Фембæлдысты сывæллæттимæ

0
144

Росгвардийы мæздæггаг авиацион полчъы службæгæнджытæ архайдтой æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Зæрдæхæлардзинады фæндагыл». Ацы бæрæгбон  ацыд Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны. Йæ нысан уыд суинаг фæлтæры хъомыладыл ахадын, рæвдыддзинад æмæ æххуысæй сæ фарсмæ балæууын.

Росгвардийы æфсæддон службæгæнджытæ, горæты администрацийы разамонджытæ æмæ æхсæнадон организаци «Хæстон æфсымæрдзинад»-ы архайджытимæ фембæлдысты Мæздæджы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтимæ.

Бæрæгбон саразджытæ сывæллæттыл бацин кодтой, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ адджинæгтæй, бæрæгбоны арфæтæ сын ракодтой, афтæмæй.

Сывæллæттæ уазджытæн радзырдтой сæ ахуыры æнтыстдзинæдты, сæ фидæны нысанты тыххæй. Ныхас цыд зæрдæйæ зæрдæмæ, хæлар ахастæй, цинтæ æмæ сыгъдæг æнкъарæнтимæ.

«Акцийы нысан у сывæллæттæм патриотизм æмæ социалон бæрнондзинады, æнгомдзинад æмæ хæлардзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын, цард æмæ æхсæнадмæ раст ахаст дарын», – загъта майор Илья Козлов.

 

Абайты Эдуард

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here