Адæмон сфæлдыстад национ хæзнаты сыгъдæг гуырæн у, адæмы националон хиæмбарынады фæрæз. Йæ равзæрды бындурыл XX æнусы Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы архайдта адæмон ахуырады хайад. Сæ хæс уыдис алыхуызон аивадон къордты рæзтмæ цæст дарын, олимпиадæтæ æмæ конкурстæ-æркасттæ аразынмæ профессионалон æгъдауæй курдиатджындæрты æрбаздахын.
1935 азы журнал «Колхозон театр» ныммыхуыр кодта уыцы азты Ирыстоны аивадон хихъæппæрисадон къорды разамынды архайды фæдыл цымыдисаг æрмæг, фыст дзы уыдис ахæм ныхæстæ: «…в областном отделе народного образования есть одна штатная должность заведующего сектором искусств. На всю область один человек. Инструкторов для помощи на местах нет… Сектору искусств необходимо обеспечить самодеятельность области должным руководством, штатом инструкторов и репертуаром».
Кæй зæгъын æй хъæуы, Адæмон сфæлдыстады хæдзар саразыны хъуыддаг тынг ахсджиагыл нымад уыдис, уымæн æмæ, æхсæнадон царды цы бирæ лыггæнинаг фарстатæ æвзæрыд, уыдон сæххæст кæнынæн ахъаззаг æххуыс уыд. Нæ республикæйы алы хъæуы дæр уыд клуб, районты та – Культурæйы галуантæ. Æмæ, кæд клубты Культурæйы галуанты хуызæн уавæртæ æмæ фадæттæ нæ уыд, уæддæр адæмæн сæ куысты фæстæ æнцойдзинады рухс бынæттæ уыдысты. Кафт, зард, театры аивадмæ æмхиц чи уыдис, уыцы хæдахуыр архайджытæн хъæуты клубтæ ахъаз уыдысты сæ курдиæттæ райхалынæн. Хорз ма хъуыды кæнæм советон дуджы скъолатæ æмæ куыстуæтты, æндæр организациты хихъæппæрисадон къордты сфæлдыстад. Цынæхуызон аивадон фестивальтæ, равдыстытæ, конкурсты-иу архайдтой, ахæм нæ уыд. Цæгат Ирыстон алцæмæйдæр курдиæтты бæстæ у. Ирон адæм уæлдай тынгдæр сæ национ ахаст æвдыстой кафты аивады. Республикæ сæрыстыр у профессионалон æмæ хихъæппæрисадон адæмон къордтæй. Ирыстоны кафджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты æппæтуæрæсеон фестивальты лауреаттæ, сæ аивадæй зæрдæскъæфт фæкодтой æппæтадæмон фольклорон конкурсты жюриты уæнгты.
Дзæуджыхъæуы Адæмон сфæлдыстады хæдзары директор, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, зындгонд артист æмæ амонæг Лалыты Хъазыбег нын радзырдта, нырыккон ног уавæрты куыд кусынц, уый тыххæй:
– Мах стæм нæ республикæйы Культурæйы министрады дæлбар. Нæ бæрны ис адæмон сфæлдыстад. Цыдæриддæр клубтæ, хæдахуыр æмæ хихъæппæрисадон къордтæ ис, уыдонимæ баст у нæ куыст. Сты 123 клубы. Адæмон сфæлдыстады æппæт жанртимæ дæр хицæн адæймæгтæ кусы, у сæрмагонд тра-
дицион культурæйы хайад, йæ сæргълæууæг – Битарты Ларисæ. Бирæ азты дæргъы кусы ам æмæ зоны архайдæн йæ алы фæзилæн дæр. Адæмимæ æнцон архайæн нæу, алкæй зæрдæмæ дæр «дæгъæл» ссарын хъæуы, æмæ Ларисæйæн уый æнтысы. Кафты ансамбльтæ, инструменталон жанр, дуэттæ, солисттæ, оркестртæ, зарæггæнджыты къордтæ, театралон жанр дæр нæм ис – се ‘ппæтимæ дæр кусæм хицæнæй. Цалдæр азы архайæм, адæмон сфæлдыстады нæм цы хæзнатæ ис, «адæмон бынтæ» кæй хонæм, уыдон бахъахъхъæныны хъуыддагыл. Уый уыдис нæ бæстæйы Культурæйы министрады хъæппæрис, æмæ дзы мах дæр пайда кæнæм. Архайæм уыцы хæзнатæ æмæ бынтæн культурон паспорттæ саразыныл, цæмæй лæмбынæгдæр фыст æрцæуой. Ацы фарстайы æмгуыст кæнæм ахуыргæндтæ æмæ наукон институты специалисттимæ. Хайадæн та разамынд дæтты Абайты Азау. Республикæйы бирæ мадзæлттæ арæзт вæййы, æмæ уым дæр æхсызгонæй фæархайæм. Цалдæр азы нæ фæнды, сæ куыст цы зарæггæнджыты къордтæн æрмынæг ис, уыдонæн ахъаззаджы æххуыс бакæнын. Адæмы, фæсивæды нал фæнды ацы жанры архайын, æмæ йæм цæмæй фæстæмæ се ‘ргом раздахой, уый тыххæй сæрмагондæй фестивальтæ аразæм. Æрхонæм сыхаг республикæтæй, хæстæгдæр фæсарæнтæй уазджыты. Фарон нæм уыдысты Туркæй, Армавирæй, Хъырымæй, Цæцæнæй, Дагестан æмæ Абхазæй. Алчидæр дзы йæ мадæлон æвзагыл æвдыста йæ аивад. Фарон ахæм мадзал сарæзтам Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады прос-
пекты, уыдис дзы хъазт дæр. Алчидæр йæхи национ кæфтытæ кодта, зарыдысты. Фæсивæд сæхи уæлдай цырддæрæй равдыстой, æмæ уыцы хъуыддаг махæн тынг æхсызгон уыд. Уымæн æмæ уыдон сты нæ сомбон, уыдоны зæрдæты куы нæ цæра адæмон аивад, уæд нæ национ хæзнатæ сæфтмæ цæудзысты.
– Хъазыбег, клубты куыст раздæр æнтыстджындæр уыдис æви ныр?
– Раздæр алы клубы дæр уыд зарæггæнджыты къорд, ныр та алы районы дæр – иу. Уый фаг нæу. Нæ районтæ сты 8, горæтимæ – 9. Се ‘хсæн ис ахæм районтæ, ирон зарæггæнджыты къордтæ кæм нæй, зæгъæм, Мæздæг æмæ Алагиры районты. Алагиры ансамбль ис, фæлæ ирон зарæггæнджыты къорд та нæй. Хъавынц æй саразынмæ, æмæ сын бантысæд. Уымæй уæлдай, расидæм æрвылаз фестивальтæ алы жанры. Ацы аз дæр та нæм уыдзæн стыр бæрæгбон, æрæмбырд уыдзыстæм æмæ кæрæдзи аивадмæ бакæсдзыстæм. Уæлдай стырдæр æргом аздахдзыстæм ирон зарæггæнджыты къордтæм, равзардзыстæм, республикон мадзалы чи архайдзæн, ахæмты. Цæмæй ацы жанр цæрæццаг суа, ууыл кусдзыстæм æппæт мадзæлттæй дæр.
– Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ æхсæнады тынг арæх вæййы фехъусæн, нæ хæстонтæй бирæтæн сæ цард аскъуыд Украинæйы, мах та ам заргæ æмæ кафгæ кæнæм, зæгъгæ. Ахæм рæстæг раст у концерттæ аразын?
– Раст сты адæм, фæлæ æхсæнад дæр дыууæ къордыл адих: иутæм гæсгæ, æмбæлы концерттæ аразын, иннæтæм гæсгæ та – нæ. Ис, зæрдæ кæй нæ комы, ахæм концерттæ, фæлæ арæзт вæййынц хæрзаудæны, фронтмæ гуманитарон æххуыстæ бакæныны охыл, æмæ уыдонæй куыд ис зæгъæн, ма сæ аразут, зæгъгæ. Æнæмæнг, хъæуынц. Нывыл куы уа уыцы мадзал, уæд æмбæлы. Уымæн æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дæр уыдис концерттæ, фронты раззагдæр хæйттæм цыдысты зарæггæнджыты къордтæ æмæ-иу тохы размæ салдæтты зæрдæтæ иу чысыл циндзинадæй батавтой. Ахæм фыдбонты дæр хæстонтæн аивад стыр хъарутæ æмæ ныфс лæвæрдта. Уыцы азты фыст æрцыд бирæ зарджытæ. Калоты Хазби æмæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ абон дæр тынг ахсджиаг сты, æмæ сæм зæрдиагæй хъусынц алы фæлтæрты минæвæрттæ. Зарæггæнæг Хъæбæлоты Руслан Украинæмæ гуманитарон æххуыс цалдæр хатты аласта, хæстонтæн-иу заргæ дæр акодта. Алкæмæн нæй бар уырдæм цæуынæн, фæлæ-иу Русланæн бантыстис.
– Хъазыбег, адæмон сфæлдыстады уæлæфтуан хайæдты куыст та цавæр у?
– Цы жанрты кой кодтам, уыдоны æхсæн алы специалист дæр йæхицæн къорд хъуамæ скæна. Нырма уал нын бантыст дыууæ къорды. Дауыраты Зæлинæйы къорды архайынц хæрдгæхуыды нывæфтыдтæ æмæ цыллæ кæлмæрзæнтæ бийыныл. Се ‘хсæн ис ахæмтæ, æмæ ма сæ хиуæтты дæр æрбакодтой. Афтæ нæ зæгъдзынæн, æмæ иууылдæр ирæттæ сты, фæлæ сæ ахуыр кæнæм сыгъдæг ирондзинадыл. Цыллæ кæлмæрзæн æрыгон æмæ кардзыд сылгоймæгтæй абон алкæй дæр фæнды йæхи уæхсчытыл фенын, ирон традицитæ арфдæр банкъарын.
– Фидæнмæ уæм цы фæндтæ ис?
– Куыд загътон, афтæмæй нæ сæйрагдæр нысан у, жанртæ цæрæццаг куыд уой, клубты куыст та разæнгард кæнын, цæмæй сæм фылдæр кæстæртæ цæуой, адæмон сфæлдыстадмæ тырной, героикон зарджыты жанр ма фесæфа. Цæмæй кæстæртæ зоной, цы у хъæбатырыл, цины кæнæ хъыджы зарæг, уый. Канд Адæмон сфæлдыстады хæдзары кусджытæ нæ, фæлæ ма нæ республикæйы Аивæдты колледж, йæ сæргъы – директор Цехъоты Ларисæ, афтæмæй цæттæ кæнынц клубты кусынæн специалистты. Адæмон сфæлдыстады хæдзары хæзнатæ бахъахъхъæныны хайад сын æдзух лекцитæ кæсы сæ студенттæн. Специалисттæ ма сæхæдæг дæр семинартæ саразынц районты. Вæййы нæм æркастытæ. Сбæрæг кæнæм, кæцы районы цавæр къуылымпытæ ис, уый, æмæ сæм нæ цæст фæдарæм. Саразæм ахуыры семинартæ. Тынг нæ фæнды, цæмæй ирон адæмон сфæлдыстады хайæдты, клубты, ирон фæндырау, стынг уа хъисфæндыры аивад. Ахуыр ыл кодтам 32 адæймаджы. Се ‘мбис – хъисфæндырыл, иннæ æмбис та – дала фæндырыл. Саразын хъæуы клубты курсытæ ацы музыкалон инструменттыл ахуыр кæнынæн. Ныры онг ахæм къорд ис Хъæдгæроны Мецъаты Джульеттæ æмæ Баллаты Эльбрусы хъæппæрисæй арæзт. Æмæ нæм фестивальтæ, конкурстæ куы вæййы, уæд дзы се ‘ппæт дæр æхсызгонæй фæархайынц.
Ацы аз Æлборты Феликсы райгуырды боныл сæххæст нæуæдз азы, æмæ уый фæдыл бацæттæ кодтам фестиваль. Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны стыр гæнæнтæ уыдис, æмæ уым ацыд мадзал. Саккаг æм кодтой йæ алыварс хъæутæй уазджытæ, æмæ уыцы къордтæ ам дæр архайдтой. Ансамбльтæ, оркестртæ, солисттæ – иууылдæр æрбамбырд стæм æмæ фестиваль байгом кодтам Æлборты Феликсы музыкæйæ.
Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ, мыхуыры рауагътам, ссæдзгай адæмон уацмысы хаст кæдæм æрцыдысты, ахæм чингуытæ. Нæ чиныгдоны ис, аивады æххуысæн æнæмæнг хъæугæ чи сты, ахæм чингуытæ. Сывæллæттæн цæттæ кæнæм ирон æмæ тæлмацгонд пьесæтæ нæ, фæлæ, архайд Ирыстоны кæм цæуы, ахæмтæ.
Бацæттæ кодтам Мыстулаты Иринæйы нотæты æмбырдгонд. Йе ‘рмдзæф, йе ‘ппæт хъуыдытæ «цæрынц» уыцы чиныджы. Уымæй уæлдай ма дала фæндырыл æнæ ахуыргæнæгæй сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн ис ахуыры чиныг.
Ансамбльтæн, ирон адæмон цæгъдтытæн нотæтæ нæй æмæ уый дæр бацæттæ кодтам. Ис нæм стыр æмбырдгонд. Чиныджы хуызы бацæттæ кодтам æрмæг, адæмон сфæлдыстадмæ «хъæздыг хуын» чи бахаста, уыдоныл. Уарзиаты Хадзысмелы тыххæй ацы аз цæттæ кæнæм æрмæг Адæмон сфæлдыстады хæдзары историйы, уымæн æмæ ныл ацы аз сæххæст 80 азы. Раздæр фæткæвæрд уыд куысты системæйы, абон фæкъуылымпы ис. Раздæр иууылдæр иумæ æнгомæй куыстам, куыд иу егъау къорд, ныр, хъыгагæн, афтæ нал у. Газеттæ, журналтыл хъуамæ иумæйагæй кусæм. Кæд алы фæндæгтыл цæуæм, уæддæр нæ нысан у иу – ирондзинад бахъахъхъæнын
– Бузныг, Хъазыбег, дæ дзуаппытæй.
Æрмæг бацæттæ кодта
Саутæты Тамилæ














