Телевизорæй æвдыс-той парахат æрмæг Азанбеджы сфæлдыс-тадыл. Мæнмæ гæсгæ, дун-дунейы гениалондæр нывгæнджыты æмрæнхъ ирон нывгæнджытæй æрæвæрын æмбæлы Тугъанты Махарбег, Тауаситы Сослæнбег æмæ Дзанайты Азанбеджы. Сæ иуæй иннæ курдиатджындæр.
Уыцы æртæ нывгæнæгæй сæ иуимæ, Дзанайты Азанбегимæ, зонгæ, лымæн уыдтæн. Академийæ куы ссыдтæн, уæд мæм æрмадзмæ æппæты фыццаг æрбацыд Азанбег. Мæ дипломон куыстæн мæ йæ къам ракуырдта. Лæмбынæг æм бирæ фæкаст, стæй мæ æрбахъæбыс кодта, раппæлыд мæ куыстæй æмæ ацыд. Нæ лымæндзинады рæстæг уыд бирæ алыхуызон хабæрттæ. Уырны мæ: уыцы бонты куы ницы бацархайдтаин, уæд, цы цаутæ уыд, уыдон не ‘рцыдаиккой.
Уыдтæн Нывгæнджыты цæдисы правленийы уæнг. Иу бон нæм обком æрбарвыстой, Къостайы премимæ иу нывгæнæджы бавдисут, зæгъгæ. Мах уæрæх æмбырд сарæзтам. Чи кæй æвдыста, чи – кæй, афтæмæй иу ныхасмæ нæ цыдыстæм. Уыцы рæстæг ма æз уыдтæн партийы организацийы нымæрдар дæр æмæ уæд фыццаг хатт спайда кодтон мæ уавæрæй. Загътон: «Ацы фарста алыг кæнынмæ цæттæ не стæм, къуырийы фæстæ ногæй фембæлæм. Уый куыд у: нæ цæдисы Азанбегæй диссагдæр нæй, æмæ йын йæ кой дæр ничи скодта». Дыккаг фембæлды Азанбеджы бавдыстам
Къостайы премимæ, æмæ йын æй раттой.
Иннæ хабар та ахæм уыд. Æз уыдтæн закуптæ кæнæн къамисы уæнг. Иу рæстæджы нывгæнджытæй æлхæдтам куыстытæ. Азанбег æмæ Пономары куыстытæн иу аргъ кодтой. Æз ныхас ракуырдтон æмæ загътон: «Азанбег æмæ Пономары куыстытæн æмаргъ кæнын раст нæу. Азанбегæн фылдæр аргъ скæнæм».
Афтæ рауад, æмæ Азанбеджы куыстытæй æртæ хатты фылдæр раттам!
Мæскуымæ æрвыстам дыууæ нывгæнæджы гæххæттытæ, цæмæй сын
Бæстæйы адæмон нывгæнджыты нæмттæ раттой. Къамисы уæнгтæ се ’ппæт дæр ууыл сразы сты. Загътон: «Кæд нæ Цæдисæй исчи у уыцы номы аккаг, уæд уый, фыццаджыдæр, у Азанбег. Уымæн куы раттой уыцы ном, уæд уый фæстæ та – иннæтæн».
Дун-дунейы цы стыр нывгæнджытæ уыдис, уыдоны æмрæнхъ лæууы Дзанайты Азанбеджы курдиат дæр. Йемæ зонгæ, лымæн кæй уыдыстæм, уый ныма-йын амондыл! Уый мæ нæ уадзы фæцудын мæ царды, мæ куысты. Дæ ном æнусон, Азанбег, уыдзæн!
ДЗБОЙТЫ Михал,
Уæрæсейы сгуыхт
нывгæнæг














