Æхсызгон хабар сыхъуыст Цæлыччы астæуккаг скъоламæ дард Бетъырбухæй. Ам цыдис радон æппæтуæрæсеон слет кадетты кълæсты ’хсæн. Архайдтой дзы нудæс къорды Уæрæсейы цыппæрдæс регионæй, Хъырымæй, суанг Камчаткæйы онг.
Ацы мадзал баст уыд Уæлахизы æстай азы бон æмæ зындгонд адмирал Федор Ушаковы райгуырды дыууæ сæдæ æстай азы кадæн. Цæлыккаг кадеттæ стыр æнтыстдзинæдтæ равдыс-той ацы номарæн слеты æмæ ныфсджынæй уæлахиз кодтой алы уагæвæрды дæр. Уыдон та уыдыс-ты цалдæр хуызы: «Зарæг æмæ рæнхъ», «Цæй, хæларæй цæрæм», «Нысаниуæг», «Ахуыры зын – хæсты æнцон».
Кæсджыты æркаст «Дзуры Ленинград»-ы Сихъоты Елизаветæйæн æмбал нæ уыд.
«Йæ бæрзонддзинад Вальсы» та гран-при рамбылдтой: Кочиты Æхсар æмæ Сихъоты Елизаветæ, «Мисс нежность»-ы фæ-уæлахиз Мамиаты Виктория, «Мисс очарование»-ы фыццаг уыд Къомайты Ангелинæ.
Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой: Цыбырты Зауырбег, Борыхъуаты Ирбег, Гæззаты Марат, Годжиаты Георгий, Кочиты Æхсар. Æвзист майдантæ: Мамиаты Виктория, Къомайты Ангелинæ, Мæрзойты Арсен, Хæбæлаты Родион, Дудиаты Дианæ, Къæбулты Аминæ, Карсанаты Регинæ, Плиты Тимур, Владислав Саломахин æмæ Мамиаты Марк; бронзæ майдан – Кочиты Алан. Скъоладзауты ерыстæм бацæттæ кодтой ахуыргæнджытæ: Хæбæлаты Олег æмæ Бестауты Мананæ. Æппæт хатдзæгтæ скæныны фæстæ Цæлыччы скъолайы кадеттæ æрцахстой фыццаг бынат, райстой сæйраг кубок æмæ систы æнæхъæн Уæрæсейы хуыздæртæ. Харебаты Майя, Годжиаты Дианæ, Бестауты Мананæ æмæ Пухаты Анжелæ абалц кодтой скъоладзаутимæ, сæ цæст сæм дардтой, бахъуаджы сахат сын ныфсытæ æвæрдтой, кодтой сæ экскурситы, цыдысты музейтæм.
Æвзонг кадеттæн ма стыр ныфс уыдысты, ирон адæмæй Бетъырбухы чи цæры, уыдон.
Уæлахиздзаутыл сæ райгуырæн хъæуы цæрджытæ сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ чъириимæ. Арфæйы ныхæстæ загътой: Цæлыччы Ныхасы сæрдар Исахъты Виктор, скъолайы разамонæг Дзгойты Джульеттæ, ныййарджытæ, хистæртæ.
СОКАТЫ Людæ,
æхсæнадон уацхæссæг














