Æрдхæрæны мадæлон æвзаг

0
202

Иры дзыллæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæрыстыр сты не ‘гъдæутты сæйраг рахæцæнтæй: фарн, намыс, цыт, фæтк æмæ рæстдзинадæй. Ацы удварны хæзнатæн стыр ахадындзинад ис, сæ хъомысы тых стыр у. Арвыронау бирæ хуызтæй æрттивынц. Хуры хæрдгæ тынтау адæмы тавынц, рæсугъд кæнынц цард æмæ уаг. Таурæгътæ, кадджытæ, æгъдæуттæ æвидигæ суадæттæ сты. Адонæн та сæ хæзнадон мадæлон æвзаг у. Нæ номдзыд фыдæлтæн скъола дæр уыдысты æмæ чиныг дæр. Уыдоны руаджы хистæртæ кæстæртæн лæвæрдтой æнусон хъомылад æмæ царды фæлтæрддзинад.

Нæ фыдæлтæй нæм цы фæрнджын æгъдæуттæ баззад, уыдон цæстыгагуы-йау хъахъхъæнын хъæуы. Нæ фыдæлтæ нын цы фарн ныууагътой, уымæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы, науæд æрбайсæфдзæн сæ хъомысджын фæд. Уæд бамыр уыдзæн, æнусты дæргъы семæ цы мадæлон æвзаг æмдзу кæны, уый. Æппынæдзух нæ зæрдыл дарæм стыр ирон ахуыргонд Абайты Васойы дзырдтæ: «Нæй æвзаг – нæй адæм». Æвæдза, куыд цыбыр дзырдтæ сты, фæлæ сæ ахадындзинад цæйас у, цæй арф хъуыды  ис сæ мидæг!

Не ‘взаг тынг рагон кæй у, уымæ гæсгæ стыр бынат бацахста дунейы æндæр адæмты æвзæгты ‘хсæн. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд æм сæ хъус не ’рдардтаиккой Андрей Шегрен, Всеволод Миллер æмæ æндæр стыр ахуыргæндтæ. Бафиппайын ма мæ фæнды уый, æмæ, скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ кæй цæуы æмбæлон хъусдард, фæлæ уавæр фæхуыздæр кæнын хъæуы хæдзары мидæг, бинонты ‘хсæн. Алкæцы мад æмæ фыд дæр сæ кæстæртæм иронау куы дзурой, ирон аргъæуттæ æмæ сын радзырдтæ куы кæсой, авдæнмæ сын ирон зарджытæ куы кæной, ирондзинадыл сæ куы ‘фтауой, уæд уымæй фæхуыздæр уаид не ‘взаджы уавæр рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ æхсæнады дæр. Мадæлон æвзаг арф æвæрд кæй  зæрдæйы ис, æппынæдзух ын табу чи кæны, уыцы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ та, куыд æрвылаз, афтæ ацы аз дæр сæхиуыл нæ бацауæрстой æмæ сæ ахуыргæнинæгтимæ ирон æвза-джы бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой алыхуызон мадзæлттæ. Куыд æппæт Ирыстоны ахуыргæнæндæтты, афтæ йæм Дзæуджыхъæуы гимназ «Диалог»-ы коллектив дæр сæхи тынг бацæттæ кодтой. Ирон æвзаджы бæрæгбоны къуыри нæм ацыд æмбæлгæ фæткыл 12 майæ 17 маймæ.

Скъолайы æрбацæуæн ахуыргæнджытæ сæ скъоладзаутимæ сфæлыстой ирон фысджыты уацмыстæм гæсгæ хиконд цæстуынгæ æрмæгæй (ахуыргæнджытæ – Дойаты Индирæ æмæ Чысиаты Заремæ).

12 майы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ирон æвзаджы кафедрæйы раза-монæг Джыбылаты Иринæйы разамындæй кадджын уавæры систой Уæрæсе æмæ Ирыстоны тырысатæ, дыууæ гимны зарæджы зæлтæ айхъуыстысты дардыл. Уыцы бон уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, педагогон наукæты кандидат Фардзинты Мæдинæ 6 къласы ратта урок ахæм темæйыл: «Хетæгкаты Къостайы литературон уасмыстæм гæсгæ конд иллюстрацитæ». Скъоладзаутæн фадат фæцис зындгонд нывгæнджытимæ базонгæ уæвынæн, кæцытæ алы рæстæджы Къостайы уацмыс-тæм гæсгæ сарæзтой алыхуызон иллюстрацитæ. Ирон æвзаджы бæрæгбоны цытæн алы къласы разамонæг дæр йæ ахуыргæнинæгтæн сарæзта къласон сахат «Ахсджиаг ныхас «Кæд дæ ирон, уæд де ‘взаг зон!»

Куыд æппæт Ирыстоны, афтæ 14 майы нæ гимназы ахуыргæнджытæ æмæ
ахуыргæнинæгтæ дæр ныффыстой глобалон диктант (бæрнон ахуыргæнæг – Хъоцыты Томарæ).

15 майы райсомæй нæ гимназы агъуыстæй рай-хъуыст цины фæндыры зæлтæ. Урокты ‘хсæн, баулæфæн рæстæджы скъоладзаутæ сарæзтой хъазт, кафыдысты, сæ хъæлдзæг къухæмдзæгъдæй зæрдæ ради (ахуыргæнджытæ – Дудиаты Зæлинæ æмæ Зæгъойты Жаннæ). Урокты фæстæ, уыцы бон 1-7 кълæсты арæзт æрцыд ирон фысджыты уацмыстæ хуыздæр бакæсыны конкурс «Аив дзырды дæсны» (ахуыргæнджытæ – Быгъуылты Лянæ æмæ Чысиаты Заремæ).

15 майы ма 8 къласы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ  дидинджытæ сæвæрдтой Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейы цырт-дзæвæныл. Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Хъоцыты Томарæ сын цыбыртæй радзырдта, Ирыстоны ра-загъды лæгтæй Иуане кæй уыд фыццаг ирон рухстауæг, тæлмацгæнæг, поэт, дипломат.

Ахуырдзаутæн тынг сæ зæрдæмæ фæцыд мадзал «Нарты фæткъуы». Бацæттæ йæ кодтой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Саламаты Лидæ æмæ Дудайты Фатимæ. Нарты бæласыл ауыгъд фæткъуыты мидæг сыфтыл фыстæй цы фæрстытæ уыд, уыдонæн ахуырдзаутæ лæвæрдтой раст дзуаппытæ.

Рох нæ нæ баззад республикон онлайн-конкурс дæр «Мадæлон æвзаг – мадау адджын». Уым дæр нæ гимназы ахуырдзаутæ активонæй архайдтой.

Ирон æвзаджы бæрæгбоны кадæн 16 майы нæ гимназы библиотекæйы 8 кълæсты ацыд кæронбæттæн мадзал – интеллектуа-лон хъазт-викторинæ «Нæ мадæлон æвзаг – нæ фыдæлты хæзна». Бацæттæ йæ кодтой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Бедойты Терезæ æмæ ацы рæнхъыты автор. Нæ ирон кафедрæйы разамонæг  Джыбылаты Иринæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй мадзæлттæ се ‘ппæт дæр ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ гимназы мадæлон æвзаджы уавæр нывыл æвæрд кæй у. Æрвылаз дæр мадæлон æвзагæй фæлварæнтæ раттыны агъоммæ нæ гимназы директор Икъаты Бэлæ 9 æмæ 11 кълæсты рауагъдонтæн саразы беседæтæ. Фæдзæхсы сын, цæмæй сæ мадæлон æвзагыл макуы суæлæхох уой, фæлæ йæ хъахъхъæной цæстыгагуы-йау, уымæн æмæ нæ сомбоны цард не ’взагимæ баст у.

Фæрнджын ахуыргæнæ-джы ном дардыл айхъуысы, уымæн æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ сты йæ куысты фæстиуджыты айдæн, фыццаг ын уыдон вæййынц аргъгæнæг, стæй та – Ахуырады министрад.

Æрæджы Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой респуб-ликон конкурс «Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг»-ы фæс-тиуджытæн. Нæ гимназы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Кадиты Людмилæ дæр дзы архайдта æмæ дыккаг туры æрлæууыд курдиатджын конкурсантты æмрæнхъ. Нæ зынаргъ Людмилæ, нæ коллективы номæй дын арфæ кæнын, дæ профессион
куысты фылдæр æнтыстытæ дæ къухы бафтæнт!

Гасситы Фатимæ,                                                                                              Дзæуджыхъæуы гимназ                                                                                              «Диалог»-ы ирон æвзаг æмæ                                                                          литературæйы
ахуыргæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here