Иугæнæг æвзаг

0
175

Фыццаг славянаг алфавит æрхъуыды кодтой æфсымæртæ Кирилл æмæ Мефодий. Уый уыдис IX æнусы. Хуыдтой йæ «кириллица». Уæдæй фæстæмæ бирæ адæмтæн фадат фæцис сæхи æвзагыл сæ историйы азфыст райдайын. Фыссынад адæймагæн йæ фыдæлты, йæ Фыдыбæстæйы тыххæй фылдæр базоныны, йæхи фæд историйы ныууадзыны фадат дæтты.

Знон Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг драмон театры æрбамбырд сты бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ, цæмæй кадджын уавæры сбæрæг кæной Славянаг фыссынад æмæ культурæйы бон.

Бæрæгбоны равзæрды тыххæй чысыл кинонывмæ бакæсгæйæ ма иу хатт банкъардтой, куыд стыр бынат ахсынц фыссынад æмæ æвзаг адæмты
иудзинады хъуыддаджы.

– Æрвылаз 24 майы бæрæг кæнæм Славянаг фыссынад æмæ культурæйы бон. Бирæ æнусты размæ зындгонд рухстауджытæ Кирилл æмæ Мефодий махæн балæвар кодтой славянаг фыссынад, æмæ ссиc æппæт Уæрæсейы паддзахадон бындур, – загъта æмбырды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. – Афтæмæй, абон дæр уырыссаг æвзаг у тыхджын Уæрæсейы æппæт адæмты иугæнæг. Зындгонд
дагестайнаг поэт Расул Гамзатов кæддæр хуымæтæджы нæ загъта: «Уырыссаг æвзаг куы нæ уыдаид, уæд комы иунæг поэтæй баззадаин». Ныртæккæ нæ бæстæйы сæраппонд хъæбатырдзинад цы лæппутæ æвдисынц, уыдоны дæр кæрæдзиуыл бæттæг фæрæз у уырыссаг æвзаг. Иууылдæр стæм Уæрæсейы хъæбултæ, алкæмæн дæр зынаргъ у йæ райгуырæн бæстæ, культурæ æмæ традицитæ, мадæлон æвзаг, фæлæ нæ иу кæны уырыссаг æвзаг. Махæн не стыр хæс у бахъахъхъæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм адæттын. Иу хатт ма уын арфæ кæнын ацы рæсугъд бæрæгбоны фæдыл. Кæрæдзи уарзгæйæ, сабыр бæстæйы куыд цæрæм, ахæм амонд нæ уæд.

Бæрæгбон сфидыдта кафтæй, зардæй. Сценæйæ райхъуыстысты æмдзæвгæтæ, хъазахъхъаг зарджытæ.

Алы æвзагæн дæр кæд йæхи хæдбындур ис, йæхи фæткæвæрд, кæд хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уæддæр сæм лæмбынæг куы хъусай, фыстæджытæм куы æркæсай бæстондæр, уæд, æнæмæнг, бамбарæн ис, сæ уидæгтæ иу кæй сты, уый.

 

Гугкаты Жаннæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here