19-æм æнусы райдайæны ирон интеллигенцийы зынгæдæр архайæг æмæ рухстауджытæй иу уыди Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуане. Уый сæвæрдта бындур ирон литературæйы традицитæн, у фыццаг ирон автор.
Райгуырд Дзауы комы Залдайы хъæуы 1775 азы. Уыдис Гæбæратæй – рагон ирон мыггаг Æгъуызатæн йæ иу къалиуæй. Аст азы йыл куы рацыд, уæд æй Гуырдзыйы паддзах Иракли II арвыста Дауыт-Гаре-джийы моладзандонмæ. Уым лæппу ахуыр кодта грамматикæ, физикæ, литературæ, раст æмæ рæсугъд дзурыныл.
Иуане куы байрæзт, уæд базыдта ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ, ахуыргæнæгæй куыста Тифлисы семинарийы, стæй Душеты аргъуаны скъолайы.
1802 азы та йæ ногæй раивтой Тифлисы семинаримæ, куыста дзы гуырдзиаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгты ахуыргæнæгæй.
1820 азы Иуане сарæзта абетæ æмæ катехизис ирон æвзагыл, иу азы фæстæ та дунейы рухс федта ирон æвзагыл фыццаг ирон ахуыргæнæн чиныг.
Иуане амарди 1830 азы, ныгæд у Тифлисы Авлабары аргъуаны уæлмæрды.
Йæ поэтикон уацмыстæй нæм æрхæццæ æрмæст йæ поэмæ «Алгъуызы кадæг», джиппы рацыд 1885 азы.
2015 азы июны Дзæуджыхъæуы Доваторы проспекты байгом кодтой бюст Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуанейæн. Йæ автор – Плиты Валери, бюст сæвæрыны хъæппæрис равдыста æмæ йæ саразынæн æхцайы фæрæзтæ ратта Гæбæраты мыггаг.
Знон сæххæст 250 азы Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуанейы
райгуырдыл. Уыцы цау сбæрæг кæныны тыххæй йæ бюсты размæ æрбацыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайджытæ, Гæбæраты мыггаджы минæвæрттæ, чырыстон дины кусджытæ, скъоладзаутæ.
Адæм сæвæрдтой дидинджытæ Иуанейы бюсты бынмæ. Уый фæстæ ныхасы бар раттой зындгонд æхсæнадон архайæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент, Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуанейы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй чины-джы автор, профессор Цыбырты Людвигæн: «Иуане кæд гуырдзиаг царды уавæрты хъомыл æмæ ахуыр кодта, уæддæр дзы, ирон кæй у, уый рох никуы уыд. Æмæ кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр стыр æмæ ахадгæ лæггæдты бацыд Ирыстонæн, куыд йæ Хуссары, афтæ Цæгаты дæр. Æмæ уый ирон адæм сæ зæрдыл дардзысты кæддæриддæр».
Уыцы хъуыды дарддæр хæццæ кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис загъта: «Йе сфæлдыстадæй, йæ рухстауæн архайдæй Иуане райхъал кодта нæ адæммæ хиæмбарынады тыхджын æнкъарæнтæ, уый та у домбай рахæцæн алы адæмыхатты царды дæр, йæ фидар сомбоны астæуккаг цæджындз. Йæ райгуыр-ды 250 азы та канд йæ мыггаг – Гæбæраты нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстоны бæрæгбон у…»
Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуанейы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой Сыгъдæг Мады-Майрæмы Райгуырды аргъуаны сауджын Хъуысаты Игорь æмæ «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Фриаты Хъазыбег.
Æрæмбырд адæмы зæрдæтæ сæ арæхстдзинадæй барухс кодтой Дзæуджыхъæуы 43-æм астæуккаг скъолайы хихъæппæрисадон къордты архайджытæ – фæндыр æмæ гуымсæгæй цæгъдджытæ, кафджытæ, аив æмæ зæрдæмæдзæугæ
кастысты æмдзæвгæтæ.
Гæбæраты номæй æрбацæуæг адæмæн зæрдиаг арфæ ракодта мыггаджы советы сæрдар Гæбæраты Роланд.
Хæмыцаты Морис, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова














