Ацы бонты республикæйы хъæууон хæдзарады фæллойгæнджытæн æрдзон уавæртæм гæсгæ сæ куыст гыццыл фæкъуылымпы, æнхъæлмæ кæсынц уарынты фæудмæ, цæмæй тауыны кампани кæронмæ ахæццæ кæной. Уæддæр æнцад нæ бадынц, цæттæ кæнынц мыггаг æмæ техникон фæрæзтæ.
Алагиры районы Æнæххæст барджын организаци «Хæлардзинад»-ы бирæ нал хъуыди нартхор тауыны куыст фæуынмæ, фæлæ сæ боныхъæд фæкъуылымпы кодта. Хæдзарады разамынд куыд зæгъы, афтæмæй сæ фидæны хъæздыг тыллæгæрзад баст у, фыццаджыдæр, хæрзхъæд мыггаг, минералон хъацæнтæ, æнæзæрдæхсайгæ техникæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстуарзаг адæмимæ. Рагагъоммæ æрцæттæ кодтой æппæт хъæугæ æрмæг. Уæдæ фæлтæрдджын кусджытæй дæр хæдзарад хъæздыг у. Уыдон рагагъоммæ мæр бацæттæ кодтой агротехникон амындтытæм гæсгæ, уæхскуæзæй бавнæлдтой куыстмæ, æмæ цы 527 гектары хъуамæ байтыдтаиккой, уыдонæй абоны онг байтыдтой 400 гектары фæзуаты.
Тауæн агрегаттыл бадынц механизатортæ Беккуызарты Алан æмæ Есиаты Хасан, мæркусæныл та – Дзиццойты Хадзыбатыр. Алчидæр дзы йæ размæ æвæрд хæстæм бæрнон цæстæй кæсы, сæ куысты сусæгдзинæдтæ хорз зонынц æмæ раппæлыны аккаг сты. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц уарынты фæуынмæ.
ГАПБАТЫ Алетæ














