæ сæ хуыз бынтон раивтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады 50 объектæй фылдæр; 220 æхсæнадон территорийы фæзынд фæлладуагъды нырыккон уавæртæ; базылдысты хæдзæртты алывæрс 424 территоримæ. Бирæ æндæр хорз хъуыддæгтæ ма ранымадта ныхасгæнæг. Уыимæ, загъта, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады, туризмы къабæзты æмæ фæндæгты арæзтады нысангонд æппæт бæрæггæнæнтæ сæххæст кæнын къухы кæй нæ бафтыд.
Фарстайы фæдыл æмдок-лад скодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. «Куыд зонæм, афтæмæй 2018 азы 7 майы Уæрæсейы Президент йæ Указæй расидт 12 национ проекты, бацамыдта сæ нысантæ æмæ сæ сæххæст кæныныл дзурæг бæрæггæнæнтæ. Фæстæдæр ма национ проекттыл бафтыд дыууæ – «Туризм» æмæ «Æнæтæхæг авиацион системæтæ», – загъта депутат. Æрныхас кодта, алы проектæн дæр цы финансон хæрдзтæ бахъуыд, сæ проект æххæст кæныны рæстæг цы хъæндзинæдтæ разынд æмæ æппæт бæрæггæнæнтæ дæр къухы цæй аххосæй нæ бафтыдысты, æппæт уыдæттыл. Куыд загъта, афтæмæй уыцы аххосæгтæй иу у хъæугæ гæххæттытæ цæтты кæныны хъуыддаг. «Уый алкæд нывыл арæзт не ‘рцæуы, афтæмæй та комкоммæ уыимæ баст вæййынц проекттæ æмæ программæтæ æххæст кæныны хъуыддаг, куыстыты хæрзхъæддзинад, æппынфæстаг, царды ног уавæртæй адæмы разыдзинад», – загъта Парламенты комитеты сæрдар.
Черчесты Аслан ма æркæсынмæ цы къорд закъонты проекттæ рахаста, уыдон баст уыдысты муниципалон службæ æххæст кæнынимæ, лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, адæмы уыцы къордтæ фæфылдæр кæнын æмæ æндæр фарстатимæ.
Советы уæнгтæ ма байхъуыстой «2023-2024 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Нымæцон райрæзты комитеты архайды æмæ 2025 азы нысанты тыххæй» респуб-ликæйы Нымæцон рæйрæзты комитеты хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг уыд комитеты сæрдар Гахаты Даниил. Куыд загъта, афтæмæй амынд рæстæджы дæргъы комитет кодта программон мадзæлттæ царды рауа-дзыны куыст, æххæст кодта УФ-йы Президенты, УФ-йы Хицауады, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады, стæй Парламенты уынаффæтæ. Комитеты бæрны цы информацион систæмæтæ ис, уыдоны æнæкъуылымпы куыст æмæ сæ пайда кæнынæн комитет техникон æгъдауæй æххуыс æмæ мадзæлттæ кодта. Социалон æгъда-уæй ахсджиаг паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ се ‘ппæт дæр абон арæзт цæуынц электронон
хуызы. «Электронон хуызы лæггæдтæй пайдагæнджыты нымæц бонæй-бонмæ кæны фылдæр, ныр сты 461 мин адæймагæй фылдæр, 14 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, нæ республикæйы уыцы цæрджыты 80,7 проценты», – загъта комитеты разамонæг.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат.
Уымæй уæлдай, депутаттæ цы закъонты проекттæ равзæрстой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Кочораты Олег, Реуазты Ларисæ, Джиоты Георги.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














