Фидæны æвзæрстыты агъоммæ

0
161

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Владимир Якушев куыд фехъусын кодта, афтæмæй амынд парти цæттæ у фидæны æвзарæн кампанийы архайыны фæндскæнæг конкурс «Уæрæсейы раздзогтæ. Политикæ»-йы кæронбæттæнмæ рацæуджытæн баххуыс кæнынмæ.

Амынд конкурсы кæронбæттæны архайджытимæ хъуыддаджы фембæлды рæстæг Хицауы бынатахсæг адæймаг радзырдта партийы историйы, партион проектты æмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны тыххæй хабæрттæ. Ныртæккæ партийы уæнгты нымæц хæццæ кæны 2,6 милуан адæймагмæ. Партийы рæнхъытæм ног уæнгты райсыныл куыст парахатæй цæуы

– «Иугонд Уæрæсе»-йæн регионты ис æстай авд мин райдайæн хайады. Уыйбæрц хайæдтæ мах партийæ фæстæмæ иннæ партитæй иуæн дæр нæй. Адæмимæ комкоммæ уагæй кусæм, – загъта Владимир Якушев.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, регионты 50 сæргълæууæгæй фылдæр раза-мынд дæттынц партийы регионалон хайæдтæн. Ныхас цыд «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæныны хъуыддагыл дæр.

– Партийы адæмон программæйы кæцы хæйттæ баххæст кæнын бантыст, уый тыххæй хабæрттæ адæмæн радзурдзыстæм. Баххæст кæнын кæй нæ бантыст, уыдон бахæсдзыстæм ног программæмæ æмæ афтæмæй иннæ азы саразинаг æвзæрстыты архайдзыстæм. Адæмон программæмæ хаст пълантæ æххæстгонд куыд цæуынц, уымæ цæст дарæм, – загъта Хицауы бынатахсæг адæймаг.

«Иугонд Уæрæсе» партион ахуырад æмæ парламентон куыст куыд æххæст кæны, уый тыххæй дзургæйæ, Владимир Якушев бафиппайдта:

– Хи зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын кæй фæнды, конкурс «Уæрæсейы раздзогтæ. Политикæ»-йы архайынц ахæм фæлтæрдджын адæймæгтæ. Адонæн вæййы хъуыддæгтæ иттæг хорзхатæг адæймæгтимæ ныхас кæнын æмæ ног бастдзинæдтæ сфидар кæныны фадат, иннæ аз саразинаг æвзæрстыты агъоммæ «Иугонд Уæрæсе» та конкурсы руаджы йе уæнгты нымæц фæфылдæр кæндзæн.

 

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here