Нæ богæлттæм – фондз хæрзиуæджы

0
112

Кæсæг-Балхъары сæйраг горæт Налцыччы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Цæгат Кавказы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды (24 азы онг) ’хсæн. Ирыстоны богæлттæн сæ къухы бафтыд цыппар хæрзиуæ-
джы рамбулын.

Нæ богæлттæй æппæты æнтыстджындæр ра-уад Чертхъоты Руслан. 86 кг онг уæзы фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы минæвар Азрет Тамбиевимæ. Сæ фембæлды Чертхъоты Руслан фæуæлахиз 8:2 хыгъдæй æмæ бацахста 1-аг бынат. Русланы ерыстæм бацæттæ кодта йæ тренер Лалыты Вадим.

Æвзист майданæй хорзæхджын ссис уæззау уæзы (125 кг) хæцæг Хынцæгты Марат. Ацы уæзы 3-аг бынатмæ рацыд Стъараполы крайы номæй хæцæг ирон богал Нар-
тыхты Давид.

Ирыстойнаг богæлттæй ма бронзæ майдантæй хорзæхджын систы дыууæ богалы. Тренер Мзокты Аланы хъомылгæнинаг Исмаил Умашев бацахста 3-аг бынат, 65 кг онг уæзы ерысгæнгæйæ, Дзираты Алан та рацыд 3-аг бынатмæ (йæ тренер – Тедеты Малик) 74 кг онг уæзы.

Ерыстæ цы дæс уæзы цыдысты, уыдонæй авды 1-аг бынæттæ рамбылдтой Дагестаны богæлттæ, дыууæйы (57 кг æмæ 97 кг) уæлахиздзаутæ систы Цæцæны Республикæйы минæвæрттæ, иу уæзы та, куыд загътам, афтæмæй, фæуæлахиз ирыстойнаг богал Чертхъоты Руслан.

Ирыстоны спортуарзджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кастысты хуыздæр бæрæггæнæнтæм, æмæ сын хъыг уыди, нæ богæлтты хæрзиуджыты нымæц афтæ гыццыл кæй рауад, уый.

Налцыччы ацæуæг ерысты ма бæрæггонд цыдысты, Уæрæсейы чемпионатмæ балцæгтæ чи райсдзæн, уыцы богæлттæ. Уæрæсейы чемпионат ацы кары цæудзæн 13-16 августы Улан-Удэйы, æмæ уырдæм æппæты фылдæр балцæгтæ (36) райстой Дагестаны богæлттæ, РЦИ-Аланимæ та уыдзæн 12-13 балцæджы.

Нæ богæлтты иузæрдион фарсхæцджытæ сæ зæрдæ дарынц, нæ лæппутæ Улан-Удэйы æнтыстджындæр кæй уыдзысты, ууыл.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here