Куыдзæгты Хъаппары фырт Валодя, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы салдат, афицер, фыссæг, поэт, ахуыргæнæг, æхсæнадон архайæгæн йæ ныстуан уыд: «Дунейы хæрзтæй хуыздæрæн æз равзарин адæмы уарзондзинад».
Фæлтæр фæлтæримæ хъуамæ баст уа, рæхысы цæгтæ кæрæдзиуыл куыд баст сты, афтæ. Адæймаг фæстæмæ фæкæсын дæр хъуамæ зона, цæмæй,
размæ цæугæйæ, æнæгуырысхойæ куырмæджы ма цæуæм, уый тыххæй. Нæ фыдæлтæм цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ уыдис, уыдон хъуамæ хæссæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æфтауæм сыл кад æмæ намыс. Суадон бынæй куы нæ абуза, уæд ыл уæле дон цасфæнды дæр кал – бахуыскъ уыдзæн. Цырен артыл суг сугыл куы нæ æвæрай, уæд цæхæр мынæг кæны. Мæлæт æр-дзы карз тæрхон у, фæлæ цæй тæхудиаг у, зæронды кармæ чи фæцæры, йæ хорз бинонтæ, йæ уарзон адæм, йæ иузæрдион æмгæрттимæ цæрынæй чи бафсæды, йæ раттæг дзыллæ, йæ Фыдыбæстæ, йæ мадæлон æвзаг йæ удæй зынаргъдæр кæмæн сты, дæргъвæтин царды рæсугъд бæллицтæ сæххæст кæнын йæ къухы кæмæн бафтынц.
Уæдæ, цы арфæйаджы хъуыддаг у, хъæбултæ куы фæбæззой, уæд хур кæсы æмæ – ныййарджытæм. Уыцы хуры тæвдæй зæрдæйы хъармдзинад банкъардтой сæ уæлæуон царды рухс дзæнæты бадинаг, Хуыцауæй арфæйаг бинонтæ – Куыдзæгты Валодя æмæ Ксеня. Нæ абоны ныхас уыдзæн сæ цардвæндагыл. Ирон æмбисонд раст у, дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд хъæубæсты, сыхæгты бафæрс, мыггаг, хион къабазыл дæ цæстæнгас ахæсс.
Хурæмбæрæг у дыууæ æмкъайы цардвæндаг, мидисджын æмæ хъæппæрисджын. Æрдз адæймагæн цыдæриддæр хорздзинадæй саккаг кодта, уыдонæй Валодя æмæ Ксеня уыдысты хайджын. Сæ цард снывонд кодтой Ирыстоны сомбон, рæзгæ фæлтæрæн, уыдон уыдысты сæ царды цин. Сабийы зæрдæмæ фæндаг ссарын æрдзон курдиат у, æмæ уыцы ахсджиаг æууæл арфæйагæй фæхастой. Валодя хорз æнкъардта ахуыргæнæджы, хъомылгæнæджы нысаниуæгад, æмæ дзы хъазуатонæй куыста. 1936 азы Кировыхъæуы авдазон скъолайы фæстæ ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ. Каст æй фæци 1939 азы æмæ кусынмæ æрыздæхт райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй йæ уарзон хъæуы скъоламæ. Дунейы хæрзтæй æппæты сæйрагдæрыл нымадта – адæмы уарзондзинад. Валодяйы хъæздыг миддунейы рæсугъд миниуджытæ хуры рæвдаугæ тынтау нывæзтой йæ дарддæры цардвæндаг. Фæлæ…
1941 азы райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Тохы быдырмæ, фыды-
знаджы ныхмæ аивылдысты хæстхъом фæсивæд. Уыдоны æмрæнхъ 5-æм июлы – Куыдзæгты Валодя дæр. Фарныхъæуы скъолайы кусгæйæ, ацыд хæстмæ. Дзæуджыхъæуы сырхтырысаджын фистæгæфсæддонты скъола каст фæуыны фæстæ бахауд 15-æм хицæн фистæг æфсады бригадмæ æмæ æрвыст æрцыд станицæ Кавказскаямæ. Æрыгон кæстæр лейтенанты хæстон фæндаг райдыдта
Мæскуыйы бынмæ карз хæсты, взводы командирæй.
1942 азы январы мæйы кæрон Куыдзæджы-фырт хæцыд Цæгат-Ныгуылæн фронты. Ам Валодя æмæ йе ’мхæстонтæ æхсарджынæй дæрæн кодтой немыцæгты æмæ ссæрибар кодтой Рамущевка, Чеченицы, Ануфреево, Каилкино, Медведево, Кулаково æмæ æндæр горæттæ æмæ хъæутæ. 1944 азы январы мæйы кæрон, 53-æм дивизийы хæцгæйæ, Валодя йæ автоматчикты ротæимæ Ленинградæй ныгуылæнырдæм пырхгæнгæ цыдысты фашистон ныббырсджыты. Ацы хæсты Валодя уæззау фæцæф, æмæ йын, госпитæлы бирæ дзæбæх кæныны фæстæ, къамисы куы рацыд, уæд снысан кодтой 2-аг къорды сахъатдзинад. Валодя хорзæхджын æрцыд йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг æмæ 2-аг къæпхæхæны ордентæ æмæ бирæ майдантæй. Госпитæлæй куы рацыд майоры цины, уæд куыста военрукæй Кировы æмæ Ногиры скъолаты. Ногиры кусгæйæ, кæрæ-
дзи зæрдæйыуаг бамбæрстой Соттиты рæсугъд æрыгон ахуыргæнæг Ксеняимæ æмæ сæ цард баиу кодтой. Сывæллæтты бардыуаг Мады-Майрæм æрыгон ныййарджытæн балæвар кодта Алыксандры (Додик) æмæ дыууæ чызджы – Беллæ æмæ Жаннæйы, бæлвырд нысантæм тырнæг кæстæртæ. 1948 азы Валодя бацыд Пединституты литературон факультеты 2-аг курсмæ. Йæ хорз ахуыры тыххæй иста Къостайы номыл стипенди (500 сомы), институт каст фæуыны фæстæ 1951 азы æрыздæхт йæ уарзон Кировы-хъæуы скъоламæ, цалдæр азы дæргъы дзы фæкуыста ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Валодя куыд йæхицæй, афтæ йе ’мкусджытæй дæр домдта арф зонындзинæдтæ, рæсугъд æгъдау. Арæхстджын разамынд лæвæрдта директорæй Уыналы скъола-интернаты цыппар азы кусгæйæ, 1961-1968 азмæ та – Холысты ас-
тæуккаг скъолайы сæргълæууæгæй. 1968 азы йæ бинонтимæ æрцард Заводы поселочы æмæ 34-æм скъолайы куыста ирон æвзаг, литературæ æмæ æфсæддон цæттæдзинады ахуыргæнæгæй. Алы ран дæр йæ фæстæ уагъта æрттивгæ фæд, кад æмæ намыс. Валодямæ ма ахуыргæнæджы дæсныйадæй уæлдай уыд æрдзон курдиат. Уыд фыссæг, у цалдæр чиныджы автор. Бæлвырдæй каст цардмæ, лæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ адæймаджы æппæты хуыздæр бæрæггæнæн – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ, фæлтæры æнæбасæтгæ хъæбатырдзинад зынгæ бынат ахсынц йæ поэтикон сфæлдыстады.
Рæсугъд, хæрзконд æмæ уæздан чызг уарзты паддзах у. Ахæмтыл æвæрынц сæ цæст амæй-ай хуыздæр усгур лæппутæ. Афтæ рауад Куыдзæгты Валодя æмæ Соттиты Ксеняйы амонд дæр. Дунескæнæг сæ сфæлдыста кæрæдзийы амондæн. Цард дзаг уæрдон у, йе ’фсондзыл дыууæ æмкъайы æмхуызон хæст куы нæ кæной, уæд тынг зын ласæн у. Валодя æмæ Ксеня уыцы царды уæрдон сæ уæлныхты систой æмæ йæ цард-цæрæнбонты Иры хæрзбонæн арфæйагæй фæхастой.
ГУЫЛÆРТЫ Барис,
æхсæнадон уацхæссæг














