Лекци бакастысты

0
146

Дзæуджыхъæуы ахуырадон центр «Интеллект»-ы 9-11-æм кълæсты ахуырдзаутимæ  фембæлды рæстæг нæ республикæйы Наркологон диспансеры специалисттæ фæсивæдæн бакастысты тамако дымын æмæ наркотиктæй пайда кæныны знаггады тыххæй лекци.

Фембæлдæн фадæттæ сарæзтой фæсивæды æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæм стыр æргомздахæг дунеон æхсæнадон змæлд «Аланты ныхас»-ы уæнгтæ. Наркотиктыл æмæ тамакотыл сахуыруæвæг адæймæгтæ алыхуызон зындзинæдтæ æвзарын кæй райдайынц, лекци кæсгæйæ, амынд диспансеры сæйраг дохтыр Гæззаты Алыксандр æмæ клиникон психолог Дзахсорты Таймураз уый тыххæй ахуырдзаутæн хабæрттæ радзырдтой.

Ахуырдзаутæ лекцикæсджытæн, лæмбынæг сæм байхъусгæйæ, фарстытæ раттой, стæй сæхи хъуыдытæ дæр раргом кодтой.

 «Ир-Информ»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here